ÆГÆР   НИЦÆМÆЙ   БÆЗЗЫ

Хорз у æви нæ бирæ цæрын? Алчидæр дзуапп ратдзæн: кæй зæгъын æй хъæуы, хорз у. Бирæ фæцæрын та йæ къухты бафты, рын, сонæй хызт чи вæййы, маст йæ уæлныхты кæй нæ сисы, ахæмæн. Нæ хуыздæр арфæтæй сæ иу дæр ууыл дзурæг у, æнæниз æмæ æнæмастæй цæр, зæгъгæ. Уæдæ нын куыннæ вæййы æхсызгон, бирæ фæцæр, зæгъгæ, нын ахæм арфæ куы ракæнынц.

Бирæ, гъо, фæлæ æгæр бирæ… Ууыл алчи не сразы уыдзæн. Разы та цы, æндæр ын цы гæнæн уыдзæн, хуыцау дæ куы цæрын кæна, фæлæ йæ растыл нæ банымайдзæн.

Мах нæ фыдæлты цардæй зонæм, иуæй-иу адæймæгтæ-иу сæдæ азæй фылдæр – сæдæ æхсай азы онг кæй фæцардысты. Уый мæгуырау нæ уыд, æрмæст ахæм кары хынцын хъæуы царды активондзинад. Уый раджы, царды хур ныгуылæнырдæм куы фæкъул вæййы, уæд райдайы нымæг кæнын æмæ йын æрлæууæн нал вæййы, фæлæ сæдæ азы фæцæргæйæ, кæд хæдзардарæгыл нымад нал фæцæуынц, уæддæр нырма бирæтæн сæ бон змæлынхъом вæййы.

Зæронд адæймагæн ивгъуыд дуджы кадджын бынат уыдис хæдзары. Кад ын кодтой, йæ тыхыл ма куы уыдис, уæд кæстæртыл кæй аудыдта, царды сæ раст фæндагыл кæй цайдагъ кодта, йæ царды цæмæ арæхст хорз хъуыддæгты, уыцы фæлтæрддзинад сын кæй лæвæрдта. Кæд йæ бон куысты уæлхъус балæууын нал вæййы, уæддæр йæ зонд, йæ хъуыдыкæнынад нæма фæцуды æмæ йæ кæстæртæ зондæй афæрсынц.

Фæлæ рæстæг йæ цыды хай кæны æмæ æрдз йæхион домы – кæддæр дæ царды райдианы æрлæууын кодта æмæ дæ хъуамæ йæ кæронмæ дæр искуы бакæна. Ахæм зæронд адæймаг дарддæр цæрыныл куы фæвæййы, уæд æй æрдз йæ закъонмæ гæсгæ цадæггай бацæттæ кæны йæ мæлæтыл сæмбæлынмæ. Йæ уæнгты хъару ихсыйын кæй райдайы, уыимæ къуымых кæнын райдайынц, цы фондз æнкъарæны фæрцы æнкъардта царды ад, уыдон: цæсты рухс нымæг кæнын райдайы, адæймаджы ныхас, йæ алыварс удæгас дунейы минзæл хъæлæба ахсын хъустæн зындæрæй зындæр кæны. Афтæ – иннæ æнкъарæнтæ дæр. Цадæггай цудын райдайы йæ зонд, йæ хъуыдыкæнынад дæр. Æмæ йæ æрдзон мæлæты бонмæ бынтон сынæбон, æрлæмæгъ вæййы, бахæццæ вæййы йæ уæлион царды кæронмæ, стæй сабырæй, æнонæй, æнæрыстæй ахизы йæ æнусон дунемæ…

Тынг бирæ чи фæцæры, ахæм зæрæдтыл ма нæ дуджы стæм хатт сæмбæлдзынæ. Кæд ма нæм исчи йæ æнус батоны, дыккаг æнусмæ бахизы, уæд ыл бадис кæнæм, цæй бирæ фæцард, зæгъгæ…

Раздæхæм, нæ ныхас кæмæй райдыдтам, уыцы фарстмæ. Уæдæ хорз у тынг бирæ цæрын? Уый фæдыл алчи иугъуызон нæ хъуыды кæны, фæлæ кæмæ байхъусай, уыдонæй бирæтæ ууыл разы нæ вæййынц æмæ фæзæгъынц, зæгъгæ, цалынмæ змæлынхъом дæн, мæ дзыхмæ къæбæр, дон схæссынхъом дæн, уæдмæ мæ хуыцау фæцæрын кæнæт, стæй разы дæн мæлæтыл, хуыцау мæ, зæгъгæ, фæкæсинаг, искæйы æвджид ма фæкæнæт. Æмæ кæмдæр раст сты. Цас бæллиццаг ма у уыцы цард, йæ цинтæ æмæ йын йæ хъыгтæ куынæуал æнкъарай, дæ кæддæры уæрæх, рухс дуне дыл куы ‘рталынгау уа, куы ‘рбауынгæг уа æмæ дыл кæмдæр иу хатæны дуар куы рахгæна, цы адæмы ‘хсæн цардтæ, цы бинонты хистæр уыдтæ, уыдонæй сæрæгас куы ничиуал уа æмæ ма уыдæттимæ ноджы искæмæн уаргъæн куы уай!

О, бæллиццаг не сты ахæм зæрондæн йæ царды бонтæ æмæ йæм батæхудыгæнæн нæй. Æмæ кæддæр, йе ‘рыгон азты уый дæр дзырдтаид, ахæм кармæ фæцæрын æй кæй нæ фæнды. Фæлæ фæцард æмæ цы бакодтаид, алкæмæн дæр нывгонд цас ис, уыцы æмгъуыд цæргæйæ куы у, уæд?

Ис ахæм æмбисонд, æгæр ницæмæй бæззы, зæгъгæ. Уый, æвæццæгæн, хауы царды дæргъвæтиндзинадмæ дæр…

 

БУАР   ÆМÆ   УД

Махæй алчидæр йæ царды бирæ цæйдæрты хицау бавæййы. Магазины æхца куы бафидæм æмæ исты дарæс кæнæ продукттæ куы рахæссæм, уæд нæхи бавæййынц. Афтæ, кæмæн йæхи гал вæййы, кæмæн –йæхи машинæ, йæхи хæдзар… Иуты дзы ссарæм, æндæрты фесафæм, гъе та баивæм.

Æппæт уыдæттæй дарддæр махæй алчидæр у, иууыл хъæздыгдæр, сæрыстырдæр кæмæй стæм, уыцы диссаджы сфæлдыст, сконд – нæ буары хицау. Æндæр цæйдæрты хъауджыдæр уымæн нæдæр ногæй ссарæн ис, нæдæр фесафæн æмæ баивæн дæр. Йæ алы хай, æгæрыстæмæй, йæ алы чысыл микроскопон хай дæр змæлды ис, æдзух сæ куысты лæуд сты, цæмæй нæхæдæг дæр змæлæм, архайæм, хъуыды кæнын фæразæм. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ йыл мах аудæм. Рæстæгыл нын куы банкъарын кæны, хæрд, дон æй кæй хъæуы, уæд ын йæ «домæн» сæххæст кæнæм. Исты низ дзы куы бацæуы, гъе та йыл исты цæф куы æруайы, уæд нын æй рысты хуызы бамбарын кæны. Уыдæттæ хынцгæйæ, æвзæры фарст: кæмæн сæ банкъарын кæны, кæд æмæ нæ буар æгасæйдæр нæхи у, иу æнæхъæн стæм, уæд? Æмæ ам размæ рахизы уд. Цæмæдæр гæсгæ, удыл хъуыды кæнгæйæ, буар аууоны аззайы. Ныртæккæ нæ ныхасы сæр, хатт ыл бирæтæ куыд фыдаудæн кæ-нынц, куыд æй не ‘мбарынц æмæ йæм куыд нæ хъусынц, ууыл нæу. Фæлæ нæ ныхасы мидæг цыдæр йæ номæй бынтон стæм хатт пайда кæнæм. «Буар»-ы бæсты пайда кæнæм «уд»-æй. Цæвиттонтæ – бирæ. Адæймаг цæры, уæд æй буарæгас нæ хонæм, фæлæ удæгас. Фæдзурынц ма сæрæгас дæр æмæ хорз у, ам буары иу хай – «сæр» уæддæр кæй разыны. Адæймагæн йæхи хонæм буаргоймаг нæ, фæлæ удгоймаг. Мах дарæм, кæсæм, зилæм нæ буармæ, арфæ та кæнæм, дæ уд фæрнæй фæдар, зæгъгæ. Нæ буар бирæ куы змæлы, куы архайы, æнцой куынæ фæзоны, уæд буарæнцой нæ, фæлæ фæдзурæм, удæнцой нæ зоны. Афтæ ахæм ныхæстæ дæр, куыд удылхæцæг, удхæссæг, удхор, удварн, стæй дзырдбастытæ «мæ удыйас дæ уарзын», «мæ уд мын дарынæн у», «мæ удлæууæн дæ» æмæ æндæртæ.

Уæдæ цы у уд, буары бынат ахæм ныхæсты чи байста? Ацы фарстæн дзуапп зонадон дунейы нырма не ссардæуыд. Бæлвырд у, буарау уымæн фенæн, басгарæн, банкъарæн кæй нæй. Æмæ дзы кæд уыдæттæ нæй, уæд ахуыргæндтæ дæр цæуыл хъуамæ æнцой кæной, куыд æй раиртасой?  Æниу, фенæн басгарæн, банкъарæн бирæ цæмæндæрты нæй, зæгъæм, уæлдæфæн, радиацийæн, магнитон тымыгътæн… Фæлæ уыдонæн ис сконд æмæ сæ зонæм. Цæвиттон, зонæм, уæлдæф кæй у туаггуыр æмæ æвзалытуагæй конд.

Ахуыргæндтæ иумæйаг ныхæстæй зæгъынц, зæгъгæ, удæн ис динон мидис, кæцы бæрæг кæны адæймагæн йæ царды, æвзæрын æм кæны æнкъарынады, хъуыдыкæнынады, æмбарынады æвзыгъддзинад.

Буар æмæ уд кæрæдзийыл æнгом, æнæфæхицæнгæнгæ баст кæй сты, уый та бæлвырд у. Дунейы бирæ зындгонд педагогтæ арæх пайда кодтой «уд»-æй хъомылады процессы. Сæ ахæм базырджын хъуыдытæ, куыд «æнæниз буары ис æнæниз уд», «сывæллоны уд у сыгъдæг фæйнæг, цы дзы ныффыссай, уый дзы райсдзынæ» æмæ æндæртæ. Æнæматериалон «уд»-ы бæттынц материалон «буар»-имæ æмæ ахъаз кæны рæзинаг фæлтæры царды раст фæндагыл бафтауынæн.

Динон нысаниуæг ын кæй ис, ууыл дзурæг сты, адæмы ‘хсæн рагæй чи æрфидар сты, ахæм хъуыдытæ дæр, зæгъæм, амæлæгæн йæ уд атæхы уæлæрвтæм, йæ уд, зæгъгæ, адæймагæн йæ амæлæты фæстæ йæ хæдзары фæвæййы дыууиссæдзæм бонмæ…

Адæймагæн йæ уд цахæм у, уый хъомыладыл, адæм-мæ, æрдзыскондмæ йын цахæм цæстæнгас ис, уыдæттыл баст у. Цæвиттон, æнæуаг, æнæхсæст, фыдгæнæгæй нæ зæгъдзынæ, хорз, рæсугъд уды хицау у, уый. Уымæ гæсгæ кæй зонæм, кæй æхсæн цæрæм, уыдоны иумæйагæй дих кæнæм хорз уды æмæ æвзæр уды хицæуттыл. Искæйы буарæн та аргъ кæнæм æдтаг бакастæй, йæ уæнгты айстæй – цахæмæй йæ уынæм ахæмæй, кæд нæм дзы цæсгом йедтæмæ ницы зыны æмæ дзы мидæгæй цытæ цæуы, уый нæ зонæм, уæддæр.

 

АСТÆУÆЙ   ЦÆУЫН

Алчидæр нæ цавæрдæр паддзахады, æхсæнады цæры æмæ тырнæм, цы сфидаргонд закъæттæ, фæтк æмæ æгъдæуттæ дзы уæвынц, уыдоны хъахъхъæнынмæ. Адæмæй дыууæ иугъуызон нæй куыд сæ зондахастæй, афтæ сæ архайдтытæй дæр æмæ алкæйы  æмгуырæй цы фæнды, уый куы араза, йæ фæнд куы тæра, уæд дзы цы рауайдзæн? Стæй ма, царды фæндагыл размæ цæугæйæ, алчи йæ бынат куынæ зона, гъе та куынæ ара, уæд? Царды фæндагыл та иумæ, æмгуырæй цæугæйæ нæу. Уымæ гæсгæ адæм дих кæнынц разæйцæуджытыл, астæуæйцæуджытыл æмæ фæстейæцæуджытыл.

Разæйцæуджытæ бирæ нæ вæййынц æмæ сын вæййы, сæ разæй чи цæуы, ахæм раздзог. Раздзог, раздзæуджытæ вæййынц коллективæн, стæй хъæутæн, районтæн, горæттæн, областтæн, республикæтæн, æгас паддзахадтæн. Чи куыдфылдæр адæмы сæргъ лæууы, афтæ бæрндзинад – стырдæр, æххуысгæнджытæ, æмхъуыдыгæнджытæ та – фылдæр.

Раздзог суæвын æрмæстдæр иугæйттæн у сæ бон. Æмæ кæд ахæм бахауы уыцы бынатмæ, кæд æмæ йæ иннæ раздзæуджытæ се ‘хсæнæй намысджынæй размæ рахизын кæнынц, уæд хъуыддæгтæ, æгæрыстæмæй, паддзахады хъуыддæгтæ дæр, размæ феггуырсынц. Кæд афтæ нæ рауайы, уæд хъуыддæгтæ згъуыммæ ацæуынц æмæ адæмы цард фæстæмæ алæууы. Истори бирæ зоны ахæм цæвиттонтæ, фæлæ нæ ныхас абон ууыл нæу.

Хъыгагæн, раздзоджы бынат кæмæ æмбæлы, уый уыцы бынатмæ бырсджыты аууон бирæ хатт аззайы, кæм йæ хиуылхæцындзинады, йæ хæдæфсæрмдзинады тыххæй, кæм та, уыцы раздзæуджытæй йæм бирæтæ хæлæг кæй кæнынц, «уый мæнæй цæмæй лæгдæр у», зæгъгæ. Ахæм хъуыдыгæнджытæ æгæр кæй сбирæ вæййынц, уымæ гæсгæ æцæг раздзогæн зын, тынг зын вæййы, чи йæм æмбæлы, уыцы бынатмæ бахизын æмæ дзы фылдæр хатт рабадынц… уæхæдæг зонут, чи.

Ныр та астæуæйцæуджытæм рахизæм. Уыдон сты мæнæ мах, æхсæнады рæнхъон уæнгтæ. Ам дын дæлдæр абад – уæлдæр абад ничи зæгъдзæнис, дæ комкоммæ хæстæ куы æххæст кæнай, куыд æмбæлы, афтæ æмæ ноджы хуыздæр куы кусай, уæд. О, уыдзæнис дын алы æмвæзадты раздзогтæ-хистæртæ, фæлæ дын уыдон нæ амондзысты, куыд кусын хъæуы, уый, уый нæ, фæлæ дын кад кæндзысты дæ намысджын фæллойы тыххæй, æндæртæн дæ цæвиттонæн хæсдзысты. Уыдон сты: быдырты, заводты, фабрикты сæ арæхстдзинад, сæ уæнгты хъару чи ихсыйын кæнынц; зонадон лабораториты сæ зонадон иртасæнтимæ   æдзух сæ хъуыдытæ кæмæн сты æмæ нын нæ цард æнцонвадатдæр, хæрзгъæддæр чи кæнынц; сæ кусæн æрмадзты, сæ кусæн хатæнты аивадон уацмыстæ чи фæлдисынц, сценæйæ нæм аивадон фæлгæндзтæ кæй фæрцы разынынц; уынгты, хиирхæфсæн бынæтты нæ фæстæ чи æфснайынц, уыдон æмæ бирæ æндæртæ. Уыдон сты æхсæнады, паддзахады астæумагъз. Уыдон сты, сæ цæнгты хъару, сæ зонды руаджы материалон æмæ удварны хæрзиуджытæ чи аразынц, адæмы цардæн хæрзвадат уавæртæ чи аразынц, уыдон.

Бирæ, тынг бирæ сты астæуæйцæуджытæ. Уыдон æдзух архайды сты – дарынц сæ бинонты, дарынц паддзахады, паддзахадæн чи разамынд кæны, уыдоны…

Уæдæ чи сты, фæстейæ чи цæуынц, уыдон та? Алы æхсæнады дæр разынынц ахæмтæ, кæцытæ царды сæ бынат не ссарынц, фæцалх вæййынц, сæхи æмæ æхсæнады размæцыдыл дæр фæстæмæ чи хæцынц, ахæм зианхæссæг цайдагъдзинæдтыл, сæ астæу куыстмæ кæмæн нæ тасы, алыгъуызон фыдракæндон хъуыддæгтыл чи ныллæууынц, искæйы хардзæй йæ цард аразынмæ чи фæтырны. Уыдон гуырдзæй нæ рахæссынц ахæм миниу-джытæ. Уыдон, бинонты, æхсæнады ‘хсæн цæргæйæ, свæййынц ахæмтæ æмæ ам паддзахад свæййы сæйраг аххосджын, йæ кæцыдæр æмбæстаг ахæм фæндагыл кæй ацыд. Бинонтæ алыгъуызæттæ вæййынц – хъыгагæн, ис, иу кæнæ дыууæ ныййарæджы дæр кæм не сты, ахæм бинонтæ. Ис, кæрæдзийы кæм не ‘мбарынц, ахæм бинонтæ, ис, æппæтæй дæр æххæст бинонтæ, фæлæ сæ сывæллæтты хъомыл кæнынмæ нæ равдæлы…

Фæстейæцæуджытæн сæ бынат уым нæ уыд. Уырдæм сæ æркодтой. Уыдон хъуамæ астæуæйцæуджыты ‘хсæн, æмæ дзы кæцыдæртæ та, чизоны, разæйцæуджыты ‘хсæн дæр хъуамæ уыдаиккой, фæлæ… цырд сæм нæ фæлæууыдысты – æхсæнад дæр æмæ паддзахад дæр.

Æмæ ма ноджы… Цас æмæ цас ис астæуæйцæуджыты ‘хсæн, стæй разæйцæуджыты ‘хсæн дæр, фæстейæ чи хъуамæ сæпп кæниккой, ахæмтæ – уырыссагау «вор в зоконе» кæй хонынц, кæйдæр фыдракæндтыл «уæлейæ» йæ арм чи æвæры, йæ куысты бынаты кофе нуазынæй дарддæр чи ницы аразы æмæ æндæртæ…

Уæдæ куыннæ вæййы ахæм цаутæ дæр – раздзæуджытæй милуан, миллиардгай сомтæ чи адавта, уыдонæн тæрхон куы рахæссынц,  карк чи радавта, уыйбæрц æмгъуыд ахæстоны фæбадын, гъе та йын йæ мады ‘хсырау куы батайынц…

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.