20 азы дæргъы гуырдзыйы аргессийы рæстæджы  ирон адæмимæ иумæ уæззау фæндæгтыл рацыдысты нæ республикæйы цæрæг æндæр нациты минæвæрттæ дæр. Уыдонæй ис ахæм бинонтæ, кæцытæ уал азы дæргъы хуыздæр цардагур никуыдæм алыгъдысты, уымæн æмæ сын Хуссар Ирыстон  ссис сæ райгуырæн адджын къуым æмæ уымæ гæсгæ ирон адæмимæ иумæ дих кодтой знаджы фыдæвзарæнтæ, сæхиуыл бавзæрстой æппæт фыдбонтæ.

Ахæмтæй сæ иутæ сты нæ горæты цæрæг Петоев Петры (дзæнæттаг) бинонтæ. Петры нæ горæты цæрджытæй бирæтæ зыдтой йæ дæсныйадмæ гæсгæ. Уый йæ чысылæй фæстæмæ бауарзта ювелиры дæсныйад æмæ йыл йæ царды фæстаг бонтæм дæр йæ зæрдæ никуы сивта. Нæ горæты цæрджытæй бирæтæн сарæзта къухдарæнтæ, хъуырылдарæнтæ, хъусцæджытæ æмæ афтæ дарддæр. Йæ дæсныйад афтæ тынг уарзта, зыдта æмæ йын йæ куыстмæ фау никуы ничи æрхаста. Йæ цардæмбал Хачатурова-Петоева Русудан дæр уыд йæхиау куыстуарзаг æмæ адæмæн уарзон адæймаг. Уый бирæ рæстæджы дæргъы фæкуыста Цхинвалы Профцæдисты хæдзары хынцæгæй.  Йæ царды фæстаг азты та куыста æнæнизгæнæн центр «Надежда»-йы, ам дæр бухгалтерæй. Дыууæ цардæмбалы цардысты кæрæдзи æмбаргæ æмæ уарзгæйæ. Бæргæ кодтой амондджын цард, фæлæ хатт адæймаг нæ фæзоны разæй йæм цы стыр æнамонддзинæдтæ фенхъæлмæ кæсынц, уый тыххæй. Русудан æмæ Петя сæхицæй амондджындæр никæйы æнхъæлдтой, уымæн æмæ хъæстаг ницæмæй уыдысты. Хуыцауы цæст сын бауарзта æртæ сывæллоны – иу чызг æмæ дыууæ лæппуйы. Уарзæгой ныййарджытæ сæ цоты  дæр схъомыл кодтой хæрзæгъдауæй, фæлæ…

Иу сæрдыгон бон Петоевты амондджын хæдзармæ бауасыд сау халон. Сæ кæстæр фырт Вася ахуыр кодта нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы æмæ йæ каст дæр бæргæ фæцис, райста хъомыладон аттестат дæр, бæргæ ма радта йæ документтæ уæлдæр ахуырадон уагдонмæ дæр, фæлæ… 2004 азы 9-æм июлы  уыд тынг тæвд бон æмæ куыд æрвылхатт, афтæ та Вася сыхаг лæппутимæ йæхи айста донбылгæронмæ йæхи найынмæ, донмæ бæргæ ныгæпп кодта, фæлæ дзы фæстæмæ  удæгасæй нал схызт. Йæ сæр дурмæ æрхаста æмæ дæ балгъитæг дæр афтæ.  Æвзонг 17-аздзыд лæппуйæн йæ фæндттæ йæ хъуыры фæбадтысты æмæ кæугæйæ ныууагъта, афтæ бирæ йæ цы ныййарджытæ уарзтой, уыдоны, йæ хо æмæ йе ‘фсымæры. Фæлæ цы сæ бон уыд Петоевты бинонтæн хъысмæты ныхмæ саразын, бинонтæ кæрæдзийæ сæ цæстысыг æмбæхсгæ æрвыстой сæ бонтæ. Цард дарддæр кодта, кæд ма ныййарджытæн уый цард хуындис, уæд. Фæлæ та сæм разæй æнхъæлмæ каст  стырдæр  бæллæх…

2008 азы августы хæсты рæстæджы Русудан, Петр æмæ сæ фырт Степа уыдысты Цхинвалы, никуыдæм ацыдысты. Иу хорз уыд æмæ хæстæй дыууæ боны раздæр Цæгат Ирыстонмæ арвыстой сæ чындз Куымæридтаты Маяйы, кæцы æнхъæлмæ каст  сывæллоны райгуырдмæ, йемæ ацыд сæ чызг Ирæ дæр йæ сывæллæттимæ. Хорз уыд æмæ ацыдысты, æндæра чизоны уыдон дæр тугæрхæм фæндагыл куы ацыдаиккой, уæд хъуыддаг цæуыл фæуыдаид.

2008 азы 7-æм августы æмбисæхсæвмæ æввахс тыхджын æхстытæ куы райдыдтой, уæд бинонтæ ныххызтысты сæхи сæрмагонд хæдзары ныккæндмæ æмæ се ‘хсæв тæрсгæ-ризгæйæ арвыстой, уым, уымæн æмæ, дам-иу тыхджын срæмыгъдтыты рæстæджы нæ хæдзар афтæ нынкъуыст æмæ, дам-иу старстыстæм хæдзар ныл куы ныккæла æмæ удæгасæй йæ быны ныгæд куы æрцæуæм, уымæй. Сæхи ныккæнды æдас кæй нал уыд, уымæ гæсгæ балыгъдысты, сæ хæдзары размæ цы кафе уыд, уый ныккæндмæ æмæ иннæ сыхæгтимæ сæ дыккаг æхсæв та арвыстой, уым. Уæдмæ сæм ныккæндмæ  фехъусын кодтой, зæгъгæ, уавæр, у тынг æндыгъд æмæ, зæгъ, тагъд гуырдзиæгтæ ныккæндтæм райдайдзысты цæуын æмæ адæмы марын. Уæд Петр æмæ Русудан сæ фырт Степаимæ сфæнд кодтой сæхи машинæйыл Цæгат Ирыстонмæ сæ чындз æмæ сæ чызгмæ ацæуын. Уыдаид æхсæвы 11 сахат, афтæ бинонтæ бабадтысты сæ машинæйыл, хорз уыд æмæ сыхæгтæй тыхджын æхстыты семæ ацæуын ничи бауæндыд. Машинæ скъæрдта сæ фырт Степа, йæ фарсмæ бадт Петр, Русудан та – фæстаг бандоныл æмæ араст сты фыдæвзарæнты, тугæрхæм фæндагыл. Схæццæ сты Тъбеты хъæуы суадоны цурмæ æмæ куыддæр Зары фæндагмæ фæзилæны схæрд кодтой, афтæ сæ суыдтой гуырдзиаг лæгхортæ, кæд сæ машинæйы рухсытæ барæй нæ сыгътой, уæддæр æмæ сæ æхсын райдыдтой алыгъуызон хæцæнгæрзтæй. Талынджы машинæ дзыхъхъы ныххауд æмæ дзыхълæуд æркодта, нал скуыста. Знæгтæ хъавыдысты машинæйы æртаджы бак фехсынмæ, цæмæй машинæ сгуыпп код-таид æмæ бæлццæттæ иууылдæр басыгътаиккой. Русуданыл уайтагъд сæмбæлдысты цалдæр нæмыджы æмæ æнæ-дзырды бон фæцис. Йæ цардæмбал Петяйы ныхæстæм гæсгæ, æвиппайды фæ-мард. Сæ машинæ кæд ссыгъд, уæддæр уайтагъд цыдæр амондæн фæстæмæ ахуыссыд, æндæра йæ мидæг басыгъдаиккой иууылдæр. Фыд æмæ фырт кæд уæззау цæфтæ фесты, уæддæр куыддæрты ратыдтой машинæйы дуæрттæ (уыдон гуыппытæй деформаци радтой æмæ кæнын нал куымдтой) æмæ рабырыдысты æддæмæ. Фæлæ сæ бон цæуын кæцæй уыдаид, Степайæн фæцæф сты йæ сæр æмæ йæ уæхск, Петяйæн та – йæ къах. Фæлæ тас цынæ кæны æмæ уыдон дæр сæ гуыбыны цъарыл тугкалгæ бырын райдыдтой уæлæрдæм. Русуданы мард буар уым ныу-уагътой, æндæр гæнæн сын кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ. Фыд хъуамæ фервæзын кодтаид йæ фырты дæр æмæ йæхи дæр. Иу цасдæр бырыдысты фæрсæй-фæрстæм, фæлæ иу рæстæджы фæхицæнтæ сты. Степайæн йæ цæфтæ афтæ тынг рыстысты æмæ сын сæ рыст нал урæдта æмæ йæ фыртыхстæй чи йæ æхста, уыдоны ‘рдæм абырыд. Бæргæ ма хъæр кодта Петр йæ дзыхы дзаг йæ фыртмæ, фæлæ никуы æмæ ницы. Степайы  суыдтой знæгтæ æмæ йæ æхсын райдыдтой æввахс æм бацæугæйæ, фæлæ стыр амондæн нæмгуытæ тахтысты йæ фæрсты. Степайæ туджы ницыуал зынд сæрæй къæхтæм уыд тугæй амæхст æмæ куынæуал змæлыд, уæд æй знæгтæ мард фенхъæлдтой. Уæд ын йæ къахыл гранатæ бабастой, ома, йæм исчи æввахс куы æрбацæуа æмæ йæм куы бавнала, уæд схæца æмæ уыдон дæр фæмард уой.  Фæлæ иу хорз уыд æмæ уый размæ машинæйæ куы рабырыдсты, уæд Степа йæ фыдæй кард ракуырдта, цæмæй йæ хæдон алыг кодтаид æмæ дзы йæ цæфтæ бабастаид. Кард йæхимæ баззад, алыг дзы кодта гранаты тел æмæ тыххæйты сбырыд фæндагмæ. Уым æй цыдæр машинæйыл сæвæрдтой æмæ йæ сластой Зармæ.

10-æм августы бон æрбацъæх ис, афтæ Петр дæр схæццæ Зармæ, йæ дзабыртæ кæмдæр ахаудтой, йæ пысултæ ныскъуыдтæ сты. Фыд æмæ фырт сæмбæлдысты Зары хъæуы. Степайæн дæр йæ скъуыдтæ пысултæй тугæй ницыуал зынд, фæлæ хуыздæр фæуæд ацы хъæуы цæрджытæ, чи сæм цы пысул хаста æмæ чи та цы æмæ сæ уый фæстæ фæхæццæ кодтой Дзаумæ. Уырдыгæй та сæ аластой Дзæуджыхъæумæ, цыран фыд æмæ фыртæн дæргъвæтин рæстæджы хос кодтой рынчындоны.

Абон хæстæфхæрд Цхинвалы цард кæд сындæггай йæ гаччы бады, ныр 16 азы нал хъуысы æхстыты хъæр, уæддæр Петоевты бинонтæй никуы ферох уыдзысты, уыцы æхсæвы хъизæмæрттæ.  Петр-иу йæ удæгасæй арæх дзырдта, зæгъгæ, мæ хуыцауæй уыцы амонд куы уыдиад æмæ мæ цардæмбал Русуданы разæй куы фæуыдаин, уæд мæнæй амондджындæр нæ уыдаид, фæлæ… Нымæц 9 та, дам, мын ссис æнæуынон, уымæн æмæ, зæгъ, мæ кæстæр фырт Вася  амард 9-æм июлы æмæ мæ цардæмбал Русудан та –  9-æм августы æмæ, дам, мæйы 9-æм бон уæлдай æрхæндæгдæр вæййы мæ зæрдæ.

Сæ машинæ нæмгуытæй уыд сыхырнайы хуызæн (уынут æй нывы), ныртæккæ ис «Сыгъд удты музейы». Русуданы мæрдонхуыз  нал федтой йе ‘мкъай æмæ йæ фырт, рынчындоны кæй уыдысты, уый аххосæй, йæ мард буар ын æрластой Цхинвалмæ йæ хиуæттæ æмæ йæ бавæрдтой йæ кæстæр уарзон  фырты фарсмæ.

Ахæм фыдæвзарæнтæн нæ бафæрæзта Петяйы зæрдæ æмæ 2015 азы цæрынхъуагæй æнцойад ссардта Згъудеры уæлмæрды йæ уарзон фырт æмæ йæ цардæмбалы фарсмæ. Рухсаг уæд!

Фæлæ знаджы фыдæнæн, Петоевты хæдзары цард дарддæр кæны. Хъуысы дзы сывæллæтты хъæлæба. Степа æмæ йæ цардæмбалæн ис æртæ сывæллоны дыууæ чызджы æмæ иу лæппу æмæ даргъ уæрæх цæуæт!

Джиоты Екатерина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.