Ныгуылæйнаг пропагандæ Гуырдзыстоны цæрджытыл тынг кæй нал æндавы æмæ хуымæтæг адæм АИШ-ы зианхæссæг политикæ сабыргай æмбарын кæй райдыдтой, уый фæдыл дзы æнæкоммерцион фыдæхтауæг организацитæ сæ куыст фæактивондæр кодтой. Уæрæсейы æмæ уæрæсейаг æмбæстæгты ныхмæ дзы аразынц алыгъуызон провокацитæ. Ахæм цаутæ æвиппайды апарахат кæнынц интернеты тыгъдады, цæмæй афтæ æнхъæлой, ома гуырдзиæгтæ иууылдæр Уæрæсейæ сæ удхæссæг уынынц.

Ахæм хъуыдытæ, кæй зæгъын æй хъæуы, иллюзитæ сты. Гуырдзыстоны цæрджытæ сæдæгай азты дæргъы æнгом баст сты Уæрæсеимæ æмæ сын цыбыр рæстæгмæ сæ хъуыды фæивын æнцон нæу. Сыхаг бæстæйы ис, æцæгæйдæр, æвзæр цæстæй чи кæсы Уæрæсемæ, ирæттæм, абхазæгтæм æмæ ма æндæр нацитæм дæр, ахæмтæ. Фæлæ иумæйагæй сисгæйæ сæ нымæц афтæ бирæ нæу. Чи дзы ис, уыдон та  фылдæр вæййынц æрыгæттæ. Уыдон  зонгæ не сты сæ бæстæйы ивгъуыд цардимæ, схъомыл сты мæнг историйыл, гæды ныхæстыл. Уыдонæн скъолайы ахуыры рæстæгæй райдайгæйæ амыдтой, ома Уæрæсе у оккупант, агрессор, Гуырдзыстоны знаг. Ныры дуджы та дæ исты базонын куы бафæнда, уæд интернеты тыгъдады бирæ информаци ис. Уымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны æрыгæттæй йæхи сæры зондæй хъуыды кæнын кæй фæнды, уыдон æнцонтæй базонгæ уыдзысты историимæ, сæ хистæрты рæдыдтытимæ, æмæ сæхицæн хатдзæгтæ сараздзысты.

Гуырдзыстоны ма ис, 90-æм азты хæццæ дуджы сæхицæн хъæздыг бынтæ чи скодта, бæрнон бынæтты чи акуыста, ныгуылæйнаг бæстæты амындæй сæ паддзахады фæллойад чи давта, æндæр бæстæты йæхицæн хæдзæрттæ чи фелхæдта, сæ кæстæртæ фæсарæнты кæмæн ахуыр кæнынц, цæрынц, ахæмтæ. Абоны бон уыдон Гуырдзыстоны цæрынц рæстæгмæ – цалынмæ сын пайда хæсса сæ райгуырæн бæстæ, уæдмæ. Ома, каркау «хъа-хъа» иу ран кæнынц, айк та æндæр ран æфтауынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы «уæйгæнджытæ» Уæрæсейы æвзæры кой кæндзысты, се ‘мбæстæгты разæнгард кæндзысты провокацитæ аразынмæ. Уымæн æмæ сын пайда у. Стæй ма сæ ныгуылæйнаг бæстæты спецслужбæтæ дæр тæрсын кæнынц æмæ сын бардзырды хуызы аразын кæнынц сæ фæндиæгтæ. Сæ коммæ куы нæ кæсой, уæд сæ исбонæн тæссаг у байсынæй, сæ бухъ цард сын сæ фарсæй фæкæндзысты.

1990 азтæй фæстæмæ хæсты азарæй чи басыгъд, уыцы гуырдзиæгтæ дæр Уæрæсейы се знагыл нымайынц. Цы лигъдæттæ сæм ис Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй, уыдон дæр сæхи æмæ Гуырдзыстоны разамонджыты аххосæй сæ мулк фесæфтой æмæ рахау-бахауаг фесты. Хæстон ар-хайдтыты рæстæджы дзы чи фæмард, уыдоны хиуæттæ дæр хæрамдзаст уыдзысты Уæрæсемæ.

 

Ӕниу алцыдæр сæхи аххос уыд

Цæмæн сæ фæндыд се ‘хсæнæй ирæтты, абхазæгты, уырыссæгты æмæ æндæр нациты минæвæртты фæсурын? Цæрæнбонты адджын сыхæгты цард кæимæ фæкодтой, уыдоныл гадзрахатæй рацыдысты, сæ мæлæтмæ бæллыдысты, цин кодтой Гамсахурдияйы хуызæн фашистыл æмæ ныр цыдæртæ домынц иннæтæй. Чысыл уыдтæн, фæлæ йæ хорз хъуыды кæнын, Знауыры районы Ахалшены хъæуы гуырдзиаг цæрджытæ 90-æм азты сусæгæй куыд сыстадысты ирæтты ‘хсæнæй æмæ куыд алыгъдысты Гуырдзыстоны территоримæ. Цы хæстхъом нæлгоймæгтæ уыд се ‘хсæн, уыдон баиу сты Гамсахурдияйы æнæформалтимæ æмæ æрбаздæхтысты æд хотыхтæ. Кæимæ схъомыл сты, уыдоны марынмæ. Уыйбæрц маргæйдзаг разындысты, афтæ фидарæй сæ уырныдта сæ уæлахиз, æмæ ма, æгæрыстæмæй, сæ кæрæдзийыл адихтæ кодтой ирон хъæздыг хæдзæрттæ дæр. Фæлæ сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты æмæ ма сæхи исфæллойæ дæр афтидæй аззадысты.

Июлы мæйы кæрон круизон нау «Astoria Grande» уæрæсейаг туристтимæ баздæхт горæт Батуммæ. Сæ размæ бацыдысты гуырдзиæгтæ иу къордæй æмæ сарæзтой протестон акци. Бæлццæтты науæй рахизын нæ бауагътой, æппæрстой сыл алыгъуызон предметтæ, хыл кодтой, æнаккаг лексикæйæ пайда кæнгæйæ, сæ къухты бахастой украинаг тырысатæ. Пъæлицæйæгтæ æрцахстой 20 фæткхалæгæй фылдæр æмæ сыл административон суагъæтæ бакодтой. Диссаг уый у æмæ Батумы уынгты абоны бон гуырдзиаг æвзагыл дзурджытыл стæм хатт амбæлдзынæ – туркæгтæ дзы бæрæг фæфылдæр сты. Цыдæриддæр сæм базарадон æмæ ахадгæ объекттæ ис, уыдоны хицæуттæ дæр туркæгтæ сты. Уымæ гæсгæ туркæгтæй провокатор ничи уыдаид. Бынæттон гуырдзиæгтæн дæр туристты тæрсын кæнын ницы пайда хæссы – сæ æфтиæгтæ фæкъаддæр уыдзысты. Бацыдысты сæм æндæр рæттæй æмæ сын æнæмæнг чидæр æхца дæр бафыстаид.

Ацы цауимæ ма зæрдыл æрлæууы, 2019 азы УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Сергей Гаврилов Гуырдзыстонмæ куы æрцыд Чырыстон дины æхсæнпарламентон ассамблеяйы рабадтмæ æмæ дзы гуырдзиаг националисттæ «цирк» куыд сарæзтой, уый. Рабадты домæнтæм гæсгæ Парламенты спикеры къæлæтджыны сбадын кодтой Гавриловы æмæ националисттæн æфсон фæцис цъиувæдис саразынæн. Сæхимæ æгас дуне æркæсын кодтой æмæ худинаджы бын фесты.

Абоны бон украинаг гарзджын тыхты сконды бирæ ис гуырдзиаг хæстонтæ. Махмæ цы тугдзых лæгмартæ лæбурдтой, уыдон ныр та Украинæмæ ацыдысты фыдмитæ кæнынмæ. Уымæй сæ ахаст æвдисынц Уæрæсемæ, афтæмæй та се ‘мбæстæгты хъысмæтыл бынтондæр нæ хъуыды кæнынц. Комкоммæ зæгъгæйæ, «бандерæгтæй» ницæмæй хицæн кæнынц – фашист кæмфæнды дæр фашист у.

Хуымæтæг гуырдзиаг цæрджыты НАТО, Евроцæдис, АИШ æмæ «бандера» никуы бахъуыдысты. Уыдоны фæнды сабыр цардæй цæрын, кусын, сæ товар уæй кæнын. Æмæ сын ныр та уыцы уавæртæ нал ис. Советон Цæдисы Гуырдзыстоны адæм хорз цардысты, ницы цух æййæфтой. Сæ быдырты æмæ дыргъдæтты-иу цы æрзайын кодтой, уый-иу Уæрæсейы ауæй кодтой. Дзæвгар ма ластой уæймæ сæн дæр. Ныр сын Уæрæсемæ фæндæгтæ æрæхгæдтой æмæ æндæр рæтты сæ продукт никæй хъæуы. Уæрæсейаг туристтæ ма сæм цæуынц улæфынмæ æмæ уыдоны дæр фæсурынмæ хъавынц. Хуымæтæг адæм нæ, фæлæ йæ райгуырæн бæстæ къапеччытыл чи баивта, уыцы гуырдзиæгтæ.

Хъæугæ та сын афтæ кæны – «цæмæн равзарынц ахæм къухдариуæггæнджыты?». 2018 азы Саломе Зурабишвили президентон æвзæрстытæм куы цыд, уæд æй алчидæр зыдта, кæй у Францы æмбæстаг, кæй йæ фæнды Уæрæсеимæ æппæт ахастытæ фехалын. Фæлæ йæ уæддæр равзæрстой. Æниу «æвзæрстытыл» дæр æууæнк нал ис, уæлдайдæр та, кæд АИШ-ы стандарттæм гæсгæ фæцæуынц, уæд. Ис объективон информаци, ома АИШ-ы цæрджытæ ныр 50 азы дæргъы сæхицæн президент нал равзæрстой – хъæздыджытæ сæвæрынц президент æмæ æвзæрстытæ та вæййынц фæлывд митæ. Хуымæтæг адæм кæмæнфæнды куы радтой сæ хъæлæстæ, уæддæр уæлахиздзау рагацау бæрæг вæййы.

Экономистты бахыгъдмæ гæсгæ иу азы дæргъы Гуырдзыстонмæ уæрæсейаг туристтæ куы нал æрцæуой, уæд сæ бюджет фесафдзæнис 1 миллиард долларæй фылдæр. Æмæ æгасæй та сæ бюджет 30 миллиард доллары йедтæмæ нæу. Уæрæсе сын туризмы æддейæ ноджы сæ фæндæгтæ куы æрæхгæна экономикæйы æндæр къабæзты, уæд сæ уавæр бынтон мæгуырау уыдзæнис æмæ Гуырдзыстоны къухдариуæгад уыцы хъуыддаг æмбары. Иннæмæй та Гуырдзыстон йæ ных НАТО æмæ Евроцæдисмæ сарæзта, европæйаг цардмæ бæллы æмæ йæ равзаргæ фæндагæй фæиппæрд кæнын нæ фæнды. Æгæрыстæмæй ма сæ Конституцимæ дæр бахастой фыстæй «евроатлантикон курс». Фæлæ Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ кæй нæ райстой, уыимæ сæ «куратортæ» разы не сты æмæ сæ дæлбар оппозицийæн змæстытæ аразын кæнынц. Æмæ ма ноджы авиабастдзинад кæй сног кодтой Уæрæсеимæ, уый кураторты зæрдæмæ нæ цæуы. Ныгуылæны къухдариуæггæнджытæ йæ хорз æмбарынц, ныридæгæн цырд куы нæ фæлæууой Гуырдзыстонмæ, уæд нæ сыхæгтæ уайтагъд æрзилдзысты Уæрæсейы ‘рдæм. Ӕмæ уæд дæсгай азты цы æхцайы фæрæзтæ фæхардз кодтой сæ «демократийыл», сæ пропагандæйыл, уыдон æнæхъуаджы фæуыдзысты.

Гуырдзыстоны нырма дзæвгар ис,  тагъд рæстæджы сæ Евроцæдисы скондмæ айсыныл чи æууæнды,  ахæм адæм. Ныгуылæн бæстæты къухдариуæггæнджытæ ахæм ныфсытæ бирæ хæттыты лæвæрдтой бирæ кæмæндæрты, фæлæ сæ æххæст никуы кодтой.

Йæ рæстæджы Уæрæсейы премьер-министр ацы хъуыддаджы тыххæй афтæ загъта – «Украинæйы æнæмæнг айсдзысты Евроцæдисы скондмæ, æрмæст Турчы фæстæ. Æмæ Турк та никуы уыдзæнис Евроцæдисы сконды».

Джиоты Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.