Цхинвалы стыр ирон поэт æмæ драматург Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæны размæ уагъд æрцыд мадзал генийы райгуырды 157 азы цытæн.

Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады минæвæрттæ Президент Тыбылты Леониды сæргълæудæй, Хицауады уæнгтæ, министрадты æмæ ведомствоты, республикæйы интеллигенцийы минæвæрттæ, скъолаты ахуыргæнинæгтæ дидинджытæ сæвæрдтой генийы цыртдзæвæныл, уый фæстæ стыр поэты цытæн организаци æрцыд митинг.

Ирон адæмы царды Хетæгкаты Къостайы нысаниуæджы тыххæй йæ раныхасы банысан кодта Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон.

«Зын саргъгæнæн у Къостайы нысаниуæгæн махæй алкæйы царды дæр. Нæ рады, мах хъуамæ хъахъхъæнæм, Къоста нын кæй ныууагъта, уыцы бынтæ. Алцы дæр аразын хъæуы уый тыххæй, цæмæй йæ ном алы хатт дæр уа аккаг пьедесталы. Æмæ йæ Райгуырæн бæстæйæн, йæ æнгомдзинады тыххæй чи лæггад кæны æмæ мадæлон æвзаг чи хъахъхъæны, уый уымæй кад кæны Хетæгкаты Къостъайы номæн. Уый махмæ сидт, цæмæй кæрæдзи уарзæм, цæмæй уæм раст æмæ фæндвидар», – загъта Хъазиты Мелитон.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, стыр поэты райгуырæн бон абон нысан кæнынц Ирыстоны хуссары дæр æмæ цæгаты дæр.

«Ацы бонты республикæйы уагъд цæуынц мадзæлттæ Хетæгкаты Къостайы райгуырды 157 азы цытæн. Абон Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ ацыдысты Къостайы райгуырæн хъæу Нармæ. Фæнды мæ сымахæн фехъусын кæнын уый дæр, æмæ æввахс рæстæджы Знауыры поселочы æвæрд кæй æрцæудзæн Къостайы цыртдзæвæн», – дзырдта Хъазиты Мелитон.

Митинджы раныхас кодта журнал «Фидиуæг»-ы редактор Хъодалаты Герсан. Уый бакаст Къостайы æмдзæвгæ, афтæ ма йæхи фыст уацмыстæ дæр стыр поэты цытæн.

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты биологийы кафедрæйы сæргълæууæг, 2016 азы Хетæгкаты Къостайы Паддзахадон премийы лауреат Кокойты Теймураз йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, сæрыстыр у йæ райсгæ хорзæхæй, уый хæссы стыр ирон поэт æмæ драматурджы ном.

«Сæрыстыр дæн уымæй, æмæ биологи æмæ медицинæйы фæдыл уырыссаг-ирон энциклопедион дзырдуат саразгæйæ, æз кæй бахастон мæ хайбавæрд мæ мадæлон ирон æвзаджы рæзтмæ. Бузныг дæн, ахæм стыр хорзæхы æмæ мын мæ куыстæн ахæм стыр аргъ кæй скодтой, уый тыххæй», – загъта Кокойты Теймураз.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.