14-æм ноябры горæт Ростовы Уæрæсейы Федерацийы  Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр фембæлд Ростовы областы губернатор Василий Голубевимæ. Дыууæ фарсы бафидар кодтой, се ‘хсæн цы экономикон бастдзинæдтæ ис, уыдон райрæзын кæныны фæндондзинад, системондæр сæ саразын.

Гасситы Знауыр куыд загъта, афтæмæй инвестортæн Хуссар Ирыстоны арæзт цæуы сæрмагонд уавæртæ. Уыцы нымæцы – æнæпроцентон хъалонты ставкæ, коммуникацитæ бауадзынæн хицауиуæгады æххуыс, æмæ ноджы къорд æндæр преференцитæ. Æнæ-низгæнæг туризмы, хъæууонхæдзарадон æмæ сæудæджерадон  кондадты рæзт, инвестортæ æрбакæнынæн уый проектты  æххæст номхыгъд нæу.

Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар раразмæ кодта æмкуысткæнынады къорд здæхты. Уыцы нымæцы уникалон минералон дæттæ æмæ æрдзон тобæгонд (заповедники) бынæттæ. Уыдон фадат дæттынц Хуссар Ирыстоны территорийыл нырыккон æнæнизгæнæн уагдæттæ аразынæн. Фадат ис кæсаггуысты хæдзарад саразынæн дæр.  Æхсыры продукци рауадзыны фæдыл арæзт æрцыд æхсыр-товарон фермæйы проект дæр. Республикæйы Хицауады фæнды раздæры куыстуæтты фæзуæттыл ног куыстуæттæ саразын.

Ростовы областы губернатор Гасситы Знауырæн ныфс бавæрдта, зæгъгæ, областы къухдариуæгад цæттæ у Ростовы бизнесменты Хуссар Ирыстонимæ æмкуысткæнынадмæ фæхонынæн сын баххуыс кæнынмæ.

Губернатор хуссарирыстойнаг фарсæн загъта, цæмæй бацæттæ кæной дырыс фæндæтты пакет, ростоваг амалиуæггæнджыты æмгуысткæнынадмæ æрхоныны тыххæй. Василий Голубевы бахæсмæ гæсгæ,  областы экономикæйы министрад бацæттæ кæндзæн Хуссар Ирыстонмæ ростоваг амалиуæггæнджыты бизнес-мисси. Регионы къухдариуæг-гæнæг куыд нымайы, афтæмæй хъуыддагон контакттæ рауæрæх кæныны хайад хъуамæ райсой областы Базарадон-сæудæджерадон палатæ æмæ областон корпораци «Развитие».

«Мæн фидарæй уырны, фадæттæ кæй ссардзыстæм æмæ æмкуысткæнынад рауæ-рæх кæнынæн конкретон къахдзæфтæ кæй сараздзыстæм, уый», – бахахх кодта Василий Голубев.

Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон информацион портал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.