Уæрæсейы скондмæ Ирыстоны бацыдыл 245 азы, Цæгат Ирыстоны автономон республикæйы сырæзтыл 95 азы æмæ горæтыл 235 азы сæххæсты сæраппонд, Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд ирон уæливыхты 6-æм фестиваль. Фестиваль уагъд æрцыд Терчы донбылгæрон, цыран хайад райстой РЦИ-Алани, Турк æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Конкурсанттæ скодтой цыхтæй, цæхæрайы сыфтæй, картофæй, насæй уæливыхтæ æмæ фыдджынтæ. Уæливыхтæ фыхтой сугын пецты. Конкурсы алы хайадисæгæн дæр уыд дыууæ сахаты уæливыхтæ сцæттæ кæнынæн, уыцы нымæцы хыссæ скæнынæн дæр.  Æнæмæнгхъæуæг уыд æрмæст хæрзад уæливыхтæ скæнын нæ, фæлæ ма жюрийы уæнгтæ сæ хъус дардтой, уæливыхтæ цы фынгыл кодтой, уым санитарон нормæтæ куыд хъахъхъæд цыдысты, уымæ, афтæ ма се ‘ддаг бакастмæ дæр.

6-æм æхсæнадæмон фестивалы Хуссар Ирыстонæй хайад райста Цхинвалы бирæпрофилон колледжы студенткæ Плиты Аллæ æмæ иумиагæй уагдоны командæ. Плиты чызг иннæ хайадисджытæй хицæн кодта куыд йæ арæхстдзинадæй, афтæ йæ уæлæдарæсæй дæр. Конкурсмæ йын, бирæпрофилон колледжы хуыйæг Бесаты Вадим сæрмагондæй бахуыдта, ирон æфсинтæ раздæр цахæм къабатæ дардтой, ахæм. Аллæ кæд дæсны хæбизджынгæн-джытимæ ерыс кодта, уæддæр нæ фæтыхст æмæ ссис фестивалы уæлахиздзау. Бирæпрофилон колледжы «повар-кон-дитер»-ы хайады ахуыргæнæг Бежанты Эммæ нын куыд ра-дзырдта, уымæ гæсгæ ма Хуссар Ирыстоны командæ фестивалы равæрдта этнографион къуым дæр. «Хуссарирыстойнаг хайадисæг йæ арæхстдзинадæй йæхимæ æркæсын кодта фестивалмæ æрбацæу-джыты. Æз хæдзарæй мемæ рахастон хъæдæй арæзт арынг æмæ Аллæ хыссæ скодта уыцы арынджы. Иннæ ахæм – нæ этнографион къуым, рауад тынг цымыдисон, кæцыимæ лæмбы-нæг базонгæ сты, куыд РЦИ-Аланийы Сæргъæууæг Битарты Вячеслав, афтæ иннæтæ дæр. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ нын уæлдай циндзинад кæй æрхаста, туркаг ирæт-тæ фестивалмæ кæй æрцы-дысты, уый».

 –  Кæд къæвда бон уыд, уæддæр фестивалмæ æрба-цыд тынг бирæ адæм  Дзæу-джыхъæуы цæрджытæ æмæ уазджытæ. Бæ-рæгбон барæсу-гъд кодтой Хуссар Æфсæддон зылды 58-æм иумиаг-æфсæддон арми сæ бацæттæгонд мадзалæй. Терчы донбылгæрон ра-вæрдтой æфсæд-дон техникæ, æф-сæддон формæ æмæ хæстон экипировкæтæ. Аф-тæ ма цæрджыты суазæг кодтой бы-дырон къæбицы хæринæгтæй. Хуссар Федералон зылды æфсæдтыл командæ-гæнæг, инæлар-майор Владимир Жаров Битарты Вячеславæн радта Уæлахизы тырысайы æмæ 10-æм гвардион æхсæг корпусы æфсæддон ты-рысаты халдихтæ. Стыр Фыды-бæстæйон хæсты тырысайы халдих лæвæрд æрцæудзæн РЦИ-Аланийы Национ музей-мæ, – загъта Бежанты чызг.

Плиты Аллæ хорзæхджын æрцыд грамотæ æмæ майда-нæй. Бирæпрофилон колледжы командæйæн та балæвар кодтой гæрзтæхсæн машинæ. Иу-миагæй, фестивалы цы 20 хайадисæджы уыд, уыдон иууыл-дæр хорзæхджын æрцыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.