20-æм июны 96 азы сæххæст, 1920 азы гуырдзиаг меньшевиктæ 13 коммунары æгъатырæй куы фехстой æмæ Згъудеры къуылдымыл ирон туджы зæйтæ куы рауагътой, уыцы боныл. 1920 азы 20 июнь ирон адæмы историйы фыстæй баззад æнустæм. Кæд 96 азы рацыд уыцы æнамонд бонæй, уæддæр  ирон  адæмæй макуы хъуамæ ферох уой знаджы цыфыддæр митæ.

Уæд дæр гуырдзиаг меньшевиктæ цуан кодтой ирон адæмы хуыздæртыл, цагътой æнæаххос ирон адæмы, уыгътой нацийы хуыздæр минæвæртты. 1920 азы июны мæйы карз хæстытæ цыдысты Цхинвалы уынгты. Хъуылаты Созырыхъо йæ радзырд «Æртындæсæй иумæ»-йы фыссы: «Дысоны къæвда Чъребайы уынгтæ ныхсадта. Баззадысты ма йын æнæ-хсад æрмæст туджы лæсæнтæ, зноны хъазуат хæсты туджы лæсæнтæ. Уыдон афтæ æнцон æрæхсæн нæ уыдысты». Уæд æрцахастой æмæ уацары акодтой ныхмæлæуды активон хайадисджытæй 13 адæймаджы æмæ сæ бакодтой цыдæр ныккæнды. 20-æм июны æхсæвы 3 сахатыл уыдоны ракодтой ныккæндæй æмæ сæ нæмгæ-нæмгæ, тугкалгæ акодтой горæты скæсæнырдæм, Згъудермæ. Уацайрæгтæ базыдтой, мæлæты тæрхон сын кæй рахастой, уый. Уыдонæй сæ иу – Дзауы районы Моргойы хъæуккаг Джиоты Андри, фæстаг хатт æрсидт ирон адæммæ: «Æмбæлттæ, чысыл фæстæдæр мах нал уыдзыстæм. Абон мах цæгъдынц нæ иумæйаг знæгтæ. Фæлæ мах амарынæй кусæг къласы скуынæг кæнын сæ бон нæ бауыдзæн. Мах фæстæ сæ ныхмæ ралæудзысты мингай адæймæгтæ, æмæ уæд – додой сæ къона! Мах разы стæм мæлæтыл, æрмæст уæлахиз уæнт кусæг адæм…».  Чизоны ма йæ ноджы цыдæр ныфсы ныхæстæ зæгъын фæндыд йæ радтæг адæмæн, фæлæ уæдмæ райхъуыст æхсты къæркъæр.

Андриимæ хорз зонгæ уыд мæ фыд Алыксандр. Иу хъæуккæгтæ, моргойæгтæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ йын хорз зыдта йæ ныййарджыты дæр. Мæ фыд-иу мын арæх кодта Джиоты Андрийы кой, ома, уыд тынг раст æмæ зондджын адæймаг. Куыста, дам, ахуыргæнæгæй. Арæх ма-иу мын кодта йæ фыдыхойы лæппу, курдиатджын инженер Гаглойты Рутены хорзы кой дæр. Тынг сæрыстыр уыд ацы дыууæ адæймагæй. Уыдоны адресыл-иу мын бирæ цымыдисон хабæрттæ радзырдта, фæлæ уый раджы уыд æмæ сæ рæстмæ нал хъуыды кæнын. Ныр ма бæргæ фæсмон кæнын, кæй-иу сæ нæ ныффыстон, уый тыххæй, фæлæ…

Æрæджы ма 13 коммунары трагикон цауы тыххæй ноджы фехъуыстон, мæнæн ног чи уыд, иу ахæм хабар æмæ мæ бафæндыд газеткæсджыты рæгъмæ йæ рахæссын. Уый тыххæй мын радзырд-та РХИ-йы Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Цоциты Ба-рис: «13 коммунары Згъудермæ куы скодтой, уæд ма меньшевиктимæ уыд йæ адæмыл гадзрахатæйрацæуæг Лохты Артены бинойнаг Чилæхсаты Ольга (Ола). Куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ уый дæр хъизæмар кодта æмæ мардта уацайрæгты. Олайæн Артенæй уыд чызг. Фæстæдæр мастисджытæ Артены куы амардтой, уæд уый фæстæ Ола дыккагæй чындзы ацыд Бурнадзетæм. Гуырдзиаг нæлгоймаг цард 8-æм июны уынджы, Сырх Дзуары цæгатварс. Олайæн Бурнадзейæ райгуырд лæппу, кæцыйæн рацыд бирæ сывæллæттæ. Сылгоймагæн йæ ныхас уыд гуырдзиагвæлдæхт, æгæрыстæмæй, иронау дзырдта акцентимæ. Уый уыд бæрзонд, егъæуттæконд сылгоймаг. Ныртæккæ Уæлвæткон уавæрты министрад цыран ис, уым сын уыд стыр зæххы фадыг сæндонимæ. Иууыл диссагдæр та уый уыд, æмæ-иу Ола уынгмæ куы рахызт, уæд-иу куыйтæ сæрра сты, сæ рæйынæй-иу нал æнцадысты æмæ-иу æм лæбурдтой. Æз уыцы диссаг фыццаг хатт куы федтон, уæд бацымыдис кодтон, хъуыддаг цæй мидæг ис, уымæ. Бамбарын мын кодтой, сылгоймаг тæригъæдджын æмæ лæгмар кæй у, уый æмæ мын радзырдтой ацы истори.

Сылгоймагæн, йе ‘намондæн, йæ фырт балæвар кодта стыр куыдз. Уыдонæн уыд егъау æнгуз бæлас æмæ ууыл баст уыд ацы куыдз, цæмæй сæм къæрныхтæ ма цыдаиккой. 1984-1985 азты æз изæры куыстæй хæдзармæ куы æрбаздæхтæн, уæд уынын: нæ уынджы æрæмбырд бирæ адæм. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы стыр куыдз йæ баст ратыдта, сылгоймаджы йæ къахæй ацахста æмæ  йын йæ тугдадзинтæ алыг кодта. Афтæмæй йыл хæцыд цалынмæ сылгоймагæн йæ уæнгты туг иууылдæр нæ рацыд, уæдмæ. Ахæм диссаджы истори æрцыд, 13 коммунары фыдмардæй амарыны хайад чи райстой, уыдонæй сæ иуыл».

1920 азты ирон адæмæн гуырдзиаг меньшевиктæ цы хъизæ-мæрттæ бавзарын кодтой, нацийы хуыздæр минæвæртты кæй фæцагътой, 47 ирон хъæуы фæнык кæй фестын кодтой, уый тыххæй рох кæнын нæ хъæуы. Ацы трагикон цауы дæр мысын хъæуы, куыд Зары, Ереды трагедитæ, афтæ. Науæд кæддæр нæ фæстагæттæ ферох кæндзысты, 1989-2008 азты ирон адæмæн гуырдзиаг фашисттæ цы хъизæмæрттæ бавзарын кодтой, уыцы цаутæ дæр. Æмæ бæрæг куыд у, афтæмæй йæ ивгъуыд цы адæм ферох кæнынц, уыдонæн та хорз фидæн никуы вæййы.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.