ХЪÆУЫ ИВГЪУЫД ЦАРДÆЙ

Алы хъæуæн дæр, хицæн адæймагау йæхи хъысмæт ис. Иутæ фæзынынц æмæ стырæй-стырдæр кæнынц, фылдæр кæны сæ цæрджыты нымæц. Æндæртæ та фæзынынц, сфидар вæййынц, фæлæ дуджы ивæнтæн нæ бафæразынц æмæ, хъыгагæн, федзæрæг вæййынц, хъæууат свæййынц.

Уыд рæстæг æмæ Цхинвалы районы Ходы хъæуæн дæр йæ цæрджытæ абонæй бирæ фылдæр уыдысты. Ныр ма дзы цы цæрæг хæдзæрттæ ис, уыдоны къухы æнгуылдзтыл æрнымайдзынæ, фæлæ цард йæ цыды хай кæны, кæд бирæ фыдæвзарæнты сæрты рахызт, уæддæр.

Ацы хъæу куыд равзæрд, уый бæлвырдæй ничи зоны, фæлæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ æрхæццæ ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, Ходтæй æртæ æфсымæры зæхх агурæг рафтыдысты ардæм æмæ æрæнцадысты, ныртæккæ хъæу кæм уæвы, уый сæрмæ къуыппыл. Сæ алыварс бæстон куы акæстытæ кодтой, уæд ардæм хæстæг суыдтой æрдуз, йæ алыварс уыдис хъæд, фæлæ ацы бынатæй чысыл дæлдæр та сæхи айтыгътой къутæрджын зæххытæ.

Æфсымæрты хистæр службæ кодта паддзахы æфсады. Йæ намысджын, иузæрдион службæйы тыххæй йын паддзахы номæй лæвæрд æрцыд бары гæххæтт, кæцымæ гæсгæ йæ бон уыд, кæм æй фæндыд, уым зæххы фадыг равзарын.

Х О Д

Ацы бынат йæ зæрдæмæ тынг фæцыд æмæ дзы æрбынат кодта йе ‘фсымæртимæ. Фæс-тæдæр хъæуæн радтой йæ мыггаджы ном – Ход. Ардæм хæххон бынæттæй цæрынмæ хуыдтой сæ хиуæтты дæр. Къутæрты, хъæды сæ алыварс цагътой æмæ арæзтой ахотæ. Нæмттæ сыл æвæрдтой. Абон дæр ма хъæуы цæрджытæ ахæм бы-нæтты хонынц Кокойты, Ходты æмæ Бекъойты ахотæ. Бекъойтæй бирæтæ ацы хъæумæ цæрынмæ алыгъдысты Джеры комæй, Църуйæ – Кокойтæ, Гудисы комæй та – Къæбултæ æмæ Æлборты мыггæгтæ.

Хъæу рæзтис, фылдæр кодта йæ цæрджыты нымæц æмæ иу ахæмы Ходты мыггаг баисты 10 цæрæг хæдзары, Бекъойтæ – 15, Кокойтæ – 6, Къæбултæ – 2 æмæ 1 та – Æлбортæ.

Абон Ходы хъæу дыууæ дихы у. Хонынц сæ Дæллаг æмæ Уæллаг Ход. Фæлæ раздæр аф-тæ нæ уыд. Уæллаг Ходæй чысыл уæлдæр цардысты Тыбылтæ, Джиотæ æмæ Тасойтæ. Фылдæр Тыбылтæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ йæ рахуыдтой Тыбылты хъæу. Æрбаиу сæ кодтой æмæ йæ рахуыдтой Уæллаг Ход.

Х О Д

 

ХЪÆУЫ СЫГЪЗÆРИН ДУГ

Октябры революцийы фæуæлахиз фæивта Ходы хъæуы цæрджыты цард дæр. Фæлæ ам æнæзæгъгæ нæй, 20-æм азты гуырдзиаг меньшевикты азарæй ирон адæмыл цы трагеди æрцыд, уый тыххæй. Уый нæ ахызт Ходы хъæуы иувæрсты дæр. Басыгътой хъæу. Цæрджытæ фæлыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Фæлæ меньшевиктæ дæрæн куы æрцыдысты æмæ Хуссар Ирыстоны советон хицауад куы æрфидар, уæд ацы хъæуы цæрджытæ дæр, кæд иууыл нæ, уæддæр бирæтæ фæстæмæ æрыздæхтысты сæ сыгъд уæзгуытæм.

1930-æм азты колхозон арæзтад куы райтынг, уæд Ходы хъæуы цæрджытæ дæр сарæзтой сæхи колхоз. Уыцы рæстæджы хъæуы байгом райдиан скъола æмæ цæрджытæн фадат уыдис сæ сывæллæтты ахуыры фæндагыл æрлæууын кæнынæн. Йæ рæстæджы ацы бынат цæрынæн кæй равзæрстой сæ фыдæлтæ, уымæй нæ фæрæдыдысты. Йæ зæхх у бæркадджын, хорз дзы зайынц алыгъуызон халсартæ, сæнæфсир, дыргътæ æмæ гагадыргътæ. Сæ хуымзæххыты тыдтой нартхор, мæнæу, хъæдур. Куыд фæ-зæгъынц, тугыл-иу аскъуыдис сæ тыллæг æмæ сæ фыдæбонæй сæ зæрдæ радис.

Ходæгтæ ма абон дæр райгондæй æрымысынц, сæ хъæуы зæххытæ бирæ фылдæр тыллæг кæй лæвæрдтой Цъунары хъæуы зæххытæй, кæд дыууæ хъæуы кæрæдзимæ тынг дæрддзæф не сты, уæддæр. Адæм куыстой сæхи хæдзаргæрон зæххы фадгуытæ дæр, дардтой фос æмæ ницæуыл тыхстысты. Кæрæдзиимæ дæр хæларæй цардысты, сæ куыстæгты æххуыс кодтой сидзæргæс сылгоймæгтæн, лæгдых цух чи уыд, ахæм бинонтæн. Зымæгон даргъ æхсæвты-иу сыхæгтæ иумæ æрбамбырд сты кæрæдзийы хæдзæрттæм æмæ-иу сæ ныхас фылдæр уыд сæ уалдзыгон куыстытыл. Кодтой таурæгътæ, аргъæуттæ æмæ-иу сæм зæрдиагæй хъуыстой кæстæртæ дæр. Афтæ, сæ цардыл хъуыдыгæнгæйæ, цардысты ходæгтæ.

Х О Д

Фæлæ иу рæстæджы уæлдæрлæууæг органты уынаффæйæ сын сæ быдырты ныссадзын кодтой алыгъуызон дыргъбæлæстæ, уæлдайдæр та – члауи æмæ æхсынцъы. Дыргъ дæттын райдыдтой, фæлæ бамбæрстой нæмыгон культурæты æрконд бирæ пайдадæр кæй уыд æмæ та сæ скалын кодтой.  Ногæй та сæ хуымты фæйлауын райдыдтой ставд æфсирджын мæнæуы æмæ нартхоры хуымтæ.

Ходæгтæн сæ царды уавæртæ бæрæг фæхуыздæр сты, хъæусоветы сæргълæууæгæй Чилæхсайы фырты куы снысан кодтой, уæд. Хъæумæ арæзт æрцыд фæндаг, сæ хæдзæртты ссыгъд электроны рухс. Райгонд уыдысты сæ цардæй ходæгтæ. Иууылдæр уыдысты куысты лæуд. Хъæумæ здæхын райдыдтой, кæддæр дзы хуыздæр цардагур чи алыгъдис, уыдонæй дæр бирæтæ. Ходæгтæ сæхи колхозæн фермæ сарæзтой æмæ кодтой фосдарды куыст дæр.

Фæдзурынц, зæгъгæ, æнгом бинонтæ цард арынц. Уый хауы Ходы хъæуы цæрджытæм дæр. Æнгомæй цардысты æмæ абон дæр афтæ цæрынц. Сæ цинтæ, сæ хъыгтæ иумæ дих кодтой æмæ кæнынц. Хъæубæстæ æнгомæй кæй цардысты, уый хорзæрдæм æндæвта сæ фæрныгадыл. Хистæрты фарсмæ лæууыдысты сæ кæстæртæ æмæ уыдон дæр сæ уæзгæ бавæрд хастой колхозы бæркад рæзын кæнынмæ. Кæд бирæ куыстой цæрджытæ, уæддæр уæззау хъуыдыты ныгъуылд нæ уыдысты. Зыдтой сæ рæстæг æрвитын, уæлдайдæр та – фæсивæд. Изæрмилты-иу сарæзтой хъазт æмæ-иу сæ зард, сæ хъæлдзæг хъæлæба дардмæ хъуыст. Сæ сæрибар рæстæджы-иу бацæттæ кодтой пьесæтæ æмæ-иу сæ æвдыстой канд сæхи хъæуы цæрджытæн нæ, фæлæ æввахс хъæуты цæрджытæн дæр. Аунеуы хъæумæ та хъæбысæй хæцынмæ цыдысты.

Афтæ сæ цард сабыр арвы бын арæзтой ходæгтæ. Сæ рæсугъд бæллицтæ баст уыдысты рухс фидæнимæ.

Фæлæ райдыдта Фыдыбæстæйон Стыр хæст æмæ сæ сагсур фæсивæд лæгæвзæрстæй фæцыдысты хæстмæ. Ахæм хæдзар дзы нæ уыд, 2-3 нæлгоймаджы чи нæ арвыста. Уыдонæй иу стæмтæй дарддæр иннæтæ сæ сæртæ нывондæн æрхастой райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау. Чи ма дзы æрыздæхт, уыдон дæр – сахъатджынтæй. Фæлæ сæ колхозы куыстыты æвдыстой стыр разæнгарддзинад. Чи нал æрыздæхтис, уыдонæн та сæ рухс ном арынæн сарæзтой иумæйаг цырт, æмæ дзы фыст æрцыдысты сæ нæмттæ.

 

ХЪÆУЫ РУХС КУВÆНДÆТТÆ

Дæллаг Ходы кувынц Мадымайрæммæ. Нысан æй кæнынц рухæны мæйы 21 боны. Тынг рæсугъд у йæ алфæмблай дзуарæн. Арæзт дзы уыдис Цъунары хъæуы Мадымайрæмы халдих-аргъуан. Фæлæ иу рæстæджы аргъуанты ныхмæ куы рацыдысты, уæд æй райхæлдтой æмæ дзы колхозы фермæ сарæзтой. Чи йæ райхæлдта, уыцы дыууæ лæджы куыд дзырдтой, афтæмæй саугуырм баисты æмæ амардысты. Уыцы хабар нæ рох кæнынц абон дæр Ходы хъæуы, фæсивæд. Се ‘нцойад фесæфт, сæхи кæм бафæдзæхсой, ахæм аргъуан сын кæй нæ уыд, уый тыххæй. Æмæ аскъуыддзаг кодтой ногæй йæ саразын. Æрæвнæлдтой йын сæхи тыхтæй йæ арæзтадмæ. Кæддæр Ходы хъæуæй чи ацыд æмæ æндæр рæтты чи цæры, уыдон куы фехъуыстой, зæгъгæ, сæ дзуар аразынц, уæд сæм уыдон фæдардтой се ‘ххуысы къух. Сæ фарсмæ балæууыдысты Къостайыхъæуы фæсивæд æмæ кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ сын æххуыс кодтой техникæ æмæ арæзтадон æрмæджытæй. Аргъуаны арæзтады цырв уыд Ходты Мераб æмæ дзы бузныг сты хъæубæстæ. Сæ фарсмæ балæууыд хъæууон администрацийы сæргълæууæг дæр. Ходæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй йын йæ къултæ сфæлгонц кæндзæнис республикæйы сгуыхт нывгæнæг Гæбæраты Барис.

Х О Д

Æгæрон бузныг сты ходæгтæ нæ республикæйы Президент Гаглойты Алан æмæ Хицауады сæрдар Джуссойты Константинæй дæр сæ æххуысы тыххæй. Мадымайрæммæ хъæуы цæрджытæ цæуынц сæхи бафæдзæхсынмæ, цæмæй сын сæ сывæллæттыл ауда, сывæллон кæмæн нæй, уымæн та йæ дæтгæ ракæна.

Мадымайрæмы бын ходæгтæ скæнынц иумæйаг куывд, саразынц хъазт. Куывд скæнынæн дзуары  ис алы уавæртæ. Бауагътой йæм дон, рухс, ис дзы цуайнæгтæ æмæ æндæр хъæугæ мигæнæнтæ.

Уæллаг Ход фæкувынц Дауджытæм æмæ сæм нымад у дины стыр бæрæгбоныл. Ацы аз дæр сæ ног аргъуаны скодтой иумæйаг куывд. Аргъуанæн иконæтæ сæ-хæдæг амал кæнынц, лæвар дæр сын бакæнынц. Æрæджы та Мæскуыйæ æрласын кодтой Фыруæздан Мадымайрæмы Хъазайнаг иконæ.

 

НОГÆЙ ТА – ХЪИЗÆМАЙРАГ АЗТÆ

1920 азы куыд уыд, афтæ та ходæгтæ сæргой фесты 90-æм азты. Нæ зæххыл сцырын хæсты арт. Сывæллæтты æмæ сылгоймæгты арвыстой Цæгат Ирыстонмæ. Нæлгоймæгтæ та хъахъхъæдтой сæ райгуырæн хъæу, сæ адæмы. Бирæтæ дзы бабын сты, сæ цард рауæлдай кодтой сæ адæмы сæрвæлтау. Хъæубæстæй уæд бирæтæ ныууагътой сæ рай-гуырæн къуым æмæ цæрынæн равзæрстой æндæр æмæ æндæр бынæттæ.

2008 азы дæр цъус тас нæ бавзæрстой хъæуы цæрджытæ. Комкоммæ сæ æхстой хъæумæ. Ныппырх сын кодтой сæ уæлмæрд, снарядтæ æмбæлдысты сæ хæдзæрттыл. Бынтондæр ныппырх Тасойты Муразикы хæдзар дæр. Ногæй та лидзинаг фесты… Лыгъдысты сылгоймæгтæ, сабитæ, зæрæдтæ Зары фæндагыл. Ногæй та сæ бахъуыд сæ уæзгуытæ ныууадзын. Фæлæ райдиан æмæ кæрон алцæмæн дæр вæййы… Фæцис хæст æмæ ма фæстæмæ сæ хæдзæрттæм Дæллаг Ходæй баздæхтысты 16 цæрæг хæдзары, Уæллаг Ходмæ та – 5 цæрæг хæдзары. Иннæтæ, куыд ма загътам, æрбынат кодтой æндæр рæтты.

 

 ХЪÆСТАГ НЕ СТЫ СÆ ЦАРДÆЙ

Сымах ма цы уромы ам, куы бафæрсай ходæгты, уæд сæ дзуапп вæййы æмхуызон. Фыдыуæзæгмæ уарзондзинад.

“Æнæуый дæр дзы ницæуыл стыхсдзынæ. Хъæу ифтонг у донæй, рухсæй. Æвдисы нæм телеуынынад. Мæры цыдæриддæр баппарай – нæ дæ фæсайдзæн. Базмæл æмæ ницы цух баййафдзынæ. Хъæды лæвæрттæй дæр цух не сты. Хъæд йедзаг у алыгъуызон гагадыргътæй. 500 килойы бæрц зокъотæ æртыдтон, афтæ бирæ дзы ис. Тынг уарзын мæ хъæу. Афтæ у, адæймаг йæ фыццаг къахдзæфтæ цы зæххыл акæны, йæ фыццаг дзырдтæ цы зæххыл сдзуры, уый мыдау, зæрдæйæн адджын вæййы,” – зæгъы Ходты Рудольф.

 

ÆРБАЗДÆХТЫСТЫ СÆ ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГМÆ

Гуры цардысты Бекъойты æфсымæртæ Игорь æмæ Леуан сæ ныййарджытимæ. Гуыргæ æмæ хъомыл дæр уым кодтой. Æвзæр нæ цардысты. Аразджытæ сты æмæ æдзух куысты сæр лæуд уыдысты. Фæлæ æрбалæууыдысты 90-æм азтæ æмæ райдыдтой сæ хъизæмæрттæ. Хæдзармæ сæм цæуын райдыдтой гуырдзиаг æнæформалтæ, æртхъирæн сæм кодтой, зæгъгæ, сымах Цхинвалмæ æрвитут æххуыс, цæмæй уыдон æхсæнгарз балхæной. Ирæтты хæдзæрттæм лæбурдтой, сæ фæллæйтты сын ластой, мард-той сæ. Фæндæгтæ Цхинвалмæ æрæхгæдтой.

Æфсымæрты ныййарджыты уый сагъæсы ныппæрста. Загътой сын, цæмæй сыстой æмæ исты хуызты ацæуой Цхинвалмæ. Игорь йæ хоимæ Цхинвалмæ нæ, фæлæ ацыдысты Тбилисмæ, уырдыгæй та – Бакомæ. Уым сбадтысты поездыл æмæ рахызтысты Беслæны горæты. Уым сæ æввахс хиуæттæм рæстæгмæ æрбынат кодтой, стæй бацагуырдтой, кæддæр сæ фыд кæцæй ацыдис Гурмæ, уыцы фыдæлты уæзæг – Ходы хъæуы. Уыдон бæргæ раирвæзтысты знæгты æгъатыр къухтæй, фæлæ Игоры зæрдæ æхсайдта йæ ныййарджытæм, йе ‘фсымæрмæ. Тынг уæззау уавæры бахаудтой. Цхинвалы иу гуырдзиаджы куы амардтой, уæд-иу ын уыдон дæр йæ ныхмæ хъуамæ искæй амардтаиккой. «Уыд ахæм цау дæр, æмæ цыппар гуырдзиаджы ныхмæ цыппар ироны куы æрцахстой. Сæ иу уыд мæ фыд. Разæй цы машинæ цыдис, уый фæурæдта æмæ рахъæр кодта иннæ машинæйы шофырмæ, зæгъгæ, фæстагмæ кæй æрцахстат, уый машинæйæ аппар æмæ уыдон дæр мæ фыды раппæрстой. Куыд рабæрæг, афтæмæй сын сæ сыхаг ирон лæджы хæдзарæй ракодтой æмæ йæ аргæвстой иннæ амæттæгтимæ уæлмæрды риуыл. Абон дæр нæ дисы æфтауы, никæй сæ зыдта, афтæмæй куыд аирвæзтис. Æмæ, дам, амонд нæй. Мæ фыд уæд тынг фæтарстис æмæ мæ мадимæ куыддæрты æрбаирвæзтысты Ходмæ. Ныууагътой сæ хæдзар, сæ фæллæйттæ. Гъе, ахæм æнæууæнк адæмимæ цардыстæм æмæ хæстæгдзинад агуырдтам семæ. Хуыцау сын ма ныххатыр кæнæд. Уыцы бавзаргæ тасы фæстиуæгæн мæ фыд тынг фæрынчын. Нал ссæрæн ис æмæ амард», – йæ уæззау мысинæгтæ дзырдта Бекъойы фырт.

«Адæймаг йæхæдæг у йæ цардаразæг. Зын уыд ногæй цард аразын. Фæлæ табу Хуыцауæн. Хъæууон цард ноджы цымыдисондæр у, дæхицæн дзы уавæртæ куы аразай, уæд. Фос скодтам. 10 стуры нæм ис. 80 бæрц та нæ мæргътæ сты. Хъæуы куы цæрай, уæд хъуамæ фæллой дарай, уæдæ, цы, – зæгъы Игорь. – Фæлæ уæддæр бирæтæ сæ хъæутæй лидзынц, уадзынц сæ уæзгуытæ æмæ мæнмæ уый раст нæ кæсы. Еныр нæ цуры Коцты бинонтæ хæдзар ара-зынвæнд кæнынц æмæ мæ цинæн кæрон нæй. Хорз сыхаг, дам, хио-нæй æввахсдæр у. Æмæ раст у. Цалынмæ дæм дæ хион хæццæ кæна, уæдмæ дæ сыхаг дæ фарсмæ æрбалæудзæн. Нæхæдæг аразджытæ стæм æмæ йын баххуыс кæндзыстæм. Куы æмбæла, уæд иу агуывзæ кæимæ баназай, уый дын хъуамæ уа,” – худгæйæ зæгъы Игорь.

                   БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.