Тæссаг у, 19-æм æнусы нæм Цæгат Америкæйæ чи æрбахауд, уыцы хæмпæлгæрдæг – амбрози. Куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй ацы зианхæссæг хæмпæлгæрдæджы хуызтæ сты 50 бæрц æмæ се ‘ппæт дæр сты зианхæссæг.  Уый мæгуырауæрдæм тынг æндавы адæймаджы æнæниздзинадыл æмæ уымæ гæсгæ  йæ куынæг кæныныл хъæуы æппынæдзух кусын. Ацы зайæгойæн фенæн ис цæхæрадæтты, фæндаггæрæтты, донбылты. Чи йæ нæ зоны, уый йæ фенхъæлы рæсугъд дидинæг æмæ йæм бакæсы уарзæгой цæстæнгасæй. Зæгъын хъæуы, æрмæст адæймаджы æнæниздзинадыл мæгуырауæрдæм кæй не ‘ндавы, фæлæ кæм æрзайы, уыцы бынæтты культурон зайæгойты тыллæгæрзад дæр вæййы тынг мæгуырау, кæнæ та сæ бынтондæр скуынæг кæны. Уæлдай йын нæу мæры сконд, цыфæнды зæххæй сдары йæ сæр æмæ сæрибарæй апарахат вæййы. Афтæ ма хус рæстæг дæр бынтондæр не ‘ндавы йæ цырд рæзтыл. Йæ зæнг рæзы тынг бæрзонд, уыимæ ма йæ уидæгтæ мæры дæр ацæуынц арф æмæ цъирын райдайынц йæ алыварс культурон зайæгойты хæринаг. Æрмæст йæ тæфæй дæр адæймаг рынчын кæны аллергийæ, стæй ма астмæйæ дæр. Вæййы афтæ дæр, æмæ хатт не ‘нæрхъуыдыйы аххосæй йæ тауинаг зæххыл апырх вæййы æмæ уыцы бынаты ногæй райдайы рæзын.

Хуссар Ирыстоны территори дæр цух нæу ацы тæссаг хæмпæлгæрдæгæй. Раздæры азты æхсæнадон хæдзарадтæ, алы ран дæр сæ зæххытæ æмбæлонæй куы куыстой, уæд хъахъхъæд цыдысты амброзийæ. Уыимæ, цæрджытæн дæр разамонæг кусджыты æрдыгæй хæсгонд уыд йе скуынæг кæнын æмæ йыл архайгæ дæр кодтой. Ныр уавæр цасдæрбæрцæй у тынг мæгуырау æмæ йæм хъæуы фылдæр хъусдард здахын. Уый нæ у алкæй хæс дæр. Уæдæ цы хъæуы саразын йæ цырд рæзты æмæ йæ куынæг кæныны ныхмæ та?  Уый дæр бынтон æнцонæй нæу, уымæн æмæ домы быхсындзинад, æдзухдæр ацы зайæгойы куынæг кæнынмæ æмбæлон хъусдард здахын. Фыццаджы-фыццаг æй хъæуы æд уидæгтæ мæрæй стонын æмæ йæ уый фæстæ та басудзын. Судзын æй æнæмæнг хъæуы, уымæн æмæ афтæ куынæ бакæнæм, уæд та йæ тауинаг апарахат уыдзæн æмæ уый фадат ратдзæн ногæй йæ рæзтæн. Уыцы амалæй хъæуы кусын къаннæг зæххы фадгуыты, фæлæ амбрози дардыл куы айтынг кæна йæ фæзуат, уæд та йе скуынæг кæнынæн пайда кæнын хъæуы гербицидтæй.

Хуыбиаты Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.