Горæт Цхинвалы уагъд æрцыд æппæтгорæтон æфснайæн зиу, цыран нæ горæты администрацийы хæрзарæзтады комбинаты кусджыты æмрæнхъ хайад райстой республикæйы министрадтæ æмæ ведомствоты минæвæрттæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ, студенттæ, нæ горæты скъолаты ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ æмæ æндæртæ.

Æфснайæн зиуы архайдтой техникæйы 25 иуæджы. Сæйраг горæты микрорайонтæм фидаргонд уыдысты хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ, кæцытæ зиуы хайадисджыты ифтонг кодтой æнæмæнгхъæуæг инвентарæй, афтæ ма сын æххуыс кодтой бырæттæ ласынæн дæр.

Æфснайæн зиуы хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид. Паддзахады сæргълæууæг ныхас кодта цæрджытимæ. Уый раарфæ кодта зиуы ха-йадисджытæн æмæ банысан кодта ахæм акциты уадзыны ахсджиагдзинад. «Нæ горæт алыхатт дæр кадджын уыд йæ сыгъдæгдзинад æмæ уазæгуарзондзинадæй. Мах хъæуы фæстæмæ ацы традицитæ раздахын. Ахæм мадзæлттæ уадзын та ахъаз кæндзæн алыварсонæй æндидзæн процессæн. Фæнды мæ раарфæ кæнын абон æфснайæн зиуы хайад чи райста æппæт уыдонæн, уæлдайдæр та скъоладзауæтæн. Нæ горæт азæй азмæ ивы йæ хуыз, сыгъдæгдæр кæны. Хъуыды кæнын афтæ æмæ æппæт цæрджытæ дæр хъуамæ сæ хайбаврæд хæссой нæ иумæйаг хæдзары сыгъдæгдзинадмæ æмæ фæтк æрæвæрынмæ. Уый тынг ахсджиаг у», — банысан кодта Президент.

Бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы къухдариуæгад дарддæр дæр фæнд кæны ахæм акцитæ уадзын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.