(Мæргъиты Сосланы райгуырды 110  азы бонмæ)

Ирыстон хъæздыг у Цæгатæй Хуссармæ алыгъуызон рæсугъд кæмттæ, рæгътæ æмæ къуылдымтæй. Уыдонæй алкæмæн дæр ис йæхи истори, йæхи царды рахæцæнтæ. Сæ иу у Тлигом.  Ис Уанелы зылды, у бæрзонд хæххон бынат.  Дзауы районы Уанелы зылды  рæсугъд бæрзæндтыл æрбынат кодта Тлийы хъæу. Сæйраджыдæр хъуыстгонд уыд Мæргъиты мыггагæй.

Тлийы зылды ма уыдысты: Стыр Тли, Бадзыгатæ, Уистау, Абаза.

Цард тæбæгъы донау фæкъулгæнаг у. Уый нæ фыдæлты æмбисонд у. Зæгъын æй уымæн, æмæ кæддæр нæргæ Тлигом абон баззад хъæддаг цæрæгойтæн.

Уыдис рæстæг – Тлигом сæ хъару, сæ уæздандзинадæй бæрæг хицæн куы кодтой. Æгъдау, фарн, æвзаджы хъæз-дыг, рæсугъд фæрæзтæ, царды æппæ-тæй ифтонг уыд Тлигом, уæлдайдæр та  Мæргъиты мыггаг.

Цы равзаргæ фæсивæд дзы рацыд, уыдонæй иу уыд, нæ театр сæрыстыр кæмæй уыд, уыцы Мæргъиты Сослан.

Ацы бонты йæ райгуырдыл æххæст кæны 110 азы. Ма йæ æрымысæм, або-ны фæлтæрæн йæ кой ма ракæнæм, уый уыдзæнис тæригъæддаг хъуыддаг.  Уый йе ‘взонджы бонтæй базæрондмæ уыд ирон сценæйы фидауц, сабыр, уæздан, фæлмæн зæрдæйы хицау. Уый уыдис театры хистæр фæлтæрæй. Йе ‘гъдау, йе сныхас, йæ уагæй цæвиттойнаг чи уыд, ахæм адæймаг, театралон фæзуаты-иу чи тезгъо кодта уæздан æмæ сæрыстырæй, уыцы Сослан.

Сослан сæрыстыр уыд, хæххон лæппу кæй уыдис, уымæй. Дзауы район. Йæ райгуырæн хъæу Тли. Хæххон æвадат хъæу. Цард дзы цæджджинагау фыхт, уый зæгъæн нæй, æгъдау, фарн, ирондзинад та дзы тыхджын кæй уыд,  уый та хъуыстгонд уыд.

Тлийы райгуырд Сослан 1914 азы, змæст, хæст, революцийы хъæр хæхтæм дæр куы лæгæрста, раст ахæм рæстæджы.

Фыды ‘рдыгæй раджы баззад сидзæрæй, йæ фыд Таджи цардæй раджы ацыд, хæдзары уæз æрæнцад мады уæхсджытыл.

Уæрæсейы революци фæуæлахиз, æнхъæвзын райдыдта кæройнаг бæстæтæм дæр. Революцийы знæгтæ сæ уд истой, нал ауæрстой адæмыл, сыгътой, куынæг кодтой æппæт дæр, мардтой æмæ сæ цæрæнбынæттæй сырдтой мæгуыр фæллойгæнæг адæмы. Ахæм уавæры бахауд æнæхъæнæй Хуссар Ирыстон 1920 азы. Уæд гуырдзыйы меньшевикон хицауад йæ ных сарæзта ирæттæм, фæсырдтой адæмы, басыгътой хъæуты, фæластой фæллæйтты. Уыцы лидзæг адæмимæ уæд æд папитæ Сосланы мад дæр. Адæм уынгæджы  уыдысты, уæлдай зындæр та уыдис сидзæргæстæн, сабитæн, зæрæдтæн. Сосланыл уæд цыдис 6 азы.

Фæсхохы фесты иу аз. Уый уыдис тухийаджы аз. Æххормаг æмæ бæгънæгдзинад, алыгъуызон низтæ, тифæй райдайгæйæ, æлдариуæг кодтой лыгъд адæмыл.

Фæуæлахиз ног хицауад, адæм здæхын райдыдтой сæ фыдæлты уæзгуытæм. Здæхтысты, фæлæ ма цы æрыййæфтой – сыгъды уæлдæйттæ, сисы хæлдтытæ, алайæдзаг сисын къултæ.

Æрцыдысты Сосланитæ дæр Тлимæ, æвзонг лæппуйы бахъуыд фыййауы лæдзæг райсын, æниу ма фос дæр кæм уыд, бирæтæ ма сæ муртæй æрыскъæрдтой цыдæртæ.  Æххуырст фыййау йæ лæдзæг нæ аппæрста 1929 азмæ. 1929 азы, фынддæсаздзыдæй араст ис цардагур, куыстагур фæстæмæ Цæгат Ирмæ, рагæй хъуыста Садоны кой æмæ ссис шахтер.

Куыст цардæн фæрæз кæй у, уый Садоны бамбæрста Сослан. Хъæууон лæппу аныгъуылд стыр хъуыдыты, стыр коллективы ‘хсæн цардмæ æндæр цæстæй акаст, Тлийы кæм федтаид ног арæзт клуб, цæхæркалгæ элекронон цырæгътæ. Бирæ ногдзинæдтæ уыдта æвзонг Сослан, фæлæ-иу театры фæзуаты (кæд мадзура уыд, уæддæр) арæх ракодта иу хабары кой, куыд федта фыццаг хатт сценæ, спектакль, куыд бахызт йæ зæрдæмæ театралон аивад, æмткæй театр.

Цæгат Ирыстоны драмтеатр рохуаты никуы ныууагъта Садоны шахтерты, арæх сæм цыдысты алыгъуызон спектакльтимæ. Зынгæ Советон драматург Туаты Дауыт уыдис инженер-электрик, куыста Садоны,  Садоны клубы федта Дзæуджыхъæуы театры спектакль «Номыл усы цот». Уый Мамсыраты Дæбейы пьесæ у. Дауыт сидзæрæй схъомыл, йæ мад Бигъуылианы удхæрттæ дзы рох никуы уыдысты.  Хæдзармæ куы æрбацыд æхсæвы, уæд йæ бонæджы (диссаджы бонæг ын баззад) афтæ фыста: «Дæбе сидзæргæс усы уавæр арæхстджынæй равдыста, фæлæ уæддæр зæгъын, мах нырма сидзæргæс устыты раз хæсджын-зылынджын стæм, фæлæ уæддæр Брытъиаты Елбыздыхъойы «Дыууæ хойы»-ы фарсмæ кæй æрывæ-рæм, ахæм нæма ис».

Дауыт уæдæй бавнæлдта сидзæргæс усы хъысмæт рæгъмæ рахæссынмæ æмæ йæ зынгæ драмæ «Сидзæргæс»-имæ 1940 азы балæууыд паддзахадон театры къæсæрыл. Уæдæй фæстæмæ Дауыт йæ дæсныйадыл йæ къух систа, ссис зынгæ драматург, йæ цард æмæ йæ куыст сбаста театримæ.

Садоны клуб фæзылдта æвзонг Сосланы сæры магъз дæр. Ахæм хабар мын радзырдта театры фæзуаты: Дзæуджыхъæуы театр нæм æрбацыд Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæ «Худинаджы бæсты мæлæт»-имæ. Шахтерты залы къухбакæнæн нал уыд, ныхъхъус сты адæм. Лæууыдтæн сценæмæ схизæны, кæсын архайдмæ, уынын, Хъырым сбаста Газаккы, ацыд зæронд лæг Берды бæх атæлæт кæнынмæ. Кæсын, Хъырым сайдæй рацыд Газаккыл, мæнгарддзинад сарæзта лæппуйæн. Кæцы театртæм кæсæг уыдтæн æз, хъуыддаг æцæгыл банымадтон, сгæпп кодтон сценæмæ, феуæгъд кодтон Газаккы. Уый фенгæйæ, сценæмæкæсджытæ худæгæй мардысты, æз та сценæйæ ралыгътæн. Загъта ма уый дæр, дыккаг бон клубы хистæр фæдзырдта Сосланмæ æмæ йæ бакодта, цы драмкъорд дзы куыста, уырдæм.  Уæдæй фæстæмæ Сослан æппæт йæ царды фæндæгтæ сбаста театримæ.

Хуссар Ирмæ Сослан æрыздæхт 1935 азы æмæ гъе уæд бахызт æцæг профессионалон театры къæсæрæй, гъе уæдæй сбаста йæ цард æмæ йæ тыхтæ театримæ.

1936 азы нæ театры царды æрцыд иу зæрдылдаринаг хъуыддаг, нæ фæсивæдæн  йæ дуæрттæ байгом кодта Ленинграды театралон институт. Уырдæм Хуссар Ирæй арвыстой 18 адæймаджы. Уыдонимæ уыдис Мæргъиты Сослан дæр.

1941 азы стыр хъару, стыр ныфсимæ бавнæлдта Сослан йæ куыстмæ, фæлæ рæстæгæн цы загъдæуа, райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Ирон адæмы та уæд бахъуыд фыдæлты тохы тырыса райсын, уыцы кады тырысайы дзырдтæ сфæлхатт кæнын «Кæнæ сæрибар, кæнæ – мæлæт». Фæцыд хæсты быдырмæ Сослан дæр, фæцис дзы 1943 азмæ, стæй йæ ссæрибар кодтой, йе ‘нæниздзинад нывыл кæй нал уыд, уый аххосæй.

Кæд уæззау дуг уыд, уæддæр нæ театр йæ куыст нæ ныууагъта, æгæрыстæмæй 1942 азы Цæгат Ирыстоны театр дæр ардæм æрцыд кусынмæ, хæст Дзæуджыхъæуы кæрæттæм куы æрбахæццæ, уæд.

Сослан 1943 азæй суанг пенсийы ацæуыны онг уæхскуæзæй фæкуыста нæ театры, дæллаг галы бынаты нæ, фæлæ æцæг арæхстджын актерæй, йæ егъау курдиат æмæ арæхстдзинад никуы бахæлæг кодта йæ адæмæн.

Мæргъийы фырты саразгæ фæлгæндзтæ 150 фылдæр уыдысты. Арæхстджын уыд Сослан сатирикон, юмористон ролты, куы-иу бахъуыд, уæд арæхстджынæй æххæст кодта трагедион рольтæ дæр. Бирæ уыд сæ нымæц, Сослан цы спектакльты хъазыд,  уыдоны уынынмæ цалдæргай хæттыты чи цыдис ахæм сценæмæкæсджытæн.

Тынг фæцыд адæмы зæрдæмæ, Пли-ты Грисы трагеди «Чермен»-ы Бестолы ролы куы хъазыд, уæд. Бестол у феодал. Тыхджын къласæй, йæ фырт Чермены Тлаттаты уæздæттæ лæгыл нæ нымадтой, уæрсты йын хай ницæмæй уыд. Чермен домдта лæджы бартæ, æппæт дæр æмбæрста фыд – Бестол. Фæлæ йæхи хуызæн хъæздыджытæй  тæрсгæйæ, уый Чермены никуы барæвдыдта, мæлæтмæ йæ куы ‘рвыста, уæддæр нæ бахъахъхъæдта йæ фырты.

Бестол вазыгджын фæлгондз у, дардыл сты йæ мидæнкъарæнтæ æмæ уыдон адæмы размæ бафæрæзта  рахæссын Сослан.

Уæдæ кæуылты уыд йæ аив хъазт Дзæхайы фæлгондз æххæст кæнгæйæ (Гуыцмæзты М. «Бирæгътæ»). Дзæха кадджын лæгæй базæронд,  царды бирæ федта.  Уыны зæронды бонты, йæ зæнæг царды фæллой, мулчы сæраппонд сæ намысыл сæ къух куыд исынц, сæ идæдз фыдыл дæр. Фыд улæфынмæ куы уыд, уæд фæхабарчындæуыд йæ фырттæм, уæ фыд амард, зæгъгæ. Ссардта фыд фæрæз, цæмæй йæ зæнæджы æнæхуыцаудзинад равдиса адæмæн. Уыцы сæйраг ролы хъазыд Сослан. Сослан-Дзæха – кадджын, æгъдауджын лæг кæсы, йæ фыртты удæгасæй нæ хъуыд, ныр ын йæ «мардыл» кæрæдзи тонынц фыртæй-чындзæй, сабæттаг райсыны тыххæй. Сослан-Дзæха сæм кæсы æмæ зæрдæрыстæй фæлхатт кæны:«бирæгътæ», «бирæгътæ».

Кæнæ кæуылты уыд йæ арæхстдзинад Сосланæн, Габейы ролы куы хъазыд, уæд. (Туаты Д. «Сидзæргæс») Сослан-Габе мæгуыр лæг у, цардæй æфхæрд,  йæ царды бонты хурæй ницы федта, фæлæ… Фæлæ уый хардз лæгдзинадæй æххæст, цæсгомджын лæг. Сидзæргæс ус Нуцайæн Габейы хуызæн чи тæригъæд кæны.

Сослан Габейы удыгъæды миниуджытæ афтæ аивæй рахаста адæмы размæ, æмæ адæм Габейы тыххæй Сосланы фылдæр бауарзтой уыцы бонæй фæстæмæ.

Абоны-бон дæр адæмæй рох нæу, куыд хъазыд Сослан Туаты Дауыты «Ар-гъау»-ы визиры ролы. Бады Сослан-визир æлдары къæлæтджыны цур, бады æнæ дзургæйæ, бады æмæ йæм æнхъæлмæ кæсынц адæм, цы зæгъдзæн, цæмæй райдайдзæн. Уый уыдис æцæг худæджы сценæ æмæ худтысты стыр къухæмдзæгъдимæ сценæмæкæсджытæ.

Сослан канд ирон сценæйы сусæгдзинæдты зонæг нæ уыд, хорз рæхст ирон æвзагмæ тæлмац пьесæты дæр.   Ахæмтæ та йын уыдысты Паталони – Голдонийы пьесæ «Дыууæ хицауады лæггадгæнæг»-ы, Островскийы драмæ «Тæрккъуарды»-Тихон.

Куыд адæймаг, афтæ Сосланæн æмбал нæ уыд. Хорз, æмбаргæ, сабыр æмæ уæздан адæймаг уыд.

Йе стыр сгуыхтдзинæдтæн кæд æмбæлон аргъ не ‘рцыд, уæддæр ын йæ рæстæджы саргъ кодтой, лæвæрд ын æрцыд Гуырдзыстоны Республикæйы сгуыхт артисты ном, хорзæхджын уыд майдантæ æмæ грамотæтæй дæр. Йæ сæйраг хорзæхтæ та уыдысты æгъдау, фарн, намыс, нæртон лæджы миниуджытæ.

Сосланы хуызæттæй ирон адæм дзырдтой; «Фысы комæй хал никуы раласта». Ацы æмбисонд зындгонд кæмæн у, уый бæстон рахатдзæн, цы лæг уыд Сослан Мæргъиты.

ПЛИТЫ Гацыр,

РХИ-ы журналист,

                                          Зонадон фадыджы

сгуыхт кусæг

Июль 2024 аз

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.