Ме скъолайон хъæлдзæг æмæ æвæлмаст азтæ иу уысмау алыгъдысты мæ иувæрсты æмæ æрцыд мæ уарзон скъолайæн хæрзбон зæгъыны рæстæг.

Уал азы дæргъы мын дыккаг хæдзары хуызæн чи ссис, уыцы скъолайæн мын хæрзбон зæгъын тынг зын у, фæлæ афтæ у цард, скъолайон азтæ æгæрон не сты. Тынг зын мын у ме ‘мгæрттæй кæй хицæн кæнын, уый дæр, уымæн æмæ 11 азы дæргъы систæм иу бинонты хуызæн. Фæлæ мæ ныфс ис, кæдæм фæнды нæ ма ахæсса нæ хъысмæт, уæддæр-иу кæддæрты кæй амбæлдзыстæм кæрæдзийыл, кæй-иу æрбацæудзыстæм нæ уарзон скъоламæ нæ ахуыргæнджыты абæрæг кæнынмæ. Тынг зын мын у мæ уарзон ахуыргæнджытæй фæхицæн уæвын дæр, уымæн æмæ нын уыдон систы тынг æввахс адæймæгтæ, нæ дыккаг ныййарджыты хуызæн. Ме ‘мкъласонтимæ сæ стæм æгæрон бузныг уал азы дæргъы нын сæ зонындзинæдтæ æнæвгъау кæй амыдтой æмæ нæ царды раст фæндагыл кæй бафтыдтой, уый тыххæй. Стыр бузныг мæ ахуыргæнджытæн, скъолайы директор Гуссойты Ласкойы сæргълæудæй. Сымах фæрцы нын байгом уæрæх фæндаг нæ дарддæры царды. Сымахæй алкæйы дæр зæрдæйæ фæнды, цæмæй уæ рауагъдонтæ иууылдæр сæ ахуыр адарддæр кæной уæлдæр ахуырадон уагдæтты æмæ суой сæ дæсныйады иттæг хорз специалисттæ. Æмæ мах дæр бацархайдзыстæм ууыл, цæмæй уæ зæрдæхудты макуы бацæуæм, макуы фæхудинаг кæнæм не скъолайы ном. Скъолайы азты æз архайдтон хорз ахуыр кæныныл æмæ мын æппæлæгау  ма рауайæд, фæлæ ацы хъуыддаг мæ къухты æфтгæ дæр кодта. Хайад истон скъолайы æхсæнадон царды дæр. Уыдтæн республикон конкурсты, уыцы нымæцы «Стъалыты ферттывд»-ы хайадисæг дæр.

Æз равзæрстон журналисты дæсныйад æмæ кæд мæ фæнд сæххæст уа, уæд æппæт тыхтæй дæр бацархайдзынæн, цæмæй суон не скъола кæй ном хæссы, уый  Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист Хуриты Гивийы хуызæн иттæг хорз журналист. Æппæт тыхтæй дæр бацархайдзынæн, цæмæй мæ Райгуырæн Ирыстонæн исты пайдатæ æрхæссон æмæ мæ Фыдыбæстæ-йæн аккаг чызгæй басгуыхон. Æппæт уыцы фæндтæ мæ къухты бафтдзысты æви нæ, уый та рæстæг фенын кæндзæн.

ХЪАЙСЫНТЫ Иринæ,

Хуриты Гивийы номыл Цъинагары

 астæуккаг скъолайы рауагъдон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.