КАДРОН ИВЫНДЗИНÆДТÆ

21 августы Хицауады рабадты йæ бынатæй сæрибар æрцыд Фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты сæрдары хæдивæг Гасситы Сослан Мелсы фырт, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты барамындæй йæ 1 августæй уы­цы комитеты сæрдарæй кæй снысан кодтой, уый тыххæй.

Хицауады уынаффæмæ гæсгæ, Фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты сæрдары хæдивæгæй нысан æрцыд Оттаты Андрей Зурабы фырт.

Оттаты Андрей раздæр куыста мидæггагон политикæйы фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты социалон-политикон мониторингы управленийы хайады консультантæй.

 

ХЪÆУУОНХÆДЗАРАДОН ФОС ДАРЫНЫ ФÆТКОЙТÆ

Хицауады рабадты рæстæджы райстæуыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны хъæууонхæдзарадон цæрæгойтæ æмæ мæргъты хизын æмæ дарыны фæткойты тыххæй» закъоны проект. Закъоны проекты нысан у хæдзарон фос æмæ мæргъты хизын æмæ ласыныл контроль кæнын.

Хъæууон хæдзарады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хъæцмæзты Джони куыд банысан кодта, афтæмæй фæткойтæ фадат дæттынц Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл эпизоотикон æмæ ветеринарон-санитарон хæрзвадат уавæр сифтонг кæнын, хæцгæ низтæй, уыцы нымæцы цæрæгойты иууыл тæссагдæр трансарæнон низтæй бахъахъхъæнын. Уыцы низты иу хайæн йæ бон у бахæца адæймæгтыл дæр.

Фæткойты нысан сты хъæууонхæдзарадон цæрæгойты хицæуттæм информаци фæхæццæ кæнын, уыцы нымæцы информацион фæрæзты руаджы дæр. Фæткойтæ куыд æххæст цæуынц, ууыл контроль кæнын хауы бынæттон администрацимæ.

Бынæттон администрацийы хæстæм хауы хъæууонхæдзарадон цæрæгойты иу ранæй иннæ ранмæ скъæрыны маршрут-тæ нысан кæнын, цæрæгойты хицæут­тæм та хауы дзæгъæлæй сæ хизынмæ ма рау­адзын, цæмæй цъæхдарæнтæн ма зиан кæ­ной. Фæткойтæ халыны тыххæй ивар цæудзысты цæрæгойты хицæуттæ.

Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин банысан кодта, зæгъгæ, уынаффæ райсыны фæстæ республикæйы цæрджытимæ хъæуы æмбарынгæнæн куыст, бамбарын сын хъæуы сфидаргон фæткойтæ.

 

СИДЗÆР СЫВÆЛЛÆТИМÆ КУСЫНЫ ТЫХХÆЙ БАФЫСТЫТÆ

Хицауад райста «Сидзæр æмæ æнæ-хицау сывæллæты паддзахадон иумиагахуырадон уагдæтты тыххæй» Уынаф­фæйы проект» Цхинвалы Куымæридтаты М. номыл скъола æмæ №1 сывæллæтты цæхæрадон «Æфсир» специалон (коррекцион) кълæсты, фæкъуындæргонд фадæттимæ (рынчын) ахуыргæнинæгтимæ къордты чи кусы,  уыдоны тарифон ставкæтæм 50 проценты, коэффициенттæ бахынцгæйæ, фæфылдæргонд бафтыдтытæ сфидар кæныны тыххæй».

Уынаффæйы проектыл бакуыстæуыд РХИ-йы Президенты бахæсмæ гæсгæ.

Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Карсанты Марат куыд банысан кодта, афтæмæй уынаффæйы проекты райсты тыххæй бахъæудзæн уæлæмхас финансон фæрæзтæ РХИ-йы Паддзахадон бюджетæй 1 377 584 сомы.

 

КУЛЬТУРÆЙЫ МИНИСТРАДЫ ШТАТОН СТРУКТУРÆ ФÆИВЫНЫ ТЫХХÆЙ

Хицауады рабадты райстæуыд Барамынды проект «РХИ-йы Культурæйы министрады структурæ æмæ штатон нымæц сфидар кæныны тыххæй»

Проектмæ гæсгæ, министрады структурæйы фæзындзæн æхсæнадæмон æмгуыстады хайад.

Культурæйы министрады куыстмызды фонд финанстæй ифтонг цæудзæн Пад­дзахадон бюджетæй  бюджетон ассигнацийы фæлгæтты.

Уый размæйы барамынд йæ тыхы нал уыдзæн.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.