Ирыстоны историйы бирæ трагикон цаутæ æрцыд, фæлæ 1992 азы 20 майы Зары æфцæгыл цы æвирхъау трагеди æрцыд, уымæн дзы æмбал нæй. Зары трагеди йæ масштабæй æмæ сырдон фыдракæндæй банкъуысын кодта дунейы дзыллæйы зæрдæтæ. Адæймаджы хуызы лæгхор сырдтæ ныццагътой æнæаххос сылгоймæгтæ, зæрæдтæ æмæ сывæллæтты, кæцытæ хъавыдысты гуырдзиаг лæгмартæй сæхи бахизын.

1992 азы 20 май тæвд бон уыд. Цыппар машинæйы кæрæдзийы фæдыл сабыргай цыдысты Зары – царды фæндагыл. Машинæтыл уыдысты, Цæгат Ирыстонмæ гуырдзиаг агрессорæй чи лыгъд, уыцы  зæрæдтæ, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ.

11.30 сахатыл сæ размæ хъæдæй рахызтысты гæрзифтонг гуырдзиæгтæ æмæ сабыр лигъдæттыл автоматтæй нызгъæлстой. Æхстытæ æмæ гранатты рæмыгъдтытæ аххæссыдысты 5 минуты бæрц.

Къæбысты хъæбатыр лæппу Батрадзæн ма бантыст, фæстийæ цы машинæтæ сцæйцыдысты, уыдоны размæ ралидзын æмæ сæм ныхъ-хъæр кæнын: «Фæстæмæ! Уым æхсгæ кæнынц!»… Уыдоны фыдбылызæй аивæрзын кодта, фæлæ … Фæлæ йыл тугмондаг лæгсырд автомат суагъта æмæ иуæндæсаздзыд Батрадз хъæбатырæй фæмард.  Стæй дуне ныссабыр. Лæгхор сырдтæ сæ кæнон бакодтой æмæ æрбайсæфтысты.

Машинæтæй туг лæсæнтæ кодта. Мæрдты ‘хсæнæй хъуыст хъæрзын дæр.

Дыккаг бон Цæгат Ирыстоны Сæйраг Совет ауагъта уæлвæткон сесси æмæ ИНО-йæ æрдомдта, цæмæй æруромой Гуырдзыстоны æрдыгæй хуссайраг ирæтты геноцид. Æртæ боны фæстæ та гуырдзиæгты садистон мийы ныхмæ  протесты нысанæн æрæхгæдта, Цæгат Ирыстоны территорийыл Гуырдзыстонмæ цы газы хæтæл цыд, уый.

Гуырдзиæгты ацы æнæадæй-магон фыдракæнд базмæлын кодта Уæрæсейы æмæ æхсæнадæмон æмæхсæнады дæр. Уæрæсейаг политиктæ æмæ æхсæнадæмон организацитæ дæр ацы фыдракæнды ныхмæ сæ ныхас куы загътой,  уæд Гуырдзыстоны уæды сæргълæууæг Эдуард Шеварднадзе фæтарст дунеон æмæхсæнады фыдæхæй æмæ сабыр цæрджыты ныццæгъдын схуыдта хæстон фыдракæнд. Уый дунеон æмæхсæна-дæн уырнын кодта, æппæт дæр кæй сараздзæн, цæмæй уыцы сырдон фыдракæнд чи сарæзта, уыдон æргомгонд æрцæуой æмæ аххосджынтæ æмбæлон æфхæрд баййафой.

«Уыцы фыдракæнд чи сарæзта, уыдон адæймæгтæ не сты. Уыдон сты, куыд ирæтты, афтæ гуырдзиæгты знæгтæ дæр. Æз ард хæрын, цæмæй фыдгæнджытæ æфхæрд баййафой, уый тыххæй æппæт дæр кæй сараздзæн», – йæ уд скъуыдта «Урс рувас».

Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ тагъд-тагъд ауагъта фæдысгарæн куыстытæ æмæ… хуссарирыстойнаг фарсы фæаххосджын кодта, ома, дам, ирæтты нæ фæнды æцæгдзинад «сбæрæг кæнын». Гуырдзиаг политиктæй чидæртæ та фæаххосджын кодтой Звиад Гамсахурдиайы.

Бæрæг уыд, гуырдзиаг фарсы нæ фæндыд ацы фыдракæнды фæдыл фæдысгарæн куыст бакæнын, уымæн æмæ йæ хорз зыдтой, ирон сабыр цæрджыты фехсыны бардзырд Тбилисæй кæй цыд.

Уæдæ куыд гæнæн ис, æмæ ирæттæн геноцид цы бæстæ сарæзта, уый фæдысгарæн куыст кæна йæхи ныхмæ, уыимæ ма йæхицæн рахæсса æфхæрды тæрхон?!

Ирон адæмы ныхмæ Гуырдзыстоны тыхон структурæты æмæ бандитон баиугæндты фыдракæндтæн ивгъуыды æмгъуыд нæй. Уыцы фыдракæндтæн нæй ныббарæн дæр æмæ ферохгæнæн дæр. Зары трагеди уыд геноциды акт æмæ кæд рæстæг рацыд, уæддæр ын дунейы æрдыгæй аргъ хъуамæ æрцæуа.

Зары трагедийæ кæд 27 азы рацыд,  уæддæр ацы трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ æрымысыны тыххæй сæ мемориалон комплексмæ æрвылаз дæр ссæуы тынг бирæ адæм. Афтæ та уыд ныр дæр…

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.