Уæгъдибар хъæбысхæстæй архайæг ирон богалтæ Уалыты Чермен æмæ Салхъазанты Таймураз хайад райсдзысты Олимпион хъæзтыты, кæцытæ уагъд æрцæудзысты Парижы 26-æм июлæй 11-æм августмæ. Ерысты уæгъдибар хъæбысхæстæй хайад чи райсдзæн, уыдон номхыгъд мыхуыр æрцыд Хъæбысхæсты иугонд дунеон сайтыл. Дыууæ спортсмены дæр хæцдзысты 74 кг уæзы категорийы. Уалыты Чермен хъахъхъæндзæн Албанийы спортивон кад, Салхъазанты Таймураз та хæцы Словакийы æмбырдгонды командæйы сконды.

Уæгъдибар хъæбысхæстæй ма 2024 азы Олимпион хъæзтыты хъуамæ хайад райстаиккой Найфонты Артур (86 кг), Сидахъты Зауырбег (74 кг) æмæ Цæболты Хетæг (74 кг). Фæлæ сæ дунеон олимпион комитет нæ бауагъта ерыстæм. Цæболты Хетæг та райста травмæ æмæ йын схос кæнынæн бахъæудзæн цалдæр мæйы. Уый хъахъхъæны Сербийы кад.

 

РАЙСТОЙ КОМПЕНСАЦИТÆ

Парижы Олимпион хъæзтытæм нæ бауагътой  245 уæрæсейаг спортсмены. Уыдонæн Уæрæсейы олимпион комитет радта компенсацитæ. Уыцы  нымæцы  сты уæгъдибар хъæбысæй хæцджытæ Сидахъты Зауырбег, Найфонты Артур, дзюдоисттæ Тасойты Инал æмæ Таймæзты Мадинæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.