Цæгат Ирыстон-Аланийы делегаци РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Администрацийы къухдариуæггæнæг Чилæхсаты Рустемы сæргълæудæй арфæ ракодта Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидæн йæ райгуырæн боны цытæн.

«Республикæ Хуссар Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы, мæхи номæй æмæ бирæнационалон адæмы номæй мын бар ратт, цæмæй дын раарфæ кæнон дæ райгуырæн боны цытæн. Ды дæ цард снывонд кодтай республикæйы рæзмæцыды хъуыддагæн. Мах нæ зæрдыл дарæм, ды ма Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар куы уыдтæ, æмæ нæ рох нæу гуырдзиаг тыхбахасты рæстæджы бадзырдон процессы цы стыр куыст бакодтай, уый, æмæ уынæм, ацы 5 азы дæргъы дæр, республикæйы президент уæвгæйæ, цы стыр куыст бакодтай, уый дæр. Дæуæн дæ къухы бафтыди адæмы æрбангом кæнын, сабырдзинад æрбиноныг кæнын, æмæ уымæн йæ аргъ стыр у», – загъта уый.

Чилæхсаты Рустем банысан кодта, зæгъгæ Тыбылты Леонидæн стыр аргъ кæны Уæрæсейы уæлдæр разамынад. «Сæрмагондæй, Владимир Путин йæхæдæг. Уый стыр æууæнк у», – бафтыдта ма йæ ныхасмæ уый.

Цæгат æмæ Хуссары æмгуыстады фарстытæм раздæхгæйæ, Чилæхсаты Рустем загъта, зæгъгæ, рæхджы Хуссар Ирыстоны уагъд цæудзысты президентон æвзæрстытæ, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ хъæлæс дæтдзысты Цæгат Ирыстоны территорийыл дæр.

«Мах нæхи ‘рдыгæй сараздзыстæм æппæт дæр, цæмæй Цæгат Ирыстоны æвзæрстыты процесс ацæуа УФ-йы, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстоны закъонмæ гæсгæ. Цæгат Ирыстоны цæрджытæй хъæлæс дæттыны бар кæмæн ис, уыдонæн арæзт æрцæудзæн æппæт уавæртæ дæр», – банысан кодта уый.

Цæгат Ирыстоны къухдариуæгад æмæ сæрмагондæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы номæй – уый ныртæккæ кусæгон балцы ис Мæскуыйы – Чилæхсаты Рустем Тыбылты Леонидæн раарфæ кодта йæ райгуырæн боны цытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, абон республикæты æхсæн сæвзæргæ фидар хæларадон ахастытæн ис хорз размæцыд.

«Ды арæх æмбæлыс Битарты Вячеславимæ, республикæйы бизнесментимæ, æмæ æрвылхатт дæр сæйраг фарстытæй иу вæййы Хуссар Ирыстоны размæцыд, пайдайы æмгуыстад, нæ адæмты æхсæн фарн æмæ хæлардзинад. Бузныг дын де стыр куысты тыххæй сабырдзинад бахъахъхъæныны сæраппонд. Бар мын ратт, цæмæй дæ схорзæхджын кæнон Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы уæлдæр паддзахадон хорзæхæй – «Ирыстоны кадæн»-æй. Æнæниз у, æмæ рæхджы цы æвзæрстытæ уыдзæн, уым дын  æнтыст уæт. Ныфс мæ ис, Хуссар Ирыстоны адæм раст равзæрст равзæрст кæй сараздзысты», – загъта Чилæхсаты Рустем.

Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид бузныг загъта Цæгат Ирыстоны делегацийæн, йæ архайдæн ын стыр аргъ кæй скодтой æмæ сæ арфæты тыххæй.

«Кæддæриддæр уыдзыстæм уæ фарсмæ, скъуыддзаг кæндзыстæм нæ фарстытæ. Бузныджы ныхæстæ фæхæццæ кæнут мæ хæлар Битарты Вячеславмæ æмæ æфсымæрон Цæгат Ирыстоны æппæт цæрджытæм», – загъта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.