ДЗЮДО

Хуссарирыстойнаг дзюдоисткæ Æлборты Аланæ ссис, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон Зылды чемпионаты уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Налцыччы. Хайад сæ райстой 305 спортсмены. Иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+78 кг) архайгæйæ, Аланæ бæрæг тыхджындæр уыд йæ ныхмæлæуджытæй. Финалы фæуæлахиз Уæрæсейы спорты дæсны Стъараполы крайы минæвар Вероника Кафановайыл.

Аланæйы тренертæ сты Гæбæраты Автандил, Гæбæраты Витали æмæ Тъуриты Тенгиз.

Раздæр ма Аланæ ссис Цæгат Кавказы Федералон Зылды чемпионкæ хистæр кары спортсменты ‘хсæн. Уый фæрцы  райста УФ-йы чемпионаты хайад райсыны бар, кæцы уагъд цæудзæн ноябры мæйы райдианы Хабаровскы.

***

Венгрийы столицæ Будапешты уагъд æрцыд дзюдойæ дунеон турнир «Большой шлем». +100 кг уæзы категорийы сыгъзæрин майдан рамбылдта Тасойты Инал. Финалмæ цæугæйæ, ирон богал фæуæлахиз Харун Садиковичыл (Босни), Гела Заалишвили (Гуырдзыстон) æмæ Ора Сассоныл (Израиль). Финалы Тасойы фырт фæуæлахиз иннæ уæрæсейаг спортсмен Тамерлан Башаевыл.

Футбол

Национ футболон къорды 17-æм туры фæлгæтты Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты хъазыд Мæскуыйы «Торпедо»-имæ. Хъазты рæстæджы командæтæн пурти бакъуырынæн цы гæнæнтæ уыд, уыдонæй хуыздæр спайда кодтой фысымтæ æмæ фæуæлахиз сты 2:0 хыгъдæй.

Радон туры «Алани» йæхи фæзуатыл хъаздзæн Тольяттийы «Акрон»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.