Радон хатт та хуссарирыстойнаг спортсментæ хайад райстой Налцыччы уагъдцæуæг стъолы теннисæй дунеон турниры, кæцы баст уыд наркоманийы ныхмæ тохы дунеон бонмæ. Ерысты 3-аг призон бынат бацахста цхинвайлаг Джиголаты Дианæ. Уый тыххæй нын фехъусын кодта РХИ-йы командæйы сæйраг тренер Джиоты Мириан.

Ерысты хайад райстой 150 спортсменæй фылдæр. Уыдон уыдысты Волгоград, Астрахань, Краснодар, Стъарапол, Тула, Дагъыстан, Кæсæг-Балхъар, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй.

Джиголаты Дианæйы ерыстæм бацæттæ кодта тренер Уалыты Иринæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.