Куыстуарзондзинад фыдæлтæй фæстæмæ рахастой Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы Цхуырбаты хæдзарвæндаг. Уыцы раппæлинаг æмæ хорз миниуджытæй хайджын фæци æмæ йæ фыдæлты хорз фарн йæ зæрдæмæ арф айста мыггаджы астæуккаг кары минæвæрттæй сæ иу – Цхуырбаты Иван дæр. Уый йæ чысылæй фæстæмæ каст йæ ныййарджытæм, ахуыр æмæ сын цайдагъ  кодта сæ куыстуарзондзинадыл, уыд коммæгæс æмæ сын æххуыс кодта хæдзарон змæлдтыты. Ахæм хуызы йæ хъомыл кодтой йæ ныййарджытæ æмæ ноджы тынгдæр цайдагъ кодта куыстыл, стæй, рæстæджы цыдимæ, йæхæдæг дæр йæхимæ æнкъардта фылдæр бæрндзинад æмæ ахуыры азты фæстæ йæ зæрдæмæ арфдæр айста куыстуарзондзинад, æмæ дзы нæ фæиппæрд абоны бонмæ дæр.

Сæрмагондæй мæ зæгъын фæнды йæ фермерон хæдзарады тыххæй. Къорд азты размæ сфæнд кодта зæхх æмæ стурвосдарды куыст кæнын æмæ йын уый æнтысгæ дæр бакодта. Райдианы йе ‘мбал кусæгимæ æмбæлдысты иуæй-иу къуыхцытыл, фæлæ цыбыр рæстæджы фæстæ бамбæрстой, цы зындзинæндтæ сæ хъыгдардтой, уыдонæн цы хуызы ис аиуварсгæнæн. Афтæмæй хæдзарад æрлæууыд раззагдæрты рæнхъы æмæ сын уый хаста æхсызгондзинад. Ныртæккæ Цхинвалы районы фосдарды хæдзарадты ‘хсæн куысты æппæт бæрæггæнæнтæй раззагдæрты рæнхъы чи ис, уыдон нымæцмæ бахæссын хъæуы «Тъбет»-ы хæдзарады дæр. Уый канд фосдарды куыст нæ кæны, фæлæ ма зæххы куыстыл дæр архайы зæрдиагæй æмæ йын уым дæр ис æнтыстытæ. Æрвылаз  дæр йæ зæххы фадыджы байтауы хъæбæрхор æмæ цъойы культурæ, æмæ афтæ у ацы аз дæр, æрмæст зæгъын хъæуы, ацы уалдзæг цъой холлагæй бацахста фылдæр – æдæппæт 28 гектары. Уый сбæззыд кæрдынæн æмæ йе ‘фснайынмæ бавнæлдтой дыууæ къуырийы размæ. Хæдзарад нæ фæтыхст ацы куыстыл, уымæн æмæ сын сæ къух рог кæны, цы сæрмагонд техникæ самал кодтой, уый. Холлаг æфснайыны куыстмæ æрбахуыдтой бынæттон æвзонг лæппуты: Джиоты Марат, Икъоты Тамерлан, Зæгъойты Сæрмæт æмæ Цхуырбаты Георгийы æмæ цæрдæг у сæ февнæлд. Холлæгтæ æфснайыны куысты хайад исынц хæдзарады разамонджытæ Цхуырбаты Иван æмæ Бибылты Мэлс сæхæдæг дæр. Цхуырбайы-фырт куыд загъта, афтæмæй уал абоны онг холладжы тыхтæттæ бафснайдтой 2500 иуæджы, æдæппæт та сæм уыдзæн 4000 иуæджы. Цыбыр рæстæг ма, æмæ ацы куыст ахæццæ уыдзæн кæронмæ.

Хæдзарад стуртæ  дары 60, уыцы нымæцы сæм хъуццытæ ис 38. Дуцыны хъуыддаджы сын хорз æххуыс у, цалдæр азы размæ цы аппарат балхæдтой, уый. Райсгæ продукци асламдæр аргъыл реализаци кæнынц нæ горæты фæлхасгæнджытæн.

Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.