26 июлы уыд Парламенты фыццаг сессийы цыппæрæм рабадт. Сессийы куысты хайад райста Президент Гаглойты Алан, Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, Хицауады æмæ министрты кабинеты уæнгтæ, Президенты Администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан.

Райдианы Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Томайты Спартак раразмæ кодта фарст Национ банчы сæрдар сфидар кæныны тыххæй. Депутаттæ хъæлæсæппæрсты руаджы Национ банчы сæрдарæй сфидар кодтой Бекъойты Сосланы, раздæры сæрдар Джиоты Жаннæйы йæ бынатæй ссæрибар кæнгæйæ, уыцы бынаты уæвыны æмгъуыд ын кæй фæцис, уый тыххæй.

Парламенты Сæрдар Мæргъиты Алан бузныджы ныхæстæ загъта Джи­оты Жаннæйæн, Национ банчы йæ æнтыстджын куысты тыххæй.

Йæ рады Бекъойы фырт дæр бузныг загъта депутаттæн, ахæм бæрзонд æууæнчы тыххæй æмæ ныфс бавæрдта йæ тыхтыл кæй нæ баца­у­æр­ддзæн йæ дæлбар куыстуаты раз­мæцыды тыххæй.

Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин хыгъд сарæзта 2023 азы Хицауады бакæнгæ куысты тыххæй. Банысан кодта Хицауады уæнгты архайды сæйраг здæхæнтæ, уыцы нымæцы бюджет куыд æххæст æрцыд, Инвестицион программæйы реализаци, афтæ ма хицæн категорийы кусджыты куыстмыздтæ кæй фæфылдæр сты æмæ аст процентæй фылдæр пенситы индексаци. Банысан ма кодта республикæйы районты сæйраг проблемæтæ дæр.

Загъта, зæгъгæ, паддзахады хæстæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы активон ролы хъазынц финанстæ. Уыдон сты экономикæйы æппæт фадгуытæм фæрæзтæ мобилизаци кæныны инструмент, куыд мидæггагон, афтæ æддагон политикæ уадзыны тыххæй.

«2023 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты æфтиæгты хай сæххæст уæлдайджынтæй – 9 108 338,65 мин сомæй, кæнæ та 100,1 процентæй, Паддзахадон бюджет æххæст кæныны фæстиуджытæм гæсгæ, хыгъдон рæстæджы сæвзæрд дефицит 126086,96 мин сомы. Паддзахадон бюджеты хъалонты æмæ æнæхъалон æфтиæгтæ, афтæ ма 2023 азы æнæпаддзахадон организацитæй лæвар цы фæрæзтæ æрбацыд, уыдон та сты 1 717 844,90 мин сомы æмæ сты Паддзахадон бюджетæн йæ 18,8 проценты. 2023 азы Ин­вестицион программæтæ дæр æххæст æрцыдысты 1 041 914,56 мин сомæй, сфидаргонд планы 1 216 938,48 мин сомы бæсты», – загъта Джуссойты Константин æмæ банысан кодта æнæниздзинад хъахъхъæныны сæйраг фарстатæ дæр.

«Æнæниздзинад хъахъхъæныны сæйраг нысан у æнцонвадат æмæ гъæдджын медицинон æххуыс, цæрджыты æнæниздзинад фæхуыздæр кæнын.

Хыгъдон рæстæджы æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы приоритетон здæхæнтæ уыдысты: 2023 азы цæрджытæн æнæаргъ медицинон æххуысы Паддзахадон гарантиты программæ куыд æххæст цыд, уыцы æвдисæндартыл контроль кæнын, куыстадон ахастытæ хуыздæр кæнын, куыстмызд фидыны системæ, штатон нымæцы оптимизаци æмæ стационарон медицинон организациты меди­цинон препаратты ифтонгады фадыджы службæ фæхуыздæр кæнын.

Хыгъдон рæстæджы медикаментты бал­хæнынæн фæрæзты лимит уыд 1 9459 3106,05 сомы. Уыдонæй       бахардз 194 561 853,77 сомы. Медицинон организациты хосгæнæн препаратты æмæ хардзгæнæн æрмæджыты ифтонгад хыгъдон рæстæджы астæуккаг нымадæй уыд 72 проценты æмæ 65,25 проценты», – бахахх кодта Хицауады Сæрдар.

Загъта, зæгъгæ, Хицауады бакæнгæ куыстыты фылдæр хай у депутаттимæ, æхсæнадимæ æмæ паддзахадон службæтимæ æмгуыст кæныны фæстиуæг, уымæн æмæ цардархайды æппæт фадгуытæ рæзын кæныны фæдыл уыдонимæ Хицауад куыста системонæй.

«Абон нæ разы ног хæстæ ис социалон-экономикон рæзты тыххæй. Уыдон сты нæ иумиаг хæстæ нæ республикæйы размæцыды æмæ йын йæ паддзахаддзинад дарддæр фидар кæныны тыххæй. Цы æвæрццаг тенденцитæ банысан кодтам, уыдон та сфидар æмæ райрæзын кæныны хъуаг сты. Уырны мæ, хицауиуæгады алы къабæзты дæр адарддæр кæндзыстæм консолидацион куыст, кæрæдзийæн аргъгæнгæйæ. Уыцы куыст здæхт уыдзæн цæрджыты фæрныгад фæбæрзонддæр кæнынмæ. Уый у нæ иумæйаг – нæ сæйраг хæс. Махæй алчи дæр цы бынаты кусы, уым æппæт тыхтæй дæр хъуамæ архайа, цæмæй уыцы хъуыддаг нæ къухы бафта. Хицауад активонæй кæй куыста, уый тыххæй алыгъуызон фадгуыты уагъта эффективондæр политикæ», – йæ доклады кæрон банысан кодта премьер-министр.

Доклады кæрон парламентариты фарстатæн дзуаппытæ радтой Пре­зидент Гаглойты Алан, премьр-министр Джуссойты Константин æмæ хицæн депутаттæ.

Фарстатæй иууыл риссагдæр уыд «Дæллаг Зæрæмæг»-ы уадзæн пункты уавæр. Æрвылбон дæр дыууæ фарсæрдыгæй бирæ машинæтæ кæй æрæмбырд вæййы æмæ цалдæргай сахаттæ уым кæй фæлæууынц, уый тыххæй. Фарст радта Парламенты Сæрдары хæдивæг Харебаты Сергей.

Гаглойты Алан загъта, зæгъгæ, уыцы здæхты Хицауад активонæй кусы, фæлæ арæныл машинæтæ бирæ рæстæг рады кæй фæлæууынц, уый аххосаг иуæй у, таможнæйыл цас машинæтæ хъуамæ уадзой, уыдон нымæц æртæ хатты фылдæр кæй у, иннæмæй та – уæрæсейаг таможнæйы кусджыты хъуагдзинад.

«Кусынц таможнæйон пункты реконструкцийыл, фæлæ реконструкцийы фæстæ дæр уавæр нæ фæивдзæн, штатон иуæгтæ куынæ фæфылдæр кæной, уæд», – бамбарын кодта Президент æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уый тыххæй Хицауад цæттæ кæны хъæуæг информаци æмæ æппæт фарстатæ дæр рахæсдзæн уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг Æхсæнхицауадон къамисы рабадтмæ.

Проблемон фарстатыл уынаффæйы фæстæ депутаттæ æмхъæлæсæй райстой Хицауады хыгъд.

Гаглойты Алан бузныг загъта депутаттæн, Хицауады архайд æвæрццагыл кæй банымадтой æмæ республикæйы раз цы проблемæтæ ис, уыдон раст кæй банысан кодтой, уый тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, депутаттимæ æргом куыстмæ æххæстгæнæг хицауиуæгад кæддæриддæр цæттæ у.

Йæ рады Парламенты Сæрдар Мæргъиты Алан дæр фæндвидарæй загъта, зæгъгæ, депутаттæ дæр цæттæ сты хицауиуæгадимæ конструктивон æмæ æнтыстджын куыстмæ.

Парламентаритæ сфидар кодтой цалдæр закъоны проекты æмæ ацыдысты сæрдыгон улæфты. Фæлæ куыд банысан кодтой, афтæмæй улæфты рæстæджы æмбæлдзысты æвзарджытимæ.

Осиаты Индира

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.