2018 азы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты бирæ ахсджиаг объекттæ сырæзт. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр цæрæнуатон фарст нырма актуалон у нæ горæты æмæ районты бирæ цæрджытæн. Уымæн æвдисæн – Президентæн рæстæгæй-рæстæгмæ цы химæрайстытæ вæййы, афтæ ма бынæттон цæрджытимæ цы фембæлдтытæ вæййы, уым, сæйраджыдæр, адæм кæй фæдомынц цæрæнуатон проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын.

Банысан кæнын хъæуы, Инвестпрограммæйы фæлгæтты æдде дæр стыр куыст кæй цæуы цæрджыты хæдзæртты агъуыстытæй чи нал бæззы, уыдоны раивыныл. Ацы куыстытæ кæнынц æмæ æппæт хæрдзтæ дæр сæхимæ райсы республикон политикон парти «Иууон Ирыстон».

Цæрæнуатон арæзтадыл дзургæйæ, эксплуатацимæ тагъд лæвæрд æрцæудзысты Хъайтарты уынджы кæрон цæрæн хæдзæрттæ. Горæты администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй къамис йæ куыст фæуд кæны æмæ ног азмæ уырдæм балидздзысты, фатертæ кæмæ æмбæлы, ахæм бинонтæ.

2019 азы кæрон та фатертæ уæрст æрцæудзысты, Гуыбаты æфсымæрты уынгыл цы дыууæ цæрæн корпусы арæзт цæуынц, уыдоны. Уым ныртæккæ арæзтадон куыстытæ цæуынц æнæрлæугæйæ. Фыццаг объекты агъуысты сæр æмбæрзт фæфæуы. Дыууæ объекты дæр уыдзæнис фæндзгай бахизæнтæ. Фатертæ сты 1, 2 æмæ 3 хатæнонтæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ иухатæнон фатерæн йæ фæзуат кæй у 42 квадратон метры, 2 хатæнонтæ сты 61  квадратон метр.  Хицæн бахизæнты арæзт цæуы пандус сахъатджын адæймæгтæн, цæмæй коляскæ сæрибарæй хиза мидæмæ. Ацы хæдзæртты арæзтады бахынцыд цæуы зæххæнкъуысты ныхмæ æдасдзинады мадзæлттæ дæр.

Арæзтадон фирмæ «СТМ-Юг»-ы прораб Коцты Эдуард куыд зæгъы, афтæмæй арæзтады ныртæккæ кусы 130-140 адæймаджы. Сæйраджыдæр, уыдон сты бынæттон цæрджытæ. Иутæ дзы кæнынц къултæ амайыны куыстытæ дыккаг объекты. Фыццаг объекты ныртæккæ цæуы къулсæрдæн куыстытæ. Коммуникацион æмæ сантехникон куыстытæ æрæджы фесты.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй арæзтадон куыстытæ не ‘рлæудзысты зымæгон бонты дæр. Фæнд кæнынц фыццаг объекты сæрдæн-монтажгæнæн куыстытæ цалдæр мæймæ ахицæн кæнын. Фатертæ рæсугъд æмæ хæрзарæзт канд мидæгæй нæ уыдзысты, фæлæ ма – æддейæ дæр. Сырх агуирийæ арæзт кæй æрцыдысты, уый æрмæст аивдзинад нæ дæтты, зымæджы бонты фатертæ уыдзысты уæлдай хъарм. Стандартизаци æмæ метрологийы комитет арæх бабæрæг кæны ацы объекттæ. Уыдон куыд амонынц, афтæмæй «СТМ-Юг»-ы фирмæ цы арæзтадон æрмæджытæй пайда кæны, уыдон се ‘ппæт дæр сты бæрзондтехнологион æрмæджытæ.

Ардæм цы цæрджытæ æрбалидздзысты, уыдон фатертæ æрбаййафдзысты алцæмæй дæр рæвдзæй. Уымæй дарддæр ма хæдзæртты кæрты арæзт æрцæудзæн донцъирæн станц, цæмæй цæрджытæ æппынæдзух уой донæй ифтонг. Уымæн æмæ, бæрæг куыд у, афтæмæй ЦАРЗ-ы районы донхъуагдзинад рагæй ис.

Кæрты хæрзарæзтадмæ хауынц сабитæн хъазæн бынæттæ, спортивон фæзуат æмæ улæфæн зонæ, кæцытæ арæзт æрцæудзысты нырыккон стандарттæм гæсгæ.

Куыд зонæм, афтæмæй дыууæ корпусæй сæ иумæ конд æрцæудзысты, Хъайтарты уынджы кæрон цы бирæуæладзыгон аварион хæдзар ис, уый цæрджытæ. Уый нысанæн ам ноджыдæр арæзт æрцæудзæнис сабиты рæвдауæндон.

«СТМ-Юг» арæзтадон организаци ныртæккæ нымад цæуы, нæ республикæйы цы фирмæтæ ис, уыдоны раззагонтæй сæ иуыл. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, нæ республикæйы егъаудæр объекттæй ахæмтæ, куыд операцион-хирургион корпус, сывæллæтты бирæпрофилон рынчындон, Хъайтарты уынджы кæрон бирæуæладзыгон хæдзæрттæ – иууылдæр арæзт æрцыдысты «СТМ-Юг»-ы руаджы.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.