БОКС

Хуссарирыстойнаг боксер Гæджиты Гурам ссис 15-16-аздзыд боксерты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Анапайы. Гурам архайдта 66 кг уæзы категорийы. Уый финалы 1/4  хайы рамбылдта Тамбовы областы минæвар Се-рафим Ермаковы, æрдæгфиналы фæуæлахиз Тулайы областы командæйы уæнг Денис Долгополо-выл. Финалы йæ ныхмæлæууæг уыд Мæскуыйы областы боксер Матвей Варакин. Ацы боксеримæ ма Гурам фембæлд февралы мæйы Санкт-Петербурджы дæр. Уæд фæуæлахиз Варакин. Гурамы тренер Дзигойты Ацæмæз куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ йæ хъомылгæнинаджы сæрмагондæй цæттæ кодта ацы боксеримæ тохмæ.

«Бакастæн Варакины  тохтæм æмæ уыдонæн анализ саразгæйæ, бацæттæ кодтам сæрмагонд тактикæ. Гурам уый сæххæст кодта æххæстæй æмæ уый фæрцы алы раунды дæр уыд тыхджындæр. Уымæ гæсгæ йын тæрхонгæнджытæ иууылдæр радтой уæлахиз», – загъта Дзигойты Ацмæз.

Ацы æнтысты фæрцы Гурам ныр Уæрæсейы æмбырдгонды сконды хайад райсдзæн, 16 азы онг кæуыл цæуы, уыцы боксерты ‘хсæн Европæйы чемпионаты. Уый уагъд æрцæудзæн июлы райдианы гуырдзиаг горæт Батумы. Уæдмæ уал уый июны мæйы рацæудзæн цæттæгæнæн сбортæ.

 

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 37-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» хъазыд мæскуыйаг «Торпедо»-имæ, кæцы турнирон таблицæйы цæуы йæ тæккæ фæстæ. Уымæ гæсгæ дыууæ командæйæн дæр хъазт уыд тынг ахсджиаг. Дзæуджыхъæуы стадион «Спартак»-ы дисквалификацийы тыххæй хъазт цыд нейтралон фæзуатыл. Ахæм бынатæн æвзæрст æр-цыд горæт Грознæ. Уырдæм ацыд бирæ ирон спортуарзджытæ.

Хъазты 17-æм минутыл алайнæгтæн бантыст пурти бакъуырын. Расгуыхт Гуырцъыты Батраз. Фæлæ 86-æм минутыл тæрхонгæнæг «Алани»-йы кулдуармæ снысан кодта 11-метрон цæф. Афтæмæй хыгъд ссис 1:1. Хъазты кæронмæ хыгъд нал фæивта.

Радон туры «Алани» 24-æм апрелы уазæгуаты хъаздзæн Тольяттийы «Акрон»-имæ.

 

НОМАРÆН ТУРНИР ШАХМАТТÆЙ

Спорт

Цхинвалы уагъд æрцыд Гобозты Валерийы номарæн турнир шахматтæй. Ерысты сорганизаци кодтой РХИ-йы шахматты федераци, Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет æмæ ХИПУ.

Гобозты Валерийæн стыр æнтыстытæ уыд шахматтæй æмæ шашкæтæй. Уыд æппæтцæдисон ерысты призер. 1976 азы та шашкæтæй ссис Советон Гуырдзыстоны чемпион.

Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта РХИ-йы шахматты федерацийы президент Саулохты Георги. «Гобозты Валери æрмæст стыр шахматист нæ уыд, фæлæ ма уыд хорз ахуыргæнæг дæр. Уый бирæ сарæзта республикæйы шахматты размæцыдæн. Республикæйæн уæззау рæстæджыты-иу рæзгæ фæлтæрæн амыдта шахматты сусæгдзинæдтæ. Схъомыл кодта бирæ шахматистты. Йæ хъомылгæнинæгты ‘хсæн стæм æз æмæ ерысты сæйраг тæрхонгæнæг Битеты Алан дæр», – банысан кодта Саулохты Георги.

Ерысты организатортæ æмæ хайадисджытæн бузныг загътой Гобозты Валерийы æввахс хиуæттæ.

Ерысты хайад райстой æндæр æмæ æндæр кары шахматисттæ. Æдæппæтæй призтыл тох кодтой 23 адæймаджы. Партитæ иууылдæр акæнгæйæ хистæр кары шахматистты ‘хсæн фыццаг бынат бацахста Саулохты Георги, дыккаг ссис Къодоты Андрей æмæ æртыккаг бынатыл та ацыд Хуыбылты Сослан.

12 азы онг кæуыл цæуы, уыцы скъоладзауты ‘хсæн уæлахиздзау ссис Тыбылты Аланæ, дыккаг бынат бацахста Тыджыты Арсен, бронзæйон хорзæх та фæцис Джыгкайты Артуры. Студентты ‘хсæн иууыл цæттæдæр разынд Къæбулты Алан.

17 азы онг кæуыл цæуы, уыцы скъоладзауты ‘хсæн та фыццаг бынат адих кодтой Цоциты Ацæмæз æмæ Бахъаты Гамлет.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кады грамотæтæ, майдантæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

Хуриты Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.