Республикæ Хуссар Ирыстоны Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ стихион æнамонддзинæдты фæстиуджытæ иуварс кæныны фæдыл министрады сырæзтыл ацы аз сæххæст 13 азы. Ацы министрады сконды цы ахсджиаг службæтæ ис – æмбæстагон хъахъхъæнынады службæ, агурæн-ирвæзынгæнæн дæлхай æмæ зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны службæ – æдзух сты куысты уæлхъус æмæ цæттæ сты цыфæнды æр-цæугæ цаутæ аиуварс кæнынмæ дæр.

Ацы ахсджиаг уагдоны сырæзты цытæн 4 октябры министрады бæстыхайы раз уагъд æрцыд цытджын рæнхъæйлæуд. Бæрæгбоны цытæн арфæ кæнынмæ сæм æрбацыдысты бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли, кæцы цалдæр азы арæхстджынæй разамынд кодта ацы министрадæн æмæ хицауады минæвæрттæ.

Бибылты Анатоли бæрæгбоны хайадисджытæм ахасты банысан кодта сæ эффективон куыст. Ныфс бавæрдта, дарддæр дæр кæй æххæст кæндзысты сæ æвæджиаг хæстæ зынгсирвæзтытæй æдас кæнын æмæ стихион æнамонддзинæдтимæ тох кæныны фадыджы.

«Сымах, æцæгæйдæр, стут уæ хъуыддагыл æнувыд. Æз сæрыстыр дæн уымæй, æмæ уал азы сымахимæ кæй куыстон.

Министрады сæрмагонд сконд оперативонæй æмæ рæстæгыл йæ хъус дары алы уавæрмæ дæр. Уымæн ахъазгæнæг у, уæлвæткон уавæрты министрады техникæ æмбæлон уагыл кæй ис, уый дæр. Æмæ уый дзурæг у ууыл, æмæ нæ адæмæн кæй ис, уæлвæткон уавæрты сæ фарсмæ чи æрбалæудзæн æмæ сын баххуыс кæндзæн, кæуыл баууæндой, ахæм уагдон», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Сымах, зæгъгæ, стут уæ куыстыл иузæрдион, бонæй бонмæ хъомысджындæр кæны министрады потенциал æмæ уагдоны структурæ дарддæр рæздзæн. Бæрæгбонгæнджытæн æнæниздзинад, хæрзиуджытæ æмæ дарддæры профессионалон æнтыстыты фæндиæгтæ зæгъыны фæстæ Бибылты Анатоли паддзахадон хорзæхтæ радта къорд службæгæнæгæн. Радон сæрмагонд ном «мидæггагон службæйы инæлар-майоры» ном та лæвæрд æрцыд Уæлвæткон уавæрты министр Цоциты Азæмæтæн. Министрады службæгæнджыты иу къорд та хорзæхджын æрцыд ведомствойон хорзæхтæй.

Бæрæгбоны цытæн йæ раздæры æмкусджытæн раарфæ кодта Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан дæр, банысан кодта, сæрыстыр кæй у ацы структурæйы кæй куыста, уымæй.

Бæрæгбоны официалон хайы фæстæ Бибылты Анатоли æмæ мадзалы хайадисджытæ азылдысты æмæ федтой министрады фæздæг æмæ газæй бахъахъхъæныны службæйы станцы техникон сконд.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.