«РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ÆМÆ УÆРÆСЕЙЫ ФЕДЕРАЦИЙЫ ДАРДДÆРЫ ИНТЕГРАЦИЙЫ ТЫХХÆЙ»

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 51-æм статья, 2018 азы 27 декабры райстæрцæуæг «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты референдумы хайад райсыны æмæ æвза-рыны барты сæйраг гаран-титы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 12 статьяйы 2-аг хай, 2022 азы 13 майы «Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум снысан кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамындмæ гæсгæ референдуммæ цы фарст хаст æрцыд, уый барадон фæстиуджыты æбæрæгдзинад, референдумы иуварсон уынаффæ æнæруадзын нымайгæйæ, кæцы хауы Уæрæсейы Федерацийы закъонон бартæ æмæ интерестæм, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты инициативæ хынцгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы дарддæры интеграцийы тыххæй, 2015 азы 18 марты Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй сразыдзинады 1-аг статьямæ гæсгæ уынаффæ кæнын:

1.Æнæаргъæвгæйæ уæрæсейаг фарсимæ консультацитæ ауадзын Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы дарддæры интеграциимæ баст фарстыты фæдыл.

  1. Фидар æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы сконд Уæрæсейы Федерациимæ консультацитæ ауадзынæн, ацы Барамыныды 1-аг пунктмæ гæсгæ:

Гаглойты Алан Эдуарды фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент (делегацийы къухдариуæггæнæг);

Тадтаты Алан Сергейы фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар;

Коцты Олеся Æхсары чызг – Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондоны Сæрдар;

Гæджиты Эмилия Радикы чызг – Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы Сæрдар;

Медойты Дмитри Никъалайы фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг;

Коцты Константин Карлены фырт – Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг.

  1. Консультацитæн кæрон æрæвæрыны онг урæд æрцæуæд 2022 азы 13 майы «Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум снысан кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамынды архайд.
  2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

г.Цхинвал,

2022 аз 30 май

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.