Цыппурсы мæй. Зымæджы иууыл карздæр афон. Йæ судзгæ уазал кæм нæ ахизы, цы нæ сæлхъивы, скъæс-къæс кæнын кæны! Æниу ма ныр кæд æрбалæууы ахæм зымæг, фæлæ уæддæр хаттæй-хатт йæхи равдисын бафæразы æмæ зæгъдзынæ, ай мæнæ æцæг зымæг æрбалæу-уыд, зæгъгæ.

Раст ахæм зымæгон бон æппæт йæ судзгæ уазалы, миттымыгъы хъомысæй æнцой нæ дæтты чысыл хæххон хъæуæн. Бæрцæй ма дзы цы цыппар цæрæг хæдзары ис, уыдоны миттымыгъ æнæрынцойæ цæвæнтæ кæны. Уазалы чи скъуркъа сты, уыцы лыстæг митфæлдзуæнтæ бырсынц тыргътæм, уæлхæдзæртты мæнг бынæттæм, кæм фæхæцой, ахæм рæттæм æмæ сæ амайы кæрæдзийыл.

Хъæуы цыппар цæрæг хæдзарæй уадтымыгъты ныхмæ фæлæууын уæлдай зындæр сæ иуæн у. Астæуæй ис — иуварсæрдыгæй дæр хæдзар æмæ иннæварсæрдыгæй дæр. Бæлвырддæрæй куы зæгъæм, уæд æм дыууæ хæдзары дæр дæрддзæф сты. Цыппæрæм хæдзар та ардæм зынгæ дæр нæ кæны рагъæй.

Цы хæдзар рахицæн кодтам иннæтæй, уый зæронддæр у. Бирæ зымæгон уадтымыгътæ, судзгæ уазæлттæ бавзæрста йæхиуыл, фæлæ сæ къæсæрæй мидæмæ нæ уагъта, цæмæй дзы арт æнцад æнцойæ сыгъдаид æмæ дзы чи змæлыдысты, уыдон сæ хызт уыдаиккой. Ныр фæзæронд. Фыдтымыгътæм бакъæс-къæс кæны, фæлæ йыл йæ хицау йæ зæрдæ нырма дары. Хъæдын хæдзар у æмæ æнцонтæй нæ фæцуддзæн. Æрмæст ын рæстæгыл йæ сæрæй мит ра-калын фæхъæуы. Æмæ уый хъом та нырма йæ хицау у.

Зынаргъ у хæдзар йæ хицауæн. Йæхи къухтæй йæ сарæзта. Ам бацис зæнæджы хицау æмæ уыимæ ссис хæдзары хицау дæр. Æмæ дзы абон дæр цæры. Зымæгон бонты йæ хæдзарæй дард нæ цæуы. Цы иу хъуг æмæ æртæ фысы ма йæм ис, уыдонмæ базилы, акæны ма æндæр лыстæг куыстытæ дæр. Уæдмæ фæкæс æмæ æрталынг вæййы — зымæгон бонæн бирæ цæрæнбон нæй.

Ныр дæр æрталынг æмæ чи фæзæронд, уыцы лæг бахызт йæ хæдзармæ. Йæ сæрæй систа йæ хъусджын худ æмæ йын йæ миттæ æрцагъта пецы размæ, раласта йæ телогрейкæ, уымæн дæр йæ миттæ æрцагъта æмæ сæ арынгæй сынтæджы ’хсæн бандоныл æрæвæрдта. Пецы чи æрнымæг сты, уыцы æхсидæвты æртысгæнæй басхъаудта, стæй ма дзы ноджыдæр цалдæр суджы баппæрста. Пецæн йæ фаст фарсæй зынд, арт ногæй кæй сцырен. Зæронд у пец дæр, фæлæ нырма лæггад кæны йæ хицауæн.

Зæронд лæг цыма дарддæр цы сараза, ууыл хъуыды кодта, уыйау исдуг æдзынæгæй алæууыд, стæй йæ къухтæм æркаст æмæ рудзынггæронмæ бацыд. Кружкæ райста, полыл цы ведрæ уыд, уымæй дон систа æмæ йæ къухтæ тазмæ сæхсадта, стæй цы сынтæгыл фæхуыссы, уымæ бацыд, йæ гоппæй йын хисæрфæн райста æмæ сæ ныссæрфта.

Лæгæн йæхицæй дарддæр удгоймагæй ничи уыд хæдзары, фæлæ йын уæддæр йæ алы фезмæлдмæ аивтæй йæ цæст дарæг уыд. Уый уыдис, пецмæ хæстæг къулрæбын чи хуыссыд, уыцы нæл гæды. Йæ бакастыл зындис, гæдыйыл цас æмбæлы, уымæ хæстæг азтæ кæй рацард. Уый бæрæг уыд æрмæст уымæй дæр æмæ йæ дыууæ цæсты байгом кæнынмæ дæр зивæг кæй кодта, æгæрыстæмæй йæ иу цæст дæр æххæстæй нæ байгом кæны, йæ хицаумæ куы скæсы, уæд. Нæ ивæрзы йæ цæстæй лæджы алы фезмæлд дæр. Мæнæ хицау скъапмæ куыд фæцæйцыд битъна райсынмæ, цæмæй цай рафыхтаид, афтæ гæды зивæггæнгæ сыстад, йæхи аивæзта æмæ йæ фæстæ фæцæуæг, æнхъæлдта, зæгъгæ, æхсæвæр хæрдзыстæм, фæлæ куы базыдта, хæринæгтæм нæма æвналы, уæд æвæндонæй раздæхт æмæ фæстæмæ йæ бынаты æрхуыссыд. Хицау та цайданы цы дон ныккодта, уым битънаты ныппæрста æмæ йæ пецы сæр сæвæрдта. Стæй пецы размæ байста бандон æмæ йыл æрбадт.

Йæ зæры бонты иунæгæй аззад зæронд лæг, ныууагътой йæ иунæгæй, кæд æм дардæй кæсæг, хъусдарæг ис, уæддæр. Зын у иунæгæй царды бонтæ æрвитын, уый адæймагæн æрдзон нæу. Фæлæ цы чындæуа? Дуг ахæм у. Æмæ кæд адæймаджы алчидæр, алцыдæр ныууадзы, уæддæр ыл йæ хъуыдытæ сайдæй никуы рацæуынц æмæ фæцæры семæ. Уыдон сты йæхи, æрмæстдæр йæхи исад, хъæздыгад æмæ йын сæм ничи ницы бар дары. Йæ хъуыдытимæ цæры нæ зæронд лæг дæр. Уыдон та фылдæр йæ ивгъуыд цардимæ баст вæййынц æмæ абалц вæййы уыцы бонтæм, æз дын зæгъон, исчи йæ фæиппæрд кæндзæн уыцы балцæй.

Æмæ ныр дæр араст йæ хъуыдыты базыртыл… йе ’взонгадмæ.

Уæвгæй, куыд тагъд атахтысты йæ царды азтæ æмæ зæронды кары куыд тагъд бацыд! Афтæмæй та йе ’взонджы бонты æнхъæлдта, уыдон кæй никуы фæуыдзысты æмæ кæд фæуой, уæд та тынг, тынг æрæгмæ…

Зæронд лæг бады пецы фарсмæ бандоныл æмæ йæ рахис къухы æртысгæн даргæйæ абалц йæ царды рæсугъддæр дугмæ. Зын, уæззау дуг уыдис. Фæсхæсты азтæ. Уыцы стыр хæстæй нал сæздæхт йæ фыд. Мад, æртæ сывæллоны мад, идæдзæй баззад, афтæмæй сæ куыддæрты хъомыл кодта. Уыдон азæй-азмæ рæз хастой æмæ йæ хæдзары дыууæ усгур æмæ иу чындздзон чызджы бæркадхæссæг систы. Фæлæ цард йæхион домы — чызг чындзы фæцыдис, ракуырдтой устытæ æфсымæртæ дæр æмæ байуæрстой. Нæ абоны зæронд лæг хистæр кæй уыд, уымæ гæсгæ йæхицæн æндæр хæдзар сарæзта, кæстæр та фæткмæ гæсгæ йæ мадимæ баззад сæ фыды хæдзары.

Царды иууыл ахсджиагдæр æнæуæрст адæмæй хай равзарын у. Зæронд лæг абон дæр хорз хъуыды кæны æмæ йæ цæстытыл уайынц, йæ мадырвадæлтæм уæвгæйæ, иу чындзæхсæвы куыд фæзонгæ иу чызгимæ. Кафгæ дæр ракодтой. Цæхæрцæст лæппу хорз арæхст кафынмæ дæр æмæ зарынмæ дæр. Абон бирæтæ фысджыты азымы дарынц, зæгъгæ, сæ уацмысты æрыгон чызг æмæ лæппуйы æмбæлæн бынатæн равзарынц чындзæхсæв кæнæ суадоны цур. Æмæ фылдæр хатт афтæ уыд — уæд æндæр рæстæджытæ уыдысты, нырау уарзон чызджы фембæлдмæ нæ фæхуыдтаис, нæ атезгъо кодтаис æмæ йын дæ зæрдæйы зæгъинæгтæ нæ загътаис.

Куыд, цы, фæлæ нæ уæды æрыгон, кондджын, уындджын лæппу йæ минæвæртты барвыста чызджы бинонтæм. Барвыста, фæлæ уыдон разыйы дзуапп нæ радтой, махмæ, зæгъгæ, нырма куринаг чызг нæй… Афтæмæй та куыд æнæрхъæцæй æнхъæлмæ каст хорз хабар фехъусынмæ! «Ницы кæны, сæгъ дæр иу „цых“-æй куынæ здæхы, худинаг нæу дыккаг хатт минæвæртты барвитын», — уый йын сыхаг лæг бамбарын кодта йæ хъуыды.

Æмæ та барвыста йæ минæвæртты нæ сахъ лæппу. Æмæ йæм æрбаздæхтысты хорз хабаримæ — сразы сты сæ чызджы радтыныл. Уый фæстæ уыд чындзæхсæв, йæ хæдзары фылдæрæй фылдæр кодтой кæстæртæ æмæ баисты цыппар. Кæрæдзи æмбаргæйæ, кæрæдзийы уарзгæйæ цардысты æрыгон цардæмбæлттæ, радис сæ зæрдæ сæ зæнæгæй. Цард скъобор кæнын уæд дæр æнцон нæ уыд, фæлæ сæ уæнгты хъаруйы руаджы састой зындзинæдтæ.

Сывæллæттæ згъордтой хъæуы астазон скъоламæ. Ныр та ма дзы цæй скъола ис, фæлæ уæд… Уæд хъæуы цæрджытæ бирæ уыд, алы хæдзары дæр — бирæ сывæллæттæ. Астазон скъолайы фæстæ ахуырмæ цыдысты сыхаг хъæуы астæуккаг скъоламæ. Дæрддзæф уыд, фæлæ сæ уый нæ урæдта, æгæрыстæмæй зымæгон хъызт бонты дæр. Астæуккаг скъола куыд фæуд кодтой, афтæ кæрæдзийы фæстæ цыдысты сæ фыды хæдзарæй. Чи ахуыры, чи та куысты фæдыл. Æмæ аззадис хæдзары хицау йæ цардæмбалимæ, нырма, зæгъæн ис, сæ царды уалдзæджы куы уыдысты, уæд. Цыппор азы дæр ыл нæма цыдис, йæ цардæмбал та ноджы кæстæр уыдис. Æмæ кæд сæ кæстæртæ сæ фарсмæ нал уыдысты, уæддæр амондджын уыдысты. Амондджын уыдысты, сæ зын царды сæрыл тох кæнын сæ бон кæй уыдис, сæ тых, сæ хъару цард аразынмæ кæй здæхтой, маст, рыст дзы кæй нæ бавзæрстой, сæ рухс бæллицтæ, сæ фæндтæ сæ къухты кæй æфтыдысты, сæ кæстæрты сæ царды фæндæгтыл кæй бафтыдтой. Афтæ нымайы йæ царды уалдзæгыл хъуыды кæнгæйæ, нæ зæронд лæг ныр дæр æмæ æхцондзинад райсы йæ царды уалдзæгмæ радон «балцы» рæстæджы.

Фæлæ балцæн райдиан кæм ис, уым ын кæрон дæр вæййы. Йæ хъуыдыты балхынцъ кодта зæронд лæг дæр, чи æргуыбыр, уыцы астæу сраст кодта æмæ йæ цæст хæдзары къуымтыл ахаста, цыма искæйы агуры æмæ йын исты зæгъынмæ хъавы, уыйау. Цæст никæуыл схæцыд, дзурын чи нæ зоны, уыцы гæдыйæ дарддæр æмæ уæд пецы дуар бакодта, басхъаудта арты, сугтæ дзы баппæрста æмæ йын йæ дуар фæстæмæ сæхгæдта. Стæй сыстад йæ бынатæй, бандоны йæ къахæй иуæрдæм ассыдта æмæ скъапп-арынджы ’рдæм араст. «Æхсæвæр исты фенын хъæуы», — загъта йæхинымæр æмæ байгом кодта скъаппы дуар. Продукттæй йæ цух нæ уадзы йæ кæстæр фырт — дæлæ нæхи горæты цæры æмæ йæм йæ хъус хорз дары. Æгæрыстæмæй йын сугтæ дæр æндзарынæввонг æркæны. Ин-нæтæй цы бадома, чи дзы Дзæуджыхъæуы цæры, чи ноджы дарддæр æмæ йæм арæх нæ æрæфтынц.

Куыд æрвылизæр, афтæ та ныр дæр нæ зæронд лæг йæхицæн æрцæттæ кæндзæн æхсæвæр, бахæрын кæндзæн йæ гæдыйæн дæр æмæ та йæхи æруадздзæн йæ хуыссæнтыл. Хъуыдытæ цæудзысты йæ сæрмæ, алыгъуызон хъуыдытæ. Цæвиттон, цард афтæ цæмæн разылд æмæ ныййарæгæн йæ фарсмæ кæстæр мауал аззайа, кæнæ йæ йæ цардæмбал цалдæр азы размæ цæмæн ныууагъта æмæ цæмæн ацыд йе ’нусон бынатмæ…

Уыдон æнкъард, æнтъыснæг хъуыдытæ сты æмæ йæ бафæнды уыдонæй йæхи аскъуынын, йæ царды уалдзæгмæ аздæхын. Уæлдайдæр та зымæгон бонты, дæ фезмæлæнтæ дын карз зымæг куы ’рбакъуындæг кæны æмæ дыл хæдзары дуæрттæ æнгом куы рахгæны.

Биазырты Роланд