Стæм адæймаджы йедтæмæ дохтыры аудгæ æххуыс кæй нæ бахъæуа, ахæм нæй. Адæймаджы организм куыд алыгъуызон у, афтæ дих кæнынц дохтыртæ дæр æмæ сæ лæггады хай кæнынц, чи фæтыхсы, уымæн æмбæлон медицинон æххуыс бакæнынмæ. Æцæгдæр, низæй тыхст рынчынæн бахъуыды рæстæджы, фыццаджыдæр, дохтыр ауайы йæ цæстытыл, уый æнæзивæг æмæ цæстуарзон æххуыс фæдомы. Æмæ дзы баззайы разыйæ, йæ низæй йæ куы суæгъд кæны, уæд рог æмæ æхцонæн сулæфы, ацы райдзаст дунемæ ноджыдæр цинзæрдæйæ фæкæсы. Рынчын адæймагмæ æвæстиатæй фæзынын æмæ йын фыццаг медицинон æххуыс бакæныныл намысджынæй архайы Цхинвалы «Тагъд æххуыс»-ы станцы коллектив. Уыдон æмбарынц, рынчын æмбæстаджы раз цы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг хæс лæууы, уый æмæ æнæкъуылымпыйæ кусынц йе ‘ххæст кæныныл. Ацы коллективæн разамынд кæны хæларзæрдæ æмæ куыстуарзаг адæймаг Хъуылымбегты Емзар. Уый Цæгат Ирыстоны медицинон институт каст фæуыны фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн Хуссар Ирыстонмæ. Райдианы куыста Сывæллæтты горæтон поликлиникæйы сæйраг дохтырæй. Уым цалдæр азы йæ дæлбаруæвæг коллективимæ æнæзæрдæхудт куыст бакæныны фæстæ 2006 азы апрелы мæйæ абоны онг та арæхстджын разамынд кæны сæйраг дохтырæй «Тагъд æххуысы станц»-æн. Уæддæр хуыздæр вæййы, уагдоны тыххæй хистæры ныхæстæм байхъусын æмæ мын сæ æнæзивæгæй радзырдта Хъуылымбеджы фырт:

— Иу бон дæр æрулæфт кæмæн нæй, æдзух йæ куысты уæлхъус чи хъуамæ лæууа, ахæм у нæ коллективы архайд. Тынг бирæ нæм вæййы, медицинон æххуысы сæр кæй бахъæуы, уыдоны ‘рдыгæй дзæнгæрджытæ, ома, суткæйы дæргъы 45-50. Кусы нæм 4 бригадæ: 3 терапевтон æмæ иу та сывæллæтты бригадæ. Фыццаградон æххуысæн нæ цыдæриддæр хостæ фæхъæуы, уыдонæй цух никуы æййафæм, ифтонг нæ кæнынц рæстæгыл. Афтæ ма хъуагдзинад не ‘ййафæм машинæтæй дæр, ивгъуыд аз октябры мæйы райстам 4 æмæ нæм ныртæккæ иууыл иумæ ис 7 машинæйы. Мæгуырау фæндæгтæ цы бынæтты ис, уырдæм æдæрсгæйæ ацæуынæн фæхъæуы хъомысджындæр транспорт æмæ уыдонæй дæр цух не стæм. Уый тыххæй нын ис цалдæр «УАЗ» æмæ «Газел»-ы æмæ сæ бахъуыды рæстæджы ахæм бынæттæм, арвитæм. Хъыгагæн, зæгъдзынæн дохтыртæ нын кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй дæр. Уый та уымæн, æмæ се ’мбис кусы æндæр æмæ æндæр бынæтты дæр, чи — горæтон поликлиникæйы, чи — рынчындоны. Æдæппæт куыстуаты ис 15 дохтыры æмæ уыдонæй 7 дохтыры сты бындурон кусджытæ. Æвзæнгтæй куыстмæ искæй æрбахонæм, уый нын æвзарын кæны зындзинад, уымæн æмæ махмæ у уæззау куыст. Зæгъæм, поликлиникæмæ, гæнæн ис, æмæ ма æрбацæуа иу рынчын дæр, махмæ та фондз минуты дæргъы уыдзæн 4-5 æххуысмæ сидæг дзæнгæрæджы. Машинæты нын ис мобилон бастдзинад æмæ сæ чи тагъддæр ссæрибар вæййы, уый та æвæстиатæй æрбалæууы æндæр тыхст рынчыны уæлхъус.

Хъуылымбеджы фыртмæ бахатыдтæн цалдæр хатты, дæ кусджытæй æппæты хуыздæр йæ хæстæ чи æххæст кæны, зæгъгæ, уæд дзуапп радтыныл не сразы. Цалдæр адæймаджы кой скæнон æмæ иннæты та фæсвæд фæуадзон, зæгъгæ, уый мæ нæ фæнды, уымæн æмæ сæ рахъастгæнæн никæмæй ис. Иууылдæр сæ куыстыл сты æнувыд, кæсынц æм бæрндзинады цæстæй æмæ йæ æххæст дæр кæнынц цæсгомджынæй. Сæ тырнындзинад вæййы рынчыны уæлхъус тагъддæр балæууын æмæ йын фыццаградон æнæмæнгхъæуæг æххуыс бакæнын. Æнæуый та дохтырты фондз азы иу хатт сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй ацæуынц Дзæуджыхъæумæ, медицинон хотæ та ам, бынаты, сæ квалификаци фæхуыздæр кæныныл бацархайынц. Мызд дæр сын ис категоритæм гæсгæ. Бæлвырдæй зæгъгæйæ та уæлдæр категори кæмæн ис, уый куыстмызд у 20500 сомы, фыццаг категорийы дохтыр исы 18500 æмæ, категори кæмæн нæма ис, уымæн та йæ мызд вæййы 15500 сомы.

Сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн сын мах дæр нæ газеткæсджыты номæй зæрдиаг арфæтæ кæнæм æмæ сын нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй æнæниз æмæ уæнгрогæй змæлой сæ куысты уæлхъус, кæддæриддæр хайджын уой æмбæстæгты арфæйы ныхæстæй.

ХУЫБИАТЫ Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.