***

Ирæттæ мæ фыццаджы-фыццаг сцымыдис кодтой историон-этнографион хуызы, аланты æмæ сæрмæтты байзæддæгтæ кæй сты, уымæй. Ирыстоны цалдæр хатты балцы куы уыдтæн, ирæттимæ лæгæй-лæгмæ куы базонгæ дæн, уæд мын бынтондæр мæ зæрдæ балхæдтой. Мæхи цæстытæй федтон цардæгас, цардхуыз зæрдæргъæвд, интеллигентон, курдиатджын адæм, кæд сæ царды уавæртæ арæх уæззау вæййынц, уæддæр тырнынц ахуырмæ…

***

Нарты кадджытæ кæсгæйæ иуцасдæр базонæн и, ныртæккæйы адæмтæ рагзаманты кæмыты цардысты, уый дæр, стæй, Геродот скифтæ æмæ сæрмæтты цардыуаг æмæ æндæр хабæртты тыххæй цы фыссы, уыдон æнгæс зонинæгтæ.

***

Рæхысæй (Сафайы, ома къонайы рæхысæй. Ред.) хордтой ард. Цалынмæ чырыстон дин не ’рфидар, уæдмæ-иу ног чындзы æртæ хатты æрзилын кодтой рæхысы алыварс, уый фæстæ-иу чындз хæдзароныл нымад æрцыди. Знагæн йæ къонайы рæхыс куы адавай, уæд ын уымæй стырдæр æфхæрд нæй. Йæ рæхыс бахъахъæнын кæй бон нæ бауыдаид, уый нымад уыди фидиссагыл, адæмы цæсты-иу фегад.

***

Кæд æмæ сылгоймаг зын уавæрты цæры, уæддæр ирон лæг йæ сæрмæ никуы хæссы уый бафхæрын, гъе йæм тызмæгæй сдзурын. Сылгоймаджы фæнæмын та худинаджы хабарыл нымад у. Этнографийы арæх ахсджиаг вæййы, искæцы адæм йæ сыхæгты цы номæй хоны, уый. Дыгур сæ хæстæгдæр сыхæгты, æрбацæуæг адæмыхатт балхъары, хонынц асы (асиаг – балхъайраг, Асы – балхъар цы бæстæ бацахстой, уый). Уый у рагон ном, азфыстыты йæ зонæм ястæй. Фæлæ гуырысхойаг нæу: ацы бæстæмæ æрæджы чи ’рбафтыд, уыцы балхъар нæ, фæлæ ир (дыгур) сæхæдæг сты асиæгтæ. Æрмæст бæстæйæн ацы ном йæ уæлæ баззад, кæд дзы æндæр адæмыхатт æрцард, уæддæр.

 

***

Стратегион хуызы хæрзвадæтты æмæ бæзгæ бынæтты чи æрынцад, уыцы егъау бæстыхæйттæй иуæй-иутæ сты æнæхъæн фидæрттæ. Уыдонæй иу –  Хуламы хъæумæ хæстæг. Ам бæрзонд æмдзæхгæр къуылдымыл лæууынц, йæ дæргъ æхсæз, йæ уæрх та дыууæ сардзины кæмæн у, ахæм цæстыахадгæ гæнахы хæлддзæгтæ. Бынæттон карст дурæй æнаипп конд æнæбасæтгæ фидар чи самадта, уый тыххæй суанг таурæгъ дæр нæ баззад. Дæлвæзы фаллаг фарсæй зынынц мæсыгы хæлддзæгтæ. Уый фыццагимæ иумæ хъуамæ знагæй хъахъхъæдтаид ком. Æмæ-иу, чи бырста, уыдон бахаудтой дывыдон арты: æхстой сæ дыууæрдыгæй. Дыууæ мæсыгы дæр – цыппæрдигъæттæ, куыдуæлæмæ нарæгдæр æмæ сты ирон мæсгуыты хæрз халдих, кæй зæгъын æй хъæуы, арæзт æрцыдысты, тæтæр Черекы коммæ куы нæма æрбацыдысты, уæд.

***

Миллеры фыстæг Чырыстонхъæуы æхсæнадон библиотекæ-кæсæндоны разамындмæ: «Бар мын радтут Ирыстоны фыццаг æхсæны библиотекæ æмæ кæсæндоны иумæйаг æмбырды уæнгтæн мæ зæрдæбын арфæтæ ракæнынæн, мæн уыцы ахъаззаджы кусæндоны кадджын уæнгæй цæрæнбонтæм кæй равзæрстат, уый тыххæй. Фидарæй мæ уырны, æхсæны библиотекæ стыр æххуыс кæй фæуыдзæни куыстуарзаг æмæ курдиатджын ирон адæмы, уæлдайдæр та рæзгæ фæлтæры европæйаг рухсадмæ æрбаввахс кæнынæн – уыцы хъуыддагмæ та ир дæр æмæ дыгур дæр тырнынц æмхуызон зæрдæргъæвдæй. Зæрдæйæ цин кæнын, ацы фарны фæндагыл фæстаг дæсгай азты ирæтты къухы цы æнтыстытæ бафтыд, уыдон уынгæйæ, мæ зæрдæ дарын, ног пайдайаг хъуыддагыл дæр фидарæй кæй фæхæцдзыстут æмæ кæй сырæздзæн, ууыл».

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.