АИШ-ы паддзахадон секретарь Энтони Блинкен фехъусын кодта, зæгъгæ Гуырдзыстоны хицауадæн йæ антидемократон архайды тыххæй æрурæдтам финансон æххуыс 95 миллуан доллары бæрц. Ахæм къахдзæф бамбарын кодта, ома АИШ ногæй æркаст дыууæ бæстæйы æхсæн æмгуыстады бадзырдмæ æмæ йæм йӕхирдыгӕй ивындзинæдтæ бахаста. Фæлæ уыимæ иумæ, АИШ дарддæр финансон æмæ æндæр алыварсон æххуыс кæндзæн ахæм программæтæн, кæцытæ архайынц америкæйаг «демократи» райтынг кæныныл  Гуырдзыстоны.

32 азы дæргъы АИШ Гуырдзыстонæн финансон æххуыс бакодта 6 миллиард долларæй фылдæр. Уыцы фæрæзтæ, ома, нысанмæздæхт уыдысты сæ экономикæйы райрæзтмӕ æмæ гуырдзиаг «демократон» институттæ стыхджын кæнынмæ. Стæй ма сæ уыйбæрц рæстæг сайдтой евроинтеграцийæ æмæ НАТО-йы скондмæ райсынæй. Ныр уыцы бæллицтæн кæрон æрцыд. АИШ-ы фæстæ Евроцæдис дæр йæ финансон æххуыстæ аздæхта гуырдзиаг æнæкоммерцион организацитæм, ома оппозицимæ. Куыд уынæм, афтæмæй ныгуылæн бæстæтæ райдыдтой Гуырдзыстоны разамынады ныхмæ сæ дискредитацион архайд. Фӕнды сӕ октябры парламентон ӕвзӕрстыты «коммӕгӕс» разамынад сӕвӕрын.

Гуырдзыстоны ныры разамынад ӕй тынг хорз ӕмбары, ныгуылӕн бӕстӕтӕ сӕ ныхмӕ знагиуӕг архайд кӕнын кӕй райдыдтой, уый. Фӕлӕ сӕ бон ницы фӕивын у. Сӕ коммӕ куы бакӕсой ӕмӕ Уӕрӕсейӕн хӕст куы расидой, уӕд ӕнӕмӕнг фесафдзысты сӕ паддзахад ӕмӕ сӕ адӕмы историйы ӕлгъыстагӕй баззайдзысты. Сӕ фӕндыл куы нӕ разы кӕной, уӕд сыл уайтагъд демократийы знаджы ном авӕрдзысты ӕмӕ сын сӕ фӕндӕгтӕ ӕрӕхгӕндзысты, рагӕй фӕстӕмӕ цы ныгуылӕнмӕ бӕллынц, уырдӕм. Уымӕ гӕсгӕ сын ис ӕрмӕстдӕр иу мадзал – сӕ ныхмӕ фӕлӕууын. Ацы уавӕрты сӕ ныфс сты се ‘мбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ сыл се ‘ууӕнк бафтыдтой. Фӕлӕ йӕ куыд зонӕм, афтӕмӕ хуымӕтӕг адӕм ӕнцон фӕсайӕн кӕнӕ балхӕнӕн сты. Рӕстӕг ӕй равдисдзӕн, радон хатт та фӕсайды уыдзысты гуырдзиӕгтӕ, ӕви нӕ. Сӕ историйы сыл ахӕм рӕдыдтытӕ цалдӕр хатты ӕрцыд, фӕлӕта йӕ фӕстӕмӕ сфӕлхатт кӕнынц.

Украинӕйы территорийыл сӕрмагонд ӕфсӕддон операци куы райдыдта, уӕд Гуырдзыстон дӕр, иннӕ «демократон» бӕстӕты ӕмрӕнхъ, фӕаххосджын кодтой Уӕрӕсейы. Дыууӕ азы дӕргъы алыгъуызон ӕхсӕнпаддзахадон фембӕлдтыты рӕстӕджы ӕппынӕдзух дзырдтой Украинӕйы рӕстдзинадыл, йӕ суверенитетыл. Фӕлӕ Киевӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕн уый цъус уыд. Уыдон фӕнды, цӕмӕй Уӕрӕсейы ныхмӕ Гуырдзыстон ӕрбакӕна дыккаг фронт, райса сӕ ныхмӕ ӕппӕт санкцитӕ ӕмӕ Украинӕмӕ арвита бирӕнымӕц бархион хӕстонтӕ. Фӕлӕ абоны онг Гуырдзыстоны разамынад ахӕм ультиматумыл нӕ разы кӕнынц. Ӕмбарынц ӕй, ахӕм къахӕдзӕфты райстимӕ се сӕфт дӕр кӕй ӕрцӕудзӕн.

Тбилисы мэр Каха Каладзе йӕ интервьюйы афтӕ бамбарын кодта санкциты райсыны хъуыддаг, ома ахӕм уавӕрты Гуырдзыстоны экономикӕ бындуронӕй ныппырх уыдзӕн. Не сразы сты бархион хӕстонтӕ арвитыныл дӕр, – украинаг фронты цы гуырдзиӕгтӕ хӕцы, уыдон барвӕндонӕй ацыдысты, сӕ бӕстӕйы разамынады нӕ бафӕрсгӕйӕ. Гуырдзыстон ныридӕгӕн фидар кӕны йӕ экономикон бастдзинӕдтӕ Уӕрӕсеимӕ ӕмӕ уый фӕрцы фӕстаг цалдӕр азы сӕ экономикӕ сӕндидзыдта. Уӕрӕсе сразы Гуырдзыстонимӕ авиабастдзинад бакӕныныл, йе ‘мбӕстӕгтӕн аивта визӕйон режим, ӕмӕ сӕ фӕрцы сӕ бюджетмӕ цӕуын райдыдта бӕрӕг фылдӕр ӕфтиӕгтӕ. Ӕмӕ ныр Гуырдзыстон официалонӕй иу хӕстон дӕр куы арвита Украинӕмӕ, кӕнӕ сӕ ныхмӕ санкцитӕ куы райса, уӕд та раууатмӕ ӕрцӕудзӕн сӕ экономикӕ ӕмӕ та мӕгуыргур ныллӕудзысты ныгуылӕнмӕ.

Уӕрӕсе рагӕй ӕмбарын кӕны Гуырдзыстоны разамынадӕн, гуырдзиаг ӕмбӕстӕгтӕ хайад кӕй исынц Уӕрӕсейы ныхмӕ хӕстон архӕйдтыты Донбассы ӕмӕ уыцы факт ӕвзӕрырдӕм кӕй бандавдзӕн фӕстӕдӕр дыууӕ бӕстӕйы ӕмахастытыл, уый. Суанг ма 2014 азы арӕзт ӕрцыд «Гуырдзиаг нациналон батальон» Мамука Мамулашвилийы сӕргълӕудӕй ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ уыцы ӕфсӕддон дӕлхайы рӕнхъыты уыдысты 1800 гуырдзиаг хӕстонӕй фылдӕр. Гуырдзыстоны раздӕры премьер-министр Ираклий Гъарибашвили активонӕй архайдта гуырдзиаг бархион хӕстонты Украинӕмӕ ӕрвитыны каналтӕ ӕрӕхгӕныныл ӕмӕ уый тыххӕй ссис Зеленскийы цыфыддӕр знаг. Гъарибашвили та комкоммӕ фӕаххосджын кодта оппозицийы, украинаг фронтмӕ гуырдзиаг ӕмбӕстӕгты кӕй разӕнгард кӕнынц ацӕуынмӕ. Сӕ разамынад ӕй хорз ӕмбары, уыцы гуырдзиаг хӕстонтӕ ӕрмӕст Уӕрӕсейӕн кӕй не сты тӕссаг. Хӕстон архайдтытӕ куы фӕуой ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ныздӕхой сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ, уӕд сӕ ныгуылӕны спец-службӕтӕ сӕрибарӕй спайда кӕныдзысты революцион змӕлдтыты. Уымӕ гӕсгӕ Гуырдзыстоны мидӕггагон ӕдасдзинадӕн тынг тӕссаг сты Украинӕйы уӕвӕг гуырдзиаг ӕххуырст хӕстонтӕ.

Гуырдзиаг бархионты кӕй къуылымпы кӕнынц хӕстмӕ ацӕуыны тыххӕй сӕ бӕстӕйы разамынад, уый фӕдыл 2022 азы Зеленский йӕ минӕвары ракӕнын кодта Гуырдзыстонӕй, ома нӕм бархионты нӕ уадзут ӕмӕ ма ноджы санкцитӕ дӕр нӕ райстат Уӕрӕсейы ныхмӕ. Парти «Грузинская мечта» Киевы фӕазымджын кодта, зӕгъгӕ нын провокацитӕ аразут Уӕрӕсейы ныхмӕ, сусӕгӕр-гомӕй нӕ разӕнгард кӕнут хӕстон архайдтытӕм. Уый фӕстӕ Украинӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад расырдта Украинӕйӕ Гуырдзыстоны ӕххӕстбарджын минӕвары. 2023 азы Гуырдзыстон ӕргомӕй фӕазымджын кодта Украинӕйы разамынады, паддзахадон фӕфӕлдӕхт саразын сфӕнд кӕныны хъуыддаджы. Ныр Гъарибашвили, раздӕрау, сӕ сӕрыл нал хӕцыд, фӕлӕ хӕстон архӕйдтыты сӕйраг аххосаг хонын райдыдта, Украинӕ НАТО-мӕ бацӕуыны фӕнд кӕй скодта, уый.

Дыууӕ бӕстӕйы ӕмахастытӕ ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр кодтой ӕмӕ абоны бон зӕгъӕн ис, се ‘хсӕн кӕй нал ис конструктивондзинад. Гуырдзыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ коррупцийы фӕдыл уголовон хъуыддӕгтӕ кӕуыл бакодтой, уыдон алыгъдысты Украинӕмӕ ӕмӕ сын сӕ нӕ дӕттынц. Ӕгӕрыстӕмӕй дзы цалдӕры Зеленский баурӕдта бӕрнон бынӕтты. Ӕвӕццӕгӕн, сӕ фыдӕнӕн.

Гуырдзыстоны паддзахадон ӕдасдзинады службӕ куыд сбӕлвырд кодта, афтӕмӕй украинаг фашистон режим гуырдзиаг бархион хӕстонты ӕххуысӕй цалдӕр хатты хъавыдысты Гуырдзыстоны разамынады лидерты амарынмӕ. Гуырдзыстоны оппозици йӕ фӕсарӕйнаг спонсортимӕ стыхджын сты ӕмӕ сӕ фӕнд акӕныны тыххӕй цахӕмфӕнды мадзӕлттӕ райсыныл дӕр сразы уыдзысты. Суанг теракт саразыныл дӕр. Ӕрӕджы, февралы мӕйы Гуырдзыстоны цы хӕлӕн ӕрмӕг ссардтой автомашинӕйы, кӕцы рацыд Одессӕйӕ ӕмӕ хъуамӕ ныххӕццӕ уыдаид Воронежмӕ, уыцы хӕлӕн ӕрмӕджы ӕмбисӕй хъуамӕ спайда кодтаиккой Тбилисы. Ныгуылӕн фидарӕй кӕй аскъуыддзаг кодта Гуырдзыстоны разамынад фӕивын, уый ӕмбӕхсгӕ дӕр нал кӕны. Евроцӕдис ӕмӕ АИШ-ы паддзахадон депортамент комкоммӕ санкцитӕ рахаста гуырдзиаг политиктӕн ӕмӕ ма барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕн.

Ӕрмӕст, Иванишвилийы нӕ хъавынц амарынмӕ гуырдзиаг оппозици ӕмӕ ныгуылӕны спецслужбӕтӕ. Ӕрӕджы сӕ премьер-министр Кобахидзе раргом кодта, зӕгъгӕ мӕм иу еврокомиссар бартхъирӕн кодта, ома дыл дӕ словакаг коллегӕ Роберт Фицойы бон акӕндзӕн.

Ӕвзӕрстытӕ куыд ӕввахс кӕной, афтӕ Гуырдзыстоны дӕр уавӕр ӕндыгъддӕр кӕндзӕн. Ӕвзӕрстытӕн цахӕмфӕнды фӕстиуджытӕ ма уа, уӕддӕр сӕм змӕстытӕ ӕнӕмӕнг уыдзӕн. Уымӕн ӕмӕ уыцы протестон акцитӕн финансон фӕрӕзтӕ хицӕнгонд ӕрцыдысты, план арӕзт у, йӕ «активисттӕ» ӕмӕ «актертӕ» бӕлвырд сты. Гуырдзыстонӕн ныры уавӕрты Трампы фӕуӕлахиз бирӕ пайдадӕр уаид. Иванишвили ӕмӕ Кобахидзе дӕр ӕй бамбарын кодтой, зӕгъгӕ, Трампы фӕрцы дыууӕ бӕстӕйы ‘хсӕн проблемӕты фылдӕр хай уайтагъд иуварс ӕрцӕуиккой.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.