Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дунеон дискусситы æмсæрдæртты йæхимæ райсыны рæстæджы банысан кодта дискусситы форматы нысаниуæг, уымæн æмæ сæм æнхъæлмæ кæсæм бирæ ахсджиаг фарстатæ бæстон кæнынмæ. Ныртæккæ, зæгъгæ, дунейы цы цаутæ цæуы, уыдонмæ кæсгæйæ сабырадæй хуыздæр æмæ бæрзонддæр ницы ис, æмæ иумæ хъуамæ æрхайæм ууыл, цæмæй ацы фарст кæддæриддæр уа фыццаг бынаты.

«Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы стыр нысаниуæг бирæ хæттыты банысан кодтам, мах ацы форматы куыстæн позитивон аргъ кæнæм. Йæ фембæлдтытæй бирæмæ æнхъæлмæ кæсæм æмæ нæ ныфс ис æмæ сын фæстиуæг уыдзæнис», – дзырдта Президент.

Уый ма куыд банысан кодта,  уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн тыхæй пайда кæй не ‘рцæудзæн, уыцы сразыдзинад суаид фæрсты ‘хсæн æууæнчы бындур. Фæлæ, Президенты хъуыдымæ гæсгæ, ацы фарст абоны онг дæр бæстон нæу гуырдзиаг фарсы аххосæй. Уыцы фарст фæстæ кæнынц алы аххосæгтæм гæсгæ. Тыбылты Леонид бахатыд дискусситы æмсæрдæрттæм, цæмæй радон раунды равдисой бæрæг хъарутæ ацы фарсты фæдыл гуырдзиаг фарсæн бауырнын кæной, ацы фарст æнæмæнгдæр аскъуыддзаг кæнын кæй хъæуы.

Кæрæдзи ныхмæ тыхæй кæй нал æрцæудзæн пайда, уыцы æмразыйы хъусынгæнинаг суаид размæцыды серьезон къахдзæф, дискусситы фæлгæтты иумæйаг куысты фæстиуæг.

Бæстæйы сæргълæууæг дарддæр банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны дызæрдыгдзинад æвзæры Гуырдзыстон НАТО-имæ кæй æввахс кæны, уыцы факты фæдыл. Уый, зæгъгæ, нæ хъуыдымæ гæсгæ у тæссаг, æмæ йын ис бæрæг нысан – Гуырдзыстон абон йæ разы æрбæстон кæнынмæ цы фарстатæ æвæры, уыдон тыхы руаджы аскъуыддзаг кæнын бафæлварын.

Механизмты фæлгæтты активон куыст дæр хорзыл банымадта Тыбылты Леонид. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæнтæ делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл куыстытæ бакæныны фæдыл фарст хуссарирыстойнаг фарс активонæй æвæры дискусситы раз. Ацы фарст аскъуыддзаг кæнынæй бæстон æрцæуиккой арæнтыл хизыны дунеон нормæтæ.

Тыбылты Леонид хъусдард аздæхта æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæты фарстмæ. Ис, зæгъгæ, æмбæлон æрмæджытæ, кæцытæ æвдисæн сты уымæн, æмæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгтæй цалдæр адæймаджы кæй уыдысты Гуырдзыстоны барадхъахъахъæнæг органты къухты.

Президент æвæрццаг аргъ скодта ахст æмбæстæгты кæрæдзийæн баивыны фæдыл хъуыддагæн.

«Ам мæ банысан кæнын фæнды дискусситы æмсæрдæртты хайбавæрд дæр. Женевæмæ æз цы фыстæг арвыстон, уымæн ацы хæрзиуæгон хъуыддаг ссис дзуаппон», – загъта Президент.

Лигъдæтты фарсты фæдыл æрдзурын Женевæйы дискусситы форматы фæлгæттæй  Гуырдзыстон кæй систа, уый тыххæй æнæ-разыдзинад равдыста Хуссар Ирыстоны Президент.

«Гуырдзыстон æмбæлон организациты фембæлдтыты рæстæджы иуфарсонæй æркæсы лигъдæтты фæдыл фарстмæ. Раст у, Гуырдзыстонæн фадат ис ИНО-йы Генералон Ассамблейы раныхас кæнынæн. Уæд саразæм афтæ, æмæ Хуссар Ирыстонæн дæр арæзт æрцæуа уавæртæ, æмæ хайад райса ацы фарстыл æруынаффæ кæныны, цæмæй лигъдæтты фæдыл фарстыл иуфарсонæй дзырд ма цæуа. Фæлæ гуырдзиаг фарс уымæй тæрсгæ кæны», – банысан кодта Президент. Уый зæрдыл æрлæууын кодта, сæдæ минæй фылдæр ирон нацийы минæвæрттæ  кæй систы, æвæндонæй сæ цæрæн бынæттæ чи ныууагъта æмæ Гуырдзыстонæй чи ралыгъдысты  ахæмтæ.

Йæ ныхасы кæрон Тыбылты Леонид ноджыдæр банысан кодта, Женевæйы дискусситы фæлгæтты арæзт кæй æрцæудзæн бирæ, уæлдайдæр сабырад æмæ æдасдзинад ифтонг кæныны   хъуыддаджы.

Ахæм хъуыдыйы фарс рахæцыд Евроцæдисæй æмсæрдар Герберт Зальбер дæр, зæгъгæ, Женевæйы формат ахсджиаг у æдасдзинады фарстатыл æруынаффæ кæнынæн.

«Раст у, дуне ныртæккæ хуымæтæг уавæры нæй. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ Женевæйы дискусситæ ахъаз сты уымæн, цæмæй Хуссар Кавказы арæзт цæуа ахæм атмосферæ, цæмæй дзурæм сабырадон уавæрыл. Сæйраг у кæрæдзиимæ дзурын. Мах, куыд æмсæрдæрттæ, афтæ   æппæтдæр аразæм уымæн, цæмæй Женевæйы бадзырдтытæ цæуой æвæрццаг здæхты. Мах ныфс ис, кæй æрбæстон кæндзыстæм уæззау моменттæ, кæй байхъусдзыстæм æппæт хайадисджыты позицитæм дæр», – дзырдта уый.

Йæ рады ЕÆÆО-йæ æмсæрдар Гюнтер Бехлер банысан кодта, зæгъгæ, æдасдзинады фарстатæ ахсджиаг сты Женевæйы дискусситы хайадисджытæ æмæ Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты куысты.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы аз Женевæйы нæ къухты бафтыдис бæрæг æнтыстытæ. Тыхæй пайда кæй нал ‘рцæудзæнис, уыцы фарст ахсджиаг у æмæ нæ ныфс ис, ацы здæхты куыст дарддæр кæй цæудзæнис.

Механизмты форматы куыстыл дзырд куы цæуа, уæд уый æз нымайын хъæуæг æмæ ахсджиагыл», – банысан кодта Бехлер.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.