Боксæй фыццаг уæззау уæзы дунейы экс-чемпион боксер Гасситы Мурат 26 августы Сербийы фембæлдзæн 42-аздзыд америкæйаг боксер Карлуз Уэлчимæ.

Боксы изæр бацæттæ кодтой промоутерон компанитæ «Уралбокспромоушн» æмæ «Патриот» Уæрæсейы æмæ Сербийы боксы Федерацитимæ иумæ. Гасситы Мурӕт радзырдта, йӕ радон ныхмӕлӕуды бынатӕн Серби   равзӕрста уымӕн ӕмӕ йæ фарсхӕцджытӕн ардӕм ӕнцондӕр кӕй уыдзӕн ӕрцӕуын. Æдæппæтæй плангонд æрцыд 9 фембæлды, фембæлдтытæ та цæудзысты гом арвы бын.

Гасситы Мурат  æдæппæт фæуæлахиз 28 хатты, уыдонӕй 21 нокаутӕй, фӕхӕрды иу хатт. «Ацы фембæлдмæ тынг æнхъæлмæ кæсын, бокс æрымысыдтæн. Хъыгагæн, мæ къухы травмæйы тыххæй 2021 азы декабры Сочийы нæ рауад мæ фембæлд украинаг Андрей Руденкоимæ. Травмӕйы фӕстӕ тагъд фидар кӕнын. Мæ ног ныхмæлæууæг у кады аккаг. Карлуз Уэлч у фæлтæрдджын æмæ хорз боксер, йæ цæф у тыхджын. Фæлæ мæнмæ дæр мæхи къозыртæ ис, сæйраг нысан – фембæлдмæ хорз бацæттæ кæнын, идеалон физикон кондицийы уæвын», – загъта Гасситы Мурат.

Сланты Витали банысан кодта, Гасситы Мурат йӕхи кӕй цӕттӕ кӕны активонӕй. “Дыууӕ хатты тренировкӕ кæны бон – дыууӕ сахат ӕмӕ ӕрдӕг райсом, изӕры та ӕртӕ сахаты. Йӕ раздӕры формӕйы 60-70 проценты уал райста. Йӕхи дӕр тынг фӕнды рахизын рингмӕ”, – зæгъы уый.  Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махæй алкæйы дæр фæндыд фенын Гасситы Мураты тох Уӕрӕсейы. Ныртӕккӕ уый кæны активон тренировкӕтӕ. Тынг мӕ фӕнды, цӕмӕй Гасситы Мурат ӕмӕ Александр Усик ногӕй сӕмбӕлой рингыл. Уырны мӕ, ацы хатт Мурат кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн йӕ тых, хъӕддыхдзинад ӕмӕ йӕ фидар цӕфы руаджы”.

Мурат йæхæдæг йæ абоны уавæры тыххæй зæгъы: «Царды, æвæццæгæн, иудадзыг лæгъз фæндæгтыл цæуынæн фадат нæ вæййы. Спорт куы райсæм, уæд уым дæр æрмæст уæлахизтæй райдайæнæй кæронмæ никæй цардвæндаг ацыди. Алцæмæ дæр цæттæ уæвын хъæуы. Мæн фæстаг дыууæ азы бафæразын бахъуыд фæд-фæдыл цалдæр операци æмæ æндæр аххосæгты тыххæй цы къуылымпыдзинæдтæ рауад, уыдонæн, фæлæ мæм спорт ныууадзыны хъуыды никуы ‘рцыд. Зонын æй, мæ иузæрдион фарсхæцджытæ мæ ногæй ринджы фенынмæ кæй бæллынц, уый æмæ зæрдиагæй архайын мæхи ног тохтæм бацæттæ кæныныл. Ныртæккæ цæттæ уæвын хъæуы фидæны ерыстæм. Мæхи цæттæ кæнын æппæты уæззаудæр уæзы тохтæм. Уыцы уæзы мын уыд цалдæр фæлварæн тохы, фæлæ ныр нæ нысан у рейтингон тохтæм рахизын. Уый тыххæй кусын хъæуы æвæллайгæйæ æмæ æз  мæ тренер  Сланты Виталиимæ     архайдзынæн мæхи хорз бацæттæ кæныныл. Тынг мæ фæнды нæ Ирыстоны спортуарзджыты адæмы зæрдæтæ барухс кæнын».

«РИА Новости»-йæн интервьюйы зындгонд боксер Гасситы Мурат аиуварс кодта йæ дебюты фадат хæццæ хъæбысхæстыты (ММА). Уыимæ спортсмен фæбæрæг кодта хæстон аивæдты амынд къабазы райрæзт. «ММА хорз спорты хуыз у, уый тынг рæзы. Бирæ фæсивæд дзы архайы. Ныртæккæ хæццæ хъæбысхæстытæ бæрзонд æмвæзадыл сты. Фæлæ куыдфæндыйæ дæр бокс кæддæриддæр уæлдæр уыдзæн, ММА та сæ бынаты фидардæр кæнынц», – загъта уый. Гасситы Мурат ма уымæй уæлдай куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хæццæ хъæбысхæстыты уагæвæрдтæм гæсгæ фембæлдыл никуы сразы уыдзæн. «Мæхæдæг фембæлдыл никуы сразы уыдзынæн. Фæлтау сæм æнцадæй  телевизоры кæсдзынæн», – раргом кодта йæ хъуыдытæ боксер.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.