Æрæввахс кæны стыр бæрæгбон – Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы боныл 15 азы сæххæсты бон. 

Бæрæгбоны размæ Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæйы бахæсмæ гæсгæ дыууæбонон зиуы рæстæджы  æфснайд цыдис райцентры территори. Къуырисæры райсомæй куыстуæттæ æмæ уагдæтты кусджытæ æфснайæн мигæнæнтимæ рацыдысты æмæ райцентры уынгтæ, стæй трассæйы былгæрæттæ Хуыцъейæ суанг Хслебы хъæуы онг ныссыгъдæг кодтой. Администрацийы къухдариуæгад развæлгъау организацитæ æмæ куыстуæттæн фехъусын кодтой, цæмæй æнæмæнг сæ хайбавæрд бахæссой районы сыгъдæгдзинадмæ.

Зиуы тыххæй нын радзырдта районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй райцентры уынгты сыгъдæгдзинадмæ хъæуы æркæсын, цæмæй проблемæ аиуварсгонд æрцæуа бæрæгбонмæ æмæ уынгтæй зæрдæ райа. «Мах разиу кодтам æмæ алыгъуызон бырæттæй ныссыгъдæг кодтам райцентр. Зиуы хайад райстой нæ хъæуты администрацитæ дæр, уымæн æмæ алы ран дæр хъæуы бафснайын бæрæгбонмæ. Адæм арæхдæр цы бынæттæм цæуынц, уым кæддæриддæр фæхъæуы асыгъдæг кæнын. Азылдыстæм суадæттыл дæр æмæ сæ бафснайдтам. Уалдзæджы æрбалæудæй нырмæ мах разиу кодтам иу фондз хатты бæрц, фæлæ уæддæр куы акæсай, уæд алыгъуызон быронæй фæстæмæ уынгтæ байдзаг сты. Республикæмæ æрбахизæнты тынг æвидыц кæнынц раджы фæндаджы былгæрæтты цы хæрæндæттæ сарæзтой æмæ ныр æдзæллаг уавæрмæ чи æрцыдысты, уыцы арæзтæдтæ. Уыдон абон сæ куыст нал кæнынц æмæ афтæмæй æрдæгпырхытæй лæууынц. Сæ хицæутты сын развæлгъау бафæдзæхстам кæй сæ хъуамæ сисæм, уымæн æмæ æвидыц кæнынц районы æддаг хуыз. Уазджытæ нæм куы цæуой, уæд худинаг у. Уадз æмæ нæ рæсугъд район сыгъдæг æмæ аивдæрæй зына», – банысан кодта Тыбылты чызг.

Дзауы районы администрацийы къухдариуæгад æрсидтысты районы цæрджытæм, цæмæй ма чъизи кæной æхсæнадон бынæттæ æмæ сæ фæстæ æфснайой.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.