Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт Цхинвалы арæзт æрцыд фыдракæнд, æбæрæг адæймæгтæ хъуамæ аскъæфтаиккой арæзтадон компани «ФСК Эверест»-ы генералон директоры.

2018 азы 5 февралы 21 сахатмæ æввахс, горæт Цхинвалы Аланты уынджы 17-æм хæдзары раз, æртæ æбæрæг адæймаджы гамхудты, развæлгъау бадзургæйæ, бафæлвæрдтой арæнгонд  бæрндзинадимæ æхсæнад «ФСК Эверест»-ы генералон директор Файтыхов Руслан Насихы фырты аскъæфын, тыхæй йæ хъавыдысты  æбæрæг регистрацион номыртимæ ВАЗ 2121 маркæ автомашинæ «Нива»-йы сбадын кæнын. Файтыхов Руслан сæм ныхмæ фæлæууыд, скъæфджытæ йæ кæд надтой, цавтой йын йæ сæр æмæ йæ гуыр, уæддæр йæхи атыдта æмæ алыгъд. Фыдгæнджытæ куы бамбæрс-той, сæ фæнд сын нæ бантыст,  уæд рабæрæг æмæ барадхъахъхъæнæг органты æрдыгæй æрцахсынæй фæтæрсгæйæ  йæ нал асырдтой, фæлæ сбадтысты сæ машинæйыл æмæ сæхи бааууон кодтой, 8-æм Июны уынджы ‘рдæм cæ машинæ аскъæргæйæ.

Афтæмæй фыдгæнджытæн сæ фыдракæнд кæронмæ бакæнын нæ бантыст, Файтыхов сæм ныхмæ кæй фæлæууыд, уый фæстиуæгæн.

Ацы цауы фæдыл Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы Фæдысгарæн управлени бакодта уголовон хъуыддаг фыдракæнды бæрæггæнæнтæм гæсгæ, УФ Уголовон кодексы 30-æм статьяйы 3-аг хайы, 126-æм уацы 2-аг хайы «а» æмæ «з» пункттæм гæсгæ (развæлгъау бадзырдмæ гæсгæ адæймæгты къорд адæймаджы аскъæ-фын куы бафæлварой, спайда дзы кæныны нысанæн). Фыдракæнд сбæрæг кæнын бахæсчындæуыд фæдысгарæн къордæн.

2018 азы 5 февралы Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы фæдысгарæн управлени Мидхъуыддæгты министрады оперативон службæимæ иумæ, оперативон-фæдысгарæн ма-дзæлттæ ауадзгæйæ, æрцахстой, фыдракæнд саразынæй кæуыл дызæрдыг кодтой,  республикæйы уыцы дыууæ æмбæстаджы, кæцыты автомашинæйы ссардæуыд æртæ автоматон æхсæнгарзы нæмгуытимæ æмæ радиобастдзинады фæрæзтæ. басгæрсты рæстæджы сын сæ хæдзæртты ссардтой алыгъуызон калибры нæмгуытæ.

Ныртæккæ ацы уголовон хъуыддаджы фæдыл уагъдæуы фæдысгарæн æмæ оперативон-сгарæн мадзæлттæ, кæцытæ здæхт сты фыдракæнды алы æууæл дæр сбæрæг кæнынмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.