Цхинвалы хуссар фарсы рæсугъддæр æмæ адæмæн уарзондæр бынæттæй иу у «Тулдзы къох». Ам æрвылбон дæр сæумæрайсомæй изæрыгæттæм фенæн вæййы дзæвгар адæм. Уыдонæй алчи дæр фæцин кæны ацы бынаты æрдзон рæсугъддзинадыл, се ‘нæниздзинад та хуыздæр кæны сыгъдæг уæлдæфмæ.

Арæхдæр дзы кæй фенын, уыдонæй иу у нæ горæты цæрæг Плиты Важа. Æрдзмæ, «Тулдзы къох»-мæ йын цæмæн ахæм иузæрдион ахаст ис, уый тыххæй мын афтæ зæгъы:

– Ардæм цæуын фынддæс азæй фылдæр. Цæуын та райдыдтон уымæн, æмæ иу рæстæджы ме ‘нæниздзинад фæцудыдта. Дохтыртæм дæр иудадзыг цæуын мæ цæсгом нал хъæцыд, кæд-иу мæ алы хатт дæр хорз райстой, уæддæр. Хостæ рафыссынæй дарддæр-иу мын алы хатт дæр амыдтой, зæгъгæ, ныууадз тамако дымын æмæ цæуын райдай «Тулдзы къох»-мæ, сыгъдæг уæлдæфмæ. Сæххæст сын кодтон сæ домæнтæ. Уæдæй абонмæ иунæг хатт дæр мæхи æвзæр никуыуал фæхатыдтæн. Фæстæмæ мæм раздæхт мæ куыстхъомдзинад, нал мæ бахъæуы дохтыртæм цæуын дæр.

Ныртæккæ Важа ардæм æрмæст тезгъо кæнынмæ, сыгъдæг уæлдæф улæфынмæ нæ фæцæуы, фæлæ ма йæ хъус фæдары, уырдæм чи ссæуы, уыдонæй йæхи æмбæлон уагыл чи нæ фæдары, уыдонмæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ æмæ лектортæ ацы бынат куы ныссыгъдæг кодтой, уæдæй фæстæмæ «Тулдзы къох»-ы сыгъдæгдзинадмæ йæ хъус ноджы хуыздæр дарын райдыдта. Иунæг фæткхалæгæн дæр æнæбауайдзæфгæнгæ нæ фæвæййы. Алкæмæн дæр бамбарын кæны йæ рæдыд æмæ сын ахæссын кæны, сæ фæстæ цы брон ныууадзынц, уыдон.

«Тулдзы къох»-ы сыгъдæг уæлдæф адæймагæн цасбæрцæй пайда у, уый тыххæй та Хуссар Ирыстоны амбулаторон-поликлиникон центры къухдариуæггæнæг Санахъоты Тамарæ афтæ зæгъы:

«Тулдзы къох»-ы уæлдæф адæймагæн æвдадзы хосæй хъауджыдæр нæу. Ам цы бæлæстæ ис – махъо æмæ тулдз, уыдоны уæлдæф стыр æххуыс у, сæйраджыдæр, улæфæнтæ, зæрдæ æмæ тугдадзинтæй, стæй бирæ æндæр низтæй рынчын адæймæгтæн. Ацæугæ аз мæхицæн дæр ме ‘нæниздзинад афтæ фæцудыдта, æмæ мæ бон къахыл лæууын дæр нал уыд. Цасдæр рæстæг мæ мæ цардæмбал кодта «Тулдзы къох»-мæ æмæ цалдæр боны фæстæ фæхатыдтæн, ме ‘нæниздзинад кæй хуыздæр кæны, уый. Æрдзы хорз æмæ пайдайы миниуджытæ æгæрон сты, уый тыххæй мах не ‘ппæт дæр хæсджын стæм, цæмæй йæм дарæм нæ хъус, аразæм æппæтдæр, цæмæй йæ уынæм рæсугъд æмæ сыгъдæгæй.

Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ ардæм æрвылбон цы бирæ адæм æрбацæуы, уыдон се ‘ппæт нæ зонынц, «Тулдзы къох» кæд æмæ кæй фæрцы сырæзт, уый. Рæзгæ та скодта афтæ: 1943 азы Советон Цæдисы разамынад райста уынаффæ, цæмæй алы республи-кæйы дæр, гæнæн æмæ фадат кæм ис, уым арæзт æрцæуа хъæды къохтæ. Ацы уынаффæ сæххæст кæныны охыл Хуссар Ирыстоны разамынад аскъуыддзаг кодта, цæмæй цалдæр гектары «Тулдзы къох» æмæ «Згъудер»-ы рагъыл сагъд æрцæуа талатæ. Уæззау уыдис уæд рæстæг. Йæ карзыл уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Нæ фаг кодта кусæгдых, фæлæ бынаты чи уыд, уыдон сæ разыллæуæг хæс сæххæст кодтой афоныл. Цæмæй, цы талатæ ныссагътой, уыдон схæцыдаиккой, уый тыххæй «Тулдзы къох»-мæ адæм дон ластой уæрдæттыл цæугæдон «Леуахи»-йæ. Згъудеры рагъыл кæй ныссагътой, уыдонмæ та дон хастой ведраты.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Къам – “ИА Рес”-æй

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.