XIV-æм æнусы тугмондаг Тимур, ирон адæмы рагфыдæлты, Аланты бынскъуыд куы кодта, уæд чи   аирвæзтысты, уыдонæй кæмæн куыд йæ фадат уыд, афтæ лыгъдысты хохы алы кæмттæм. Хæхбæсты ныппырх сты æмæ сын сæ кæрæдзиимæ бастдзинад дæр нал уыдис. Æрмæст ма чи цы коммæ баирвæзт, уыцы комбæсты адæм кæрæдзийыл хæцыдысты, фыдæбæттæ кодтой. Ирон адæмæн ма XIV-æм æнусы сæ нымæц цас уыдис, уый æвæццæгæн, бæлвырд ничиуал зоны. Ирон лæг зындзинæдтæн быхсон у, хæххон æвадат уавæрты дæр ныффæрæзтой, сæхиуыл фæхæцыдысты, сæ буары æмæ зæрдæйы хъæдгæмттæ байгас сты.

Цард та сын бацайдагъ, фылдæрæй фылдæр кæнын райдыдтой, фæлæ та сын хъысмæт цæттæ кодта ног фыдæвзарæнтæ. XVIII  æнусы кæрон æмæ ма суанг XIX æнусы райдианмæ ирон адæмыл стых æвирхъау халер. Адæм цагъды кодтой. Сæ мæрдты ныгæнын дæр нал фæрæзтой.

Мæнæ куыд зæгъы зынгæ историк Блиты Макс: «О численности осетин в XVIII в. точных данных нет. Первые сведения о демографическом состоянии относятся к 1742 году. Осетин по исчислению обоих полов более  200 тыс. человек, называя Осетию многолюдным  краем. Эти данные, возможно, несколько завышены, тем не менее, по ним можно судить, что еще в середине XVIII в. сравнительно небольщая территория Се-верной Осетии, была населена довольно густо. В дальнейшем произошло резкое сокращение ее населения. Главным образом, это явилось следствием губительной эпидемии чумы, свирепствовавшей в Осетии с конца XVIII века». Согласно документам «моровая язва» продолжалась на Северном Кавказе до 20 гг XVIII века”.

Уыцы æгъатыр халерæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Туалгомы Нармæ дæр бахæццæ. Ам, Нары зылды, Фаллагкомы, Мамианты уидаг кæцæй рацыд, уыцы хъæу – Сауыбыны ма иу бинонтæй аирвæзт иунæг дзидзидай сывæллон, йæ ном Сослан, зæгъгæ. Раст уыцы тæссаг æмæ уæззау рæстæджы Нармæ æрæфтыд Гæбæратæй иу сауджын. Уый Фаллагкомы, уыцы æвирхъау зæрдæуынгæггæнæн хабæрттæ куы федта, уæлдайдæр æнахъом саби «ихы сæрыл» баззад, уæд æм йæ Хуыцауы уарзон зæрдæ сдзырдта: «Ацы æнахъом, Хуыцауы хъæбулы, æгъатыр мæлæтæй ратонын хъæуы. Ам куы баззайа, халерæй куы аирвæза, уæддæр æвæгæ-сæгæй фесæфдзæн». Хæстæг, хион ма йын чи баззад, уыдонмæ æрхатыд цæмæй йын радтой ацы мæгуыр сидзæры. Схъомыл æй кæндзынæн, зæгъгæ, æмæ куы ралæг уа, уæд æй фæстæмæ æркæндзæн йæ райгуырæн бæстæмæ. Хиуæттæ сразы сты Гæбæраты сауджыны фæндоныл æмæ рахаста æнахъом Сосланы Хуссар Ирмæ.

Ныр ам иу ахсджиаг æмæ вазыгджын фарстайæн  æнæсæвзæргæ нæ уыд æмæ нæй. Чи уыди уыцы Гæбæраты сауджын, стæй хъысмæт цы тæрхон скодта уыцы æнахъом сидзæрæн?

Ам уал рагон историон цаутæ фæсфæд фæуадзæм æмæ чысыл хæстæгдæр цаутæм æркæсæм. – Цæвиттон, Хуссар Ирыстоны ис иу хъæу – Мамитыхъæу. Ацы хъæуæй рацæугæ Мамиты Оля йæ райгуырæн хъæуы равзæрд æмæ йæ адæмы историйæ хистæртæй куыд хъуыста, афтæ сæ йæ мысинæгты фыссы.  Иннæ таурæгъгæнæг та у Гæбæраты Ефимы фырт Рубен.

Дыууæ таурæгъгæнæджы радзырдты кæд гыццыл хицæндзинæдтыл фембæлæн вæййы, уæд-дæр уыцы хицæндзинæдтæ таурæгъы апп æмæ мидис нæ ивынц.

Банысангонд хъæуы цалынмæ Мамитæ æрцардысты, уæдмæ дзы цардысты Къæбыстæ æмæ, дам, цыдæр низæй аскъуыдысты. Сæ уæлмæрды бынат ма абон дæр у бæрæг. Уæдæ кæцæй æрхаудтой Мамитæ ацы хъæумæ? Гæбæратæй иу лæг уыдис сауджын, залдайаг.  Уый раджы, куыд ма загътам, афтæмæй æрæфтыд кæддæр Нармæ æмæ Оля фыссы, уæлдæр цы хабары кой кодтам, уый. Гæбæраты зæлдæ-хæлар сауджын сидзæр сабийы æрхаста Залдамæ, схъомыл æй кодтой Гæбæраты мыггаг, сæхицæй йын чызг радтой, зæххы хай йын радих кодтой Залдайæ 2 киллометры дæрддзæфдæр, Рагъы (афтæ хуынди уыцы бынат). Ам цæргæйæ баззад, цот ын рацыд æртæ фырты.  Фырттæ рахъомыл сты, уыдон дæр бинонты хъуыддæгтæ бакодтой, зæхх сын нал фаг кодта æмæ уæд дæлдæр, фылдæр зæххытæ балхæдтой æмæ сæ ног бынатмæ æривтой. Ацы ног бынаты равзæрд ног хъæу, фæстæдæр æй схондзысты Мамитыхъæу.

Ныр та уал æркæсæм Гæбæраты Иуанейы (Алгъузидзейы) цардвæндагмæ. Бæлвырд куыд у, афтæмæй Иуане райгуырд 1775 азы æмæ йæ цардæй ахицæн 1830 азы. Фæцард нымадæй æрмæстдæр 55 азы, бынтон цыбыр рæстæг фæцард, фæлæ йын тынг бирæ бантыст саразын æмæ йæ радтæг адæмæн балæггад кæнын.

Цыбырты Людвиг йæ чиныг «У истоков Осетинского просвещения»-йы фыссы, зæгъгæ, Иуане Туалгоммæ дæр æрæфтыд, хъæутыл зылди æмæ дзы зæрдæргъæвд сывæллæттæ  агуырдта æмæ сæ йæхæдæг ласта Калакмæ. Уым-иу сæ ахуырмæ радта.

Дарддæр Людвиг фыссы: «Для выполнения своей миссии, Ялгъузидзе пришлось  перейти через снежные горы, покрытые вечным льдом  к жителям Закинского, Нарского, Зарамагского ущелий, тем самым подвергая свою жизнь опасности.

Ныр та кæрæдзийы фарсмæ æрæвæрæм архивон æрмæджытæ, Оля æмæ Рутены мысинæгтæ æмæ таурæгътæ, кæцыты бындурыл нын зæгъыны бар ис: фыццаджыдæр, Иуане службæмæ куы бацыд ирон духовон къамисмæ, уæд ыл цыди 40 азы – йæ тæккæ лæджы кары. Дыккаджы та уый, æмæ халер адæмы цагъта 1820 азы онг, Иуане та уыцы къамисы тæлмац-гæнæгæй кусын райдыдта 1815 азы æмæ дзы фæкуыста æртæ азы, ома, 1818 азмæ. Ацы бæлвырд хабæрттæ та нын дæттынц хъæугæ хатдзæгтæ скæныны бар.

Гæбæраты сауджын (ныр æй æргом æмæ бæлвырд дзурдзыстæм) – Иуане ирон духовон къамисы кусгæйæ, Нармæ æрæфтыд, æвæццæгæн, 1816-1817 азты. Æнахъом сидзæр Сосланы дæр æрхаста Залдамæ уыцы рæстæджы. Уый, æцæгæй-дæр, Гæбæраты Иуане (Ялгъузидзе) кæй уыди, уый мæ бон фидарæй зæгъын у, уæлдæр цы дæнцæгтæ æрхастон, уыдон бындурыл. Таурæгътæ æмæ историон цаутæ кæрæдзийыл иттæг хорз бадынц.

Иннæ бæлвырдгæнинаг фарст та у, æнахъом сидзæр Сосланы хъысмæт. Цаутæ сæхи куыд равдыстой, уымæ гæсгæ, Сослан йæ дарддæры цард, йæ хъысмæтæй æфхæрд нал баййæфта. Гæбæраты мыггаг æй схъомыл кодтой, сæхи мыггагæй ын чызг радтой, ссæдз азы йыл куы сæххæст, уæд. Зæххы хай йын радих кодтой Рагъы. Уый уыдаид, æвæццæгæн, 1835 азы, кæнæ чысыл фæстæдæр. Сосланæн Мады Майрæм балæвар кодта æртæ фырты. Уыдон куы бахъомыл сты, уæд сæ цæрæнбынат æривтой дæлдæр, æнцондæрвадат бынатмæ, æмæ дзы цæргæйæ баззадысты. Цот фылдæрæй-фылдæр кодтой æмæ Сосланы байзæддагæн ныр хъомыл кæны йæ 7-æм фæлтæр. Ацы фæлтæр сæхæдæг баисты æнæхъæн хъæу – Мамитыхъæу. Иу фæлтæр 30 азæй нымайгæйæ, Мамитыхъæуæн бындур æвæрд æрцыд 1865-1870 азты.

Ныр Мамитыхъæуы бындурæвæрæгыл ныхас куы цæуа, уæд Сосланы разæй дæр Иуанейы ном куы зæгъæм, уæд, мæнмæ гæсгæ, рæдыд нæ уыдзæн. Уымæн æмæ мæлæты дзæмбытæй сидзæр Сосланы  Иуане ратыдта. Иуане йæ куысты уагмæ гæсгæ, кæд æппынæ-дзух йæ фарсмæ нæ уыди, уæддæр йæ хъомылгæнæгыл дæр нымайын æмбæлы Иуанейы.

Оляйы нымадмæ гæсгæ 1991 азы онг Мамитыхъæуы цардис 29 хæдзары. Уыдонæй: Мами-тæй – 21, Гæбæратæй – 3, Гæззатæй – 3, Тедетæй – 1, Козатæй -1. Ацы 21  хæдзары Мамитæн сæрыстырæй сæ бон у зæгъын: зындгонд ирон ахуыргонд, рухстауæг, ирон фыццаг фыссæг, ирон адæмæн сæ талынг царды цырагъдарæг, дипломат Гæбæраты Иуане (Ялгъузидзе) кæй уыд сæ кæнгæ фыд æмæ сæ райгуырæн хъæу, сæ фыдыуæзæг Мамитыхъæуы бындурæвæрæг.

Бирæ æфхæрдтытæ баййæф-той гуырдзиаг националисттæй ирон адæмы хуссар хайы цæр-джытæ, уыдонимæ Мамитыхъæу дæр. 1920 азы сын гуырдзиаг меньшевик Жорданийы лæгхортæ сæ хъæу зынджы хай бакодтой.  Йæ цæрджытæ ма сæ сæртæ æфснайынмæ фæлыгъдысты  Цæгат Ирмæ. Советон хицауад Гуырдзыстоны дæр куы æрфидар, уæд та Мамитыхъæуы цæрджытæ  фæстæмæ здæхын райдыдтой æмæ сæ хæлд, сыгъд хæдзæрттæ сæ къахыл слæууын кодтой. Фæллойуарзаг адæммæ  цард йæ мидбылты худт, цардæй разы уыдысты, фæлæ та сын хъысмæт цæттæ кодта ног фыДæвзарæнтæ. 1991 азы та сын Гамсахурдиайы фыдгæнджытæ ногæй сæ хъæуыл арт бандзæрстой, цалдæр дæсгай азты тугвæллой сын фæхæлæттаг кодтой, адæм алырдæмыты фæлыгъдысты.

2000 азы гуырдзыйы бирæгъты лæбурдтытæ фæхъусгомау сты, сабырдзинад цыма фæфидар ис, афтæ каст адæммæ æмæ та хъæуы цæрджытæ фæстæмæ здæхын райдыдтой сæ уарзон къонатæм, сæ сыгъд хæдзæрттæ цалцæг кæнынмæ та æрæвнæлдтой, фæлæ та сæ цин бирæ нæ ахаста.  Уæдмæ та Гуырдзыйы хицауады сæргъ фæзынд ног дыкъахыг сырд – Саакашвили. Уый домдта: «Гуырдзыстон – æрмæстдæр гуырдзиæгтæн. Ирæттæ нæ зæххыл æрцæуæггæгтæ сты!» Саакашвилийы лæгсырдтæ та сын сæ æрдæгарæзт хæдзæрттыл арт бандзæрстой, зæххы æмвæз скодтой æппæт дæр.

Мæнмæ гæсгæ, ныр Уæрæсейы къухдариуæгадæй, гуырдзиаг зынгæфтауджытæн уыцы хъæумæ, стæй æппæт Хуссар Ирмæ дæр, сæ фæндаг æхгæд æрцыд сындз телæй. Ме ‘фсымæртæн, æппæт Мамитыхъæуы цæрджытæн мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй цард ногæй сæндидзын кæной сæ хъæуы.

МАМИАТЫ Таймураз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.