Сылгоймæгты дунеон боны хæдразмæ РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Хуссар Ирыстоны горæттæ æмæ районты сылгоймæгтимæ. Паддзахады сæргълæууæг бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта мадзалмæ æцæуджытæн, загъта сын æнæниздзинады, бинонты амонды æмæ æнтыстыты фæндиæгтæ.

Цай нуазгæйæ, дзырд цыд æрвылбонон проблемæтыл. Президент сылгоймæгты бирæнымæц цымыдисгæнæг фарстатæн лæвæрдта дзуаппытæ.

«Мæнæн тынг æхсызгон у, абон ам республикæйы районтæй сылгоймæгтæ кæй сты, уый. Мæнæн æхсызгон у сымахæн раарфæ кæнын. Хъыгагæн, иу рæстæджы æппæт сылгоймæгтимæ фембæлын нæй гæнæн, фæлæ мæ уырны, сымах мæ арфæтæ иннæтæм дæр кæй фæхæццæ кæндзыстут.

Кæй зæгъын æй хъæуы, бæргæ, алы сылгоймаг дæр 8-æм мартыл куы æмбæлид æнæ проблемæйæ, фæлæ нын, хъыгагæн, проблемæтæ бирæ ис. Уыдонæй сæйрæгтæ сты цæрæнуæтты æмбæрзтытæ ивын, цæрæнуат, æнæниздзинад, фæлæ мах æппæт дæр аразæм, цæмæй сæ цадæггай аскъуыддзаг кæнæм», – загъта Бибылты Анатоли.

Паддзахады сæргълæууæг фехъусын кодта, зæгъгæ, цыбыр рæстæгмæ республикæйы ивд æрцыдысты 75 хæдзары агъуыстытæ, æртæ хæдзары æрцыдысты цалцæг, æртæ хæдзары та ногæй арæзт æрцыдысты.

«Тагъд рæстæджы фондз хæдзары райдайдзысты цалцæггæнæн куыстытæ. Мах фæнд кæнæм æмæ архайдзыстæм, цæмæй æввахс дыууæ азмæ мауал баззайа хæстон архайдтыты аххосæй ныппырхгонд  иунæг хæдзар дæр», – загъта уый.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы къухдариуæгад æндæр хæстимæ иумæ йæ разы æвæры куыстмыздтæ æмæ пенситæ фæфылдæр кæныны хæс дæр, цæмæй Хуссар Ирыстоны иунæг æмбæстаг дæр мауал иса цæрынæн хъæуæг минимумæй ныллæгдæр мызд кæнæ пенси.

«Уый у амбициозон хæслæвæрд, фæлæ мах кусдзыстæм йæ аскъуыддзаг кæныныл. Уæд цард фæрогдæр уыдзæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, раздæр республикæйы фыст нæ цыд пособи, бинонтæн-иу дыккаг сывæллон кæй райгуырд, уый тыххæй. Абон та дыккаг сывæллоны тыххæй пособи у 10 мин сомы, ног, 2019 азæй та сырæздзæн 16 мин соммæ æмæ уыдзæн, Уæрæсейы Федерацийы куыд у, афтæ.

Дарддæр ныхас цыд «фарст-дзуапп»-ы форматы. Знауыры æмæ Ленингоры районты цæрæг сылгоймæгтæ рахъаст кодтой къорд проблемæты тыххæй, кæцытæ баст сты, республикæйы районты хъæууон клубтæ кæй нæй, уыимæ, æвзæр фæндæгтимæ æмæ донифтонгады проблемæтимæ.

Донифтонгады фæдыл Цъинагары цæрæг Хъодалаты Мерийы фарстæн дзуапп кæн-гæйæ, паддзахады сæргълæууæг фехъусын кодта, зæгъгæ, план  цæуы  ног стыр бассейны арæзтад. Уырдыгæй дон цæудзæн Цъинагар, Орчъосан æмæ Абреуы цæрджыты хæдзæрттæ æмæ цæхæрадæттæм.

Донифтонгады проблемæйы тыххæй рахъаст кодта Знауыры районы цæрæг Гæбæраты Эммæ дæр. Уый радзырдта, зæгъгæ, йе ‘мхъæуккæгты хæдзæрттæм цы дон цæуы, уымæй нæй пайдагæнæн. Уый ма банысан кодта, централон канализаци сæм кæй нæй, уый дæр.

Президент сын ныфс бавæрдта, зæгъгæ, ацы проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын йæ бон бауыдзæн Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Гæбæраты Иналæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.