Дональд Трамп диссаджы ирвæзт кæй акодта мæлæтæй, уымæн æвдисæн уыдыстæм. Ничиуал дызæрдыг кæны ныр йæ фæуæлахизыл, йæ рейтингтæ бæрæг фæфылдæр сты æмæ Байдены командæйæн ахæм цыбыр рæстæгмæ Трампы æруромынæн ницыуал сæ бон у.

Кæмæдæрты афтæ кæсы, цыма Трамп йе ‘ддагон политикæйы фæхуыздæр кæндзæн Уæрæсеимæ ахастытæ. Ног президент дыууæ хъомысджын бæстæйы æмахастытыл кæй бандавдзæн, уый æнæмæнг у. Хуыздæрырдæм, æви æвзæрырдæм, уый та ничи зоны. Уæрæсейаг æмбæстæгтæ йæ хъуамæ фидарæй бамбарой, АИШ-ы цахæмфæнды президент ма снысан кæной, уæддæр Уæрæсейы пайдайæн никуы архайдзæн. Рагæй фæстæмæ стæм сæ цыфыддæр знаг æмæ нæм кæддæриддæр кæсдзысты ахæм цæстæй. Трамп уадздзæн рационалон, адекватон политикæ ныры разамынады уæлдай, æмæ æрмæстдæр уымæй хицæн кæндзæн Байденæй.

Æвзæрырдæм кæуыл бандавдзæн Трамп, уый æнæмæнг уыдзæн Украинæ. Трампы амарыны хъуыддаг куы фæсыкк и, уæд Киевы нацистон кликæйæн се уонг амард. Уыдон æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, Байден фæстæмæ баззайдзæн президентæй, æмæ æргомæй йæ сæрыл дзырдтой, Трампы та критикæ кодтой. Украинаг политиктæ ныридæгæн цъиувæдис кæнынц, зæгъгæ, Трамп æмæ ног вице-президент Джей Ди Вэнс Украинæйæ уынынц сæ удхæссæг. Уый та нысан кæны, АИШ-ы ног разамынад кæй архайдзæн конфликт банымæг кæныныл æмæ ма сын финанстæ дæр кæй нал ратдзысты.

2014 азы Украинæйы паддзахадон фæфæлдæхты автортæй иу уыд Джо Байден. Комкоммæ та украинаг фарстатæ скъуыддзаг кодта Байдены лæппу Хантер. Фæстæдæр, 2015 азы, рабæрæг сты коррупцион хъуыддæгтæ – миллиардгай доллартæ цыдысты Байдены командæйы дзыппытæм æмæ уыцы чъизи хъуыддæгтæн уыд егъау резонанс. Украинæйы Генералон прокуратурæ ауагъта слестгæнæн мадзæлттæ, æртымбыл кодтой тæрхондонæн аххосджынты фæазымджын кæнынæн фагæй фылдæр факттæ. Фæлæ Петр Порошенкойы фæрцы уголовон хъуыддаг кæронмæ нæ ахæццæ, æрæхгæнын æй кодтой. Уыцы рæстæджы АИШ-ы райдыдтой президентон æвзæрстытæ æмæ Украинæйы разамынад æргомæй рахæцыдысты Хиллари Клинтоны фарс. Се ‘намондæн Трамп рамбылдта. Фæстæдæр Трамп Зеленскийæн бахæс кодта, цæмæй Хантеры уголовон хъуыддаг снæуæг кæной. Уый фæдыл Украинæмæ ныццыд зынгæ америкæйаг адвокат Руди Джулиани æмæ фембæлд Зеленскиимæ. Ам Зеленский равдыста цъаммардзинад – фембæлды рæстæджы цæуыл ныхас кодтой, уый ныффыссын кодта æмæ йæ уый фæстæ раргом кодта. Ахæм æнаккаг мийы фæстиуæгæн Трампæн рахастой импичмент æмæ ма йæ абоны онг дæр æфхæрынц. Ахæм гадзрахат митæ нæ барынц политикæйы.

Æвзарджытимæ æмбæлгæйæ Трамп ныр дæр æргомæй дзуры, АИШ украинаг конфликтыл æгæр бирæ кæй хардз кæны. Ома, Украинæ Евроцæдисмæ ‘ввахсдæр у, уыдонæн у тæссаг Уæрæсейæ æмæ хардз дæр Европæ хъуамæ кæна. Æфсæддон эксперттæ та куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй Европæ æнæ АИШ-æй æгæр лæмæгъ у, йæ бон нæ бауыдзæн Украинæйæн æмбæлон æххуыс бакæнын. Зеленскийæн ма рæстæг ис фæззæгмæ, цæмæй хæсты быдыры исты æнтыстытæ равдиса. Уый фæстæ йын нал дæр фадат уыдзæн, нал дæр фæрæзтæ. Æмæ ма йæхæдæг дæр уыдзæн, уый дæр хъуыдыйаг у.

Æрæджы Зеленский уыд Вашингтоны НАТО-йы саммиты. Уым фембæлд цалдæр хъомысджын политикимæ, фæлæ Трампимæ фембæлыныл не сразы. Ныр, æвæццæгæн, нал дæр фембæлдзысты.

Трампы ног вице-президент Ди Вэнс рагæй дзуры æргомæй, цæмæй Украинæйы хæстон архæйдтытæ æрлæууын кæной, сразы уой Донбассы радтыныл æмæ украинаг чырыстон диныл хæст адæмы мауал æфхæрой. Ацы ныхæстæ украинаг фашисттæн сты карды цæфау. 2024 азы февралы Ди Вэнс æрцыд Мюнхенмæ æдасдзинады конференцимæ æмæ уым дæр банысан кодта, зæгъгæ, АИШ хъуамæ фæкъаддæр кæна Украинæйæн æххуыс. Уый фæстæ демонстративон æгъдауæй сыстад æмæ ацыд украинаг делегациимæ фембæлдæй.

Æввахс рæстæджы Украинæйы уавæр цæхгæр нæ фæивдзæн – ныры онг сæм цы æхсæнгарз фервыстой, уыдон сын фаг сты цалдæр мæйы дæргъы хæстон архæйдтытæн. Трампы дæр афтæ æнцонтæй нæ бауадздзысты кардиналон ивындзинæдтæ бахæссын – АИШ-ы паддзахадон системæ тынг вазыгджын у æмæ дзы иу адæймаджы фæндæй ницы цæуы. Паддзахадон политикæ фæивынæн дзы æнæмæнг хъæуы рæстæг. Уымæ гæсгæ, кæд Трамп рамбула, уæд ивындзинæдтæм æнхъæлмæ кæсын хъæуы æппынкъаддæр 2025 азы.

Дональд Трампы æххуысгæнæг Ричард Гренелл æрæджы фæндон бахаста, цæмæй Украинæйы ныддихтæ кæной автономон зонæтыл, цæмæй паддзахад бындуронæй ма ныппырх уа æмæ уæвынад кæна дарддæр. Уымæй уæлдай ма фидарæй загъта, зæгъгæ Украинæйæн НАТО-йы скондмæ райсæн нæй.

Трампы командæйы Уæрæсеимæ тох кæнын нæ фæнды æмæ ууыл æргомæй дзурынц. Стратегион цæстæй куы акæсæм дунейы политикон æмæ экономикон уавæрмæ, уæд АИШ-æн йæ конкурент Китай у. Æмæ уыцы хъуыддаг æмбарынц Трампы командæйы уæнгтæ дæр. Ди Вэнс æрæджы фехъусын кодта, зæгъгæ, Трамп куы рамбула, уæд æвæстиатæй Путинимæ аскъуыддзаг кæндзæн украинаг кризис, цæмæй йæ тыхтæ радта Китайы хъомысады ныхмæ. «Китай нæ бæстæйæн у иууыл тæссагдæр паддзахад æмæ мах та нæ ресурстæ æнæхъуаджы æндæр рæтты хардз кæнæм. Украинæ æнæмæнг хъуамæ райса нейтралон статус æмæ Донбассмæ мацыуал бар дара», – зæгъы Ди Вэнс.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.