19-æм ноябры  Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уагъд æрцыд конференци. Хъуысаты Хъасболаты райгуырдыл 120 азы сæххæсты цытæн. Ирон литературæйы историйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацыр Уастырджийы бонтæ кæй сты, уый тыххæй райдианы æрдзырдта Уастырджийы бæрæгбон кæд æмæ куыд нысан цæуы, ирон адæмы ‘хсæн ын цы стыр кад æмæ нысаниуæг ис, уый тыххæй.

Уый фæстæ Плиты Гацыр бæстон æрдзырдта Хъасболаты цард æмæ сфæлдыстадон бынты тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстоны царды хабæрттыл зæрдæбынæй чи зарыд, йæ хæрзиуæгæн чи куыста, уыдонæй иу уыдис Хъуысаты Хъасболат. Уыимæ ма Гацыр банысан кодта, зæгъгæ, абонмæ Хъасболаты ном кæй никуы æрымысыдыстæм, уый раст кæй нæу.

Конференцийы раныхас кодта ирон литературæйы историйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Плиты Серго дæр.

ТОТЕТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.