Уæрæсейы Федерацийы ахаст Хуссар Ирыстонмæ у æнаивгæ хорз. Ууыл дзурæг у бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины фембæлд.

Бибылты Анатоли республикæйы информацион фæрæзтæн куыд радзырдта, уымæ гæсгæ фæмбæлд уыд хæларадон, æфсымæрон, партнеронуаг. Дзырд цыд ахæм ахсджиаг фарстытыл, кæцытæн бынат ис æхсæнадон царды, нæ бæстæйы райрæзты хъуыддаджы. Уыдонæн ис социалон, экономикон, æхсæнадон-политикон, æддаг-политикон нысаниуæг.

Пресс-конферецийы фыццаг фарст баст уыд Хуссар Ирыстоны районтæ æрдзон газæй ифтонг кæнынимæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ацы Сразыдзинадыл куыст æрцыд Хуссар Ирыстоны министрадтæ æмæ ведомствоты. Ныртæккæ та йыл куыстæуы Уæрæсейы. Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Сразыдзинадыл къухтæ бафыст æрцæудзæн æмæ фидæн аз æрæвналдзысты йе ‘ххæст реализаци кæнынмæ.

«Владимир Путин цымыдис кодта Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны фарстытæм, цæрджытæн медицинон лæггæдтæ цы æмвæзадыл сты, уымæ, медицинон лæггæдты гъæдмæ, афтæ ма арæзтцæуæг объекттæм», – дзырдта Президент.

Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны зымæгон æрдзон æвадаты арæх Уæрæсейы Федерацимæ фæндаг æрæхгæныны тыххæй Владимир Путин бахæс кодта, цæмæй Хуссар Ирыстонæн лæвæрд æрцæуа вертолет æнæмæнгхъæуæг медицинон ифтонггæрзтимæ. Уымæн æмæ бирæ хатт бахъæуы Уæрæсейы медицинон уагдæттæм æвæстиатæй рынчыны фæхæццæ кæнын.

«Уыцы вертолетæй ма пайда цæудзæн ирвæзын кæныны  хъуыддаджы. Ныртæккæ куыст цæуы, уыцы хъуыддагыл чи архайдзæн, ууыл – Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министрад æви Уæлвæткон уавæрты министрад, уыцы фарстыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон сты техникон фарстытæ æмæ æнцонæй скъуыддзаг цæудзысты», – банысан кодта республикæйы сæргълæууæг.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы ма журналисттæ лæмбынæгдæр бацымыдис кодтой Мæскуыйы медицинон фæдзæхсты фæдыл цы Сразыдзинад арæзт æрцыд, уымæ.

Президент куыд банысан кодта, афтæмæй ацы Сразыдзинад дæтдзæн, Уæрæсейы æмбæстæгтæй Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыдонæн медицинон æххуыс бакæныны фадат. Фыццаджыдæр уый хауы ахæм цæрджытæм, кæцытæн хъæуы гемодиализы æнæмæнгхъæуæг процедурæтæ.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй уæрæсейаг æмбæстагдзинад кæмæн ис, уыдонæй алкæмæ нæй æнæмæнгхъæуæг медицион фæдзæхстады полис. Уæрæсейы Федерацийы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадæн рахицæн æрцæудзысты æхцайы фæрæзтæ, цæмæй медицинон æххуыс кæной Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн Уæрæсейы кæцыфæнды горæты дæр», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Ныййарæджы капитал райсын æмæ дзы Хуссар Ирыстоны спайда кæныны фарстмæ цымыдис кæнынц нæ республикæйы бирæ æмбæстæгтæ. Куыд зонæм, уымæ гæсгæ Ныййарæджы капиталæй спайдагæнæн ис Уæрæсейы Федерацийы территорийыл.

Ацы фарсты фæдыл Президент Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, нæ республикæйы æвзонг ныййарджытæн ацы фарст у тынг актуалон, кæцытæн Ныййарæджы капитал ис, фæлæ дзы нæ республикæйы территорийыл нысанмæздæхтæй спайда кæнын сæ бон нæу. «Ацы фарсты фæдыл стыр куыст цæуы æмæ   скъуыддзаг æрцæудзæн», – ныфс бавæрдта Президент.

Пресс-конференцийы актуалон фарстытæй ма иу уыд Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн уæрæсейаг æмбæстагдзинад райсыны фæтк фæхуымæтæгдæр кæнын. Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй закъондæттынадмæ гæсгæ,  абон уæрæсейаг æмбæстагдзинад райсыны фæтк хуымæтæг нæу, фæлæ Сразыдзинады фæлгæтты ацы процедурæ фæхуымæтæгдæр уыдзæн.

Президент ма лæмбынæг æрдзырдта, Мидхъуыддæгты министрады фадыджы Уæрæсейы цы Сразыдзинадыл æрфыстæуыд къухтæ, уый тыххæй дæр. Сразыдзинадмæ гæсгæ, министрады кусджытæн сæ куыстмызд фæфылдæр уыдзæн УФ-йы Мидхъуыддæгты министрады куыстмызды онг, афтæ ма РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады материалон-техникон базæ дæр фæхуыздæр уыдзæн. Дарддæр Республикæйы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй Владимир Путинимæ фембæлды рæстæджы бахæс æрцыд, цæмæй Хуссар Ирыстоны территорийыл фидауынгæнæг тыхты службæйы стаж банымайыныл куыст æрцæуа: «Ацы фарстыл дзырд цæуы, цæмæй нæ æмбæс-тæгтæй фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты чи службæ кодта, уыдонæн уыцы азтæ нымад æрцæуой æмæ сын УФ-йы пенситæ нысан æрцæуой. Ацы  хъуыддаг у иууыл ахсджиагдæр социалон гаранти, кæцы ахъаз уыдзæн фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты чи службæ кодта, æппæт уыцы æфсæддон службæгæнæгæн дæр, кæцытæ службæ кодтой», – банысан кодта Президент.

Æнæхъусдардæй нæ баззадысты Республикæ Хуссар Ирыстоны 2018-2019 азтæн социалон-экономикон райрæзты æмархайды инвестицион программæ æмæ фæдзæхстон кредиттæ дæттыны тыххæй цы миллиард сомы рахицæнгонд æрцыд, уыдонимæ баст фарстытæ.

Президент ацы фарсты фæдыл куыд фехъусын кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстонæн цы рахицæнгонд фæрæзтæ æрцыдысты, уыдон комкоммæдæр баст сты нæ республикæйы социалон-экономикон рай-рæзтимæ. 2018-2019 азты инвестицион программæйы фæдыл куы дзурæм, уæд аразинаг объекттæ бæрæг сты, уыдоныл ма дзырд цæудзæн Æхсæнхицауадон къамисы рабадты, кæцы уагъд цæудзæн ацы мæйы кæрон декабры райдианы. 2018-2019 азтæн Инвестпрограммæйы иумæйаг суммæйы бæрц уыдзæн 3,5 миллиард сомы.

Хуссар Ирыстоны райрæзты ахсджиагдæр здæхты фарстыл дзырд куы цæуа, уæд Бибылты Анатоли банысан кодта аграрон комплексы райрæзт. Аграрон комплекстæ, кæй зæгъын æй хъæуы, махмæ нæй. Æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй райтынг кæнæм халсаргуыст, фосдарды куыст æмæ дыргъгуыст.

«Мæскуымæ мæ балцы рæстæджы æз фембæлдтæн не ‘мбæстæгтæй иуимæ, кæцы цæттæ у нæ республикæйы экономикæйыл стыр инвестицитæ бахардз кæнынмæ, дыргътæ æрзайын кæныны хъуыддаджы. Æввахс рæстæджы æнхъæлмæ кæсæм инвесторы æрцыдмæ»,- банысан кодта ныхасгæнæг.

Хуссар Ирыстонæн ахсджиаг у паддзахадон арæнтæ сфидар кæнын æмæ уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг арæнтыл хизыны фæхуымæтæггонд системæ саразын. Ацы фарсты фæдыл Президент загъта, зæгъгæ, нæ арæнты алыварс æнæмæнгхъæуæг сты инженерон куыстытæ сæххæст кæнын æмæ паддзахадон арæнтæ сфидар кæнын, цæмæй æххæстбæрцæй хъахъхъæд цæуа не ‘мбæстæгты æдасдзинад. Нæ ацы къахдзæфтыл, кæй зæгъын æй хъæуы, Гуырдзыстон разы нæу, фæлæ мах ацы инженерон арæзтæдтæ кæй аразæм, уыдон Гуырдзыстонæн ницы тасдзинад хæссынц. Алкæцы паддзахадæн дæр ис бар, цæмæй йæ паддзахадон арæнтæ фидар кæна, хъахъхъæна сæ æппæт дунеон нормæтæм гæсгæ.

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн таможнæйон процедурæтæ фæхуымæтæгдæр кæныны фæдыл Президент банысан кодта, або-ны бон иууыл ахсджиагдæр проблемæ кæй у, амалиуæггæнджытæ сæ продукци Уæрæсейы территоримæ куы фæласынц, уæд кæй æмбæлынц зындзинæдтыл.

«Дзидза ласæн нæй «Россельхознадзор»-ы уылты, уымæн æмæ нæ территорийыл бынат уыд африкæйаг емынæйы фæзыныны цауæн. Нæ уæрæсейаг коллегæты кæронмæ фæнды базонын, канд йе скуынæг кæныны фæдыл æппæт профилактикон мадзæлттæ æрцыдысты æви нæ. Фарсты фæдыл кусы, æрæджы цы структурæ баконд æрцыд, уый –  «Югоссельхознадзор», æмæ мæ ныфс ис, ацы фарст æввахс рæстæджы скъуыддзаг кæй æрцæудзæн», –  дзырдта Президент.

Мæскуымæ йæ официалон балцы рæстæджы Бибылты Анатоли фембæлд Науруйы президент Барон Дивавеси Вакоимæ. Уый фæдыл информацион фæрæзты минæвæртты цымыдис кодта, фембæлды рæстæджы Науруйы раздзогимæ исты бадзырдтæ ист æрцыд, æви нæ. Президент радзырдта, зæгъгæ, Науруйы къухдариуæгад хуссарирыстойнаг фарсæн ныфс бавæрдта, даргъæмгъуыдон æмæ фидар хæларадон ахастытæ дыууæ бæстæты ‘хсæн кæй уыдзæн дунеон æмæхсæ-нады æндæвдадмæ æнæкæсгæйæ. Уый уыд фембæлды иууыл ахсджиагдæр фæстиуæг. Науруйы республикæ хайад исы бирæ дунеон организациты, уыцы нымæцы ИНО-йы сконды дæр. Æмæ нæ рады мах Науруйы президентæй райстам ныфсы ныхас, кæцыфæнды фæзуатыл дæр, Науру цы политикон фæзуатты исы хайад, уым кæй хъахъхъæндзысты Хуссар Ирыстоны интерестæ.

Фæстаг рæстæджы не ‘мбæстæгтæ цымыдис кæнынц Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты раздæры министр Къæбысты Георгийы æрцахсыны цаумæ, кæцы аххосджын цæуы йæ службæйон хæстæ фæуæлдæр кæныны хъуыддаджы. Президент ацы фарсты фæдыл банысан кодта, зæгъгæ, йын нæй политикон аххосæгтæ æмæ хисæрмагонд уаг.

«Æз политикæйы архайын 2008 азæй фæстæмæ, æмæ уыцы рæстæджы дæргъы мæн ничи фæазымджын кодта политикон аххосæгтæм гæсгæ  искæй фæдыл зилыны  хъуыддаджы. Ис ахæм фарстытæ, æмæ сын хъæуы дзуапп радтын, оперативон æмæ фæдагурæн органтæм ис хъæуæг æрмæг, хъæуы йыл бакусын, рæгъмæ рахæссын æмæ йын саргъ кæнын», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Уæрæсейы Федераци нын нæ паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта, уыцы историон цауыл фидæн аз æххæст кæны дæс азы. Уыцы юбилейон бæрæгбонмæ Президент Бибылты Анатоли фæхуыдта Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддаг суаид нæ бæстæйæн егъау политикон æмæ историон цау.

Дыууæ бæстæйы президенттæ сæ фембæлды рæстæджы кæрæдзийæн бакæнынц зæрдылдарæн лæвæрттæ. Ацы фембæлд дæр æнæ зæрдылдарæн лæвæрттæй нæ уыд.

Бибылты Анатоли банысан кодта, Владимир Путины лæварæн кæй ис историон нысаниуæг. Балæвар ын кодта инæлар Хæбæлайы фырты хæстон æхсаргард. Йæ рæстæджы Хæбæлайы фырт командæ кодта Уæрæсейы империйы æфсæддон ахуыргæнæндонæн æмæ йæ фæстæ ныууагъта хорз фæд Уæрæсейы паддзахады историйы. Уый лæвæрд æр-цæудзæн республикæйы Националон музеймæ.

Йæ рады Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Владимир Путинæн балæвар кодта Сыгъдæг Александр Невскийы уазныв. Александр Невскийæн йæ нана уыд ирон – Мария Ясыня. Мария уыд Стыр князь Владимир Всеволоды цардæмбал. Ацы лæвар нысан кæны Уæрæсе æмæ Ирыстоны æмбæстæгты æнусон иудзинад.

Пресс-конферецийы рæстæджы ма Президент дзуаппытæ радта журналистты æндæр цымыдисгæнæг фарстытæн, кæцытæ хаудтой республикæйы алы фадгуыты рæзтмæ.

Къæбулты Маринæ,

Танделаты Вилена.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.