Студенты дунеон бон у æвзонгдзинады бон, размæ чи тырны, фидæны рæсугъд нысантæ чи æвæры, уыдоны бон. Нæ университетæн бирæ ис, нæ сæр бæрзæндты кæмæй хæссæм, абоны студенттæн та рæсугъд дæнцæгæн чи бæззы, ахæм ра-уагъдонтæ.

Зонындзинæдтæ сты царды бындур, уыдонмæ хъæуы тырнын æмæ сæ хъæуы амонын, дæ цуры чи ис, уыдонæн.

ХИПУ йæ уæвынады азты сси квалификациджын кадртæ цæттæгæнæн куырдадз. Абоны бон уæлдæр ахуыргæнæндоны ахуыр кæнынц æртæ минæй фылдæр студенты, профессортæ æмæ ахуыргæнджыты нымæц у 250 адæймаджы бæрц. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты 23 кафедрæйы æнтыстджын зонадон-педагогон куыст кæнынц фæндзайæ фылдæр зонæдты доктортæ æмæ кандидаттæ.

Нæ Университет у кадджын традицитæ хæссæг. Ацы уæлдæр ахуыргæнæндонæй рацыдысты академик Джусойты Нафи, зындгонд ахуыргæндтæ, профессортæ Гæбæраты Сослан, Гаглойты Зинæ, Тъехты Баграт æмæ бирæ æндæр ахуыргæндтæ. Ам ахуыр кодтой политикон, паддзахадон æмæ æхсæнадон архайджытæ.

Студентон азты бындур æвæрд æрцæуы фидæны профессионалон æмæ хисæрмагонд æнтыстытæн. Уый у æнтыстыты æмæ царды бынат агурыны диссаджы рæстæг. Номхуындæй, студентон азты адæймаг райдайы йæхæдæг уынаффæтæ хæссын æмæ бæрндзинад исын. Студенттæ, сымахыл – амбициозонтæ, зондджынтæ, æвзонг адæй-мæгтыл, баст у нæ республикæйы фидæн.

Фæнды нæ, цæмæй нæ Университеты фæсивæд нырæй фæстæмæ, сæ царды æппæт бонты куы тырниккой иу хæрзиуæгмæ: Къостайы фæндон аив хуызы сæххæст кæнынмæ,  сæ арфæйы дзырдæй, сæ зонды хъаруйæ, сæ зæрдæйы уарзондзинадæй куы скæниккой ирон адæмæй иу æмвæнд, æмзæрдæ коллектив, æппæтæй дæр рæсугъд, курдиатджын чи уаид; дунейы дзыллæты йæ уарзон æфсымæртыл чи нымаид, Зæххы къори, раст йæ зæронд мадау, йæ хъæбысы чи хæссид цины бæрæгбонты.

Ныфс нæ ис не студенттæй, фидæны хорз специалисттæ кæй суыдзысты, уый ныртæккæ дæр бæрæг у. Бузныг нæ зæгъын фæнды, фæсивæды зонадон бæрзæндтæм чи хоны, иртасæн куыстмæ сæ разæнгард чи кæны, уыцы ахуыргæнджытæн. Æнтыстджын уæд сæ рухстауæн куысты.

Университеты ис ахуыр  æмæ хъомыл кæныны  уавæртæ  ног фæлтæрæн, абон раст чи хъуыды кæны, чи зоны, цавæр дæсныйад равзара, ахæмтæн. Ацы ран рæзынц канд профессионалон компетенцитæ нæ, фæлæ ма æцæг адæймаджы миниуджытæ дæр: граждайнаг хъомылдзинад, патриотизм, бæрнондзинады æнкъарæн, разамонæджы миниуджытæ æмæ иумæйаг культурæ.

Не ‘взонг паддзахад æнхъæлмæ кæсы фидæны профессионалон кадртæм, æмæ йæ фыдæнхъæл цы нæ фæкæнæм, уыцы амонд уæд не ‘ппæты дæр!

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.