УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

Горæт Грознæйы уагъд æрцыд æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат уæззау атлетикæйæ. Ерысты ирон спортсментæ рамбылдтой 6 майданы.

96 кг уæзы категорийы чемпионаты аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Теблойты Сæрмæтæн. Уый, 345 кг (155+190) бæрæггæнæн равдисгæйæ, рамбылдта сыгъзæрин майдан.

Æвзист призертæ та систы То-гойты Виктор (89 кг) – 318 кг (146+172), Мæрзойты Георги (96 кг) – 312 кг (140+172), Хадаты Сос-ланбег (102 кг) – 335 кг (153+182) æмæ Багаты Владимир (109 кг) – 323 кг (148+175).

Ерысты бронзæ майданы хицау та ссис Икъаты Батырбег (102 кг), кæцы дыууæ истæн скодта 323 кг (142+181).

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

 

21-22 ноябры Ираны столицæ Тегераны уагъд æрцæудзæн æфсæддонты ‘хсæн дунейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уым хайад райсдзæн Уæрæсейы командæ дæр. Уый арæзт æрцыд УФ-йы Хъахъхъæнынады министры Кубокы фæстиуджытæм гæсгæ. Командæйы скондмæ бахаудтой 7 ирон богалы:  Тусхъаты Азæмæт (57 кг), Бадтиаты Артур (65 кг), Бетанты Дэвид (79 кг), Найфонты Артур (86 кг), Уалыты Владислав (92 кг), Джиоты Эрик (97 кг) æмæ Хуыгаты Алан (125 кг).

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.