Нæ уарзон ирон газет «Хурзæрин» акъахдзæф кодта йæ æнусы сæрты. Йæ уæхсджытæм цы стыр уаргъ райста, уый æнусы дæргъы хæссы сæрыстырæй царды гуылфæнты алы рæстæджыты йæ къуыстхъом коллективы руаджы.
Зæрин хуры тын алы ирон хæдзармæ дæр хæссы фарны хабæрттæ, нæ уадзы мæлын мадæлон æвзаджы, ирондзинад, нæ фыдæлты фарн æмæ нæ кадджын æгъдæутты.
Æхсæнадон – политикон газет ахадæн куыст кæны алы рæстæджы дæр. Уымæ гæсгæ 1973 азы хорзæхджын æрцыд «Кады Нысан»-ы орденæй. 2022 азы та – Хуссар Ирыстоны уæлдæр хорзæх «Кады Орден»-æй.
Газеты нысаниуæджы, ныры дуджы йæ ахадындзинады тыххæй нын нæ бахæлæг кодтой сæ уæздан æмæ цæстуарзон фæндиæгтæ:

Хъодалаты Хансиат, РХИ-йы сгуыхт журналист, ХИПУ-йы журналистикæйы кафедрæйы сæргълæууæг:

Фарн – уемæ!

Ивгъуыд æнусы райдиан Хуссар Ирыстонæн ссис дзыллон информацийы фæрæзты райрæзты рæстæг. Æхсæнадон-политикон царды ивындзинæдтæ æвзæрын кодтой ног хъуыдытæ, ног нывæзтытæ. Уый та æндæвта журналистикæйыл, уымæн æмæ газетты фæрстыл цыд, сæйраджыдæр, уынаффæ сæвзæргæ ахсджиаг фарстытыл. Афтæ рухсмæ фæзынд нæ юбиляр – газет «Хурзæрин» дæр.
Абоны бон дзыллон информацийы фæрæзтæн иттæг стыр нысаниуæг кæй ис, уый сусæггаг никæмæн у. Уыдонæй адæймаг исы ахсджиаг информацийы фылдæр хай, æндавынц ын йæ зондахастыл, æххæст кæнынц æхсæнархайæджы функцитæ хицауад æмæ æмбæстæгты ‘хсæн. Газет «Хурзæрин» дæр рагæйфæстæмæ уыд бынæттон æмæхсæнады иугæнæг æмæ царды гуылфæнты йе ‘мдзугæнæг. Уый канд информацион функцитæ не ‘ххæст кодта, фæлæ ма кодта хъомылгæнæн куыст дæр: уæлдай хъусдард здæхта монон-хæрзæгъдауон хъомылады фарстытæм.
Cæдæ азы дæргъы газет федта Советон Цæдисы сырæзт æмæ йæ ныппырх, Хуссар Ирыстоны националон-сæри-баргæнæн тох æмæ нæ паддзахады банымад. Газеты бындурæвæрджыты ‘хсæн уыдысты ахæм зынгæ гоймæгтæ, куыд Плиты Арон, Тыбылты Алыксандр, Беджызаты Чермен æмæ æндæртæ. Не сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæй стæм разындзæн, йæ рæстæджы газеты редакцийы чи нæ бахъиамæт кодта. Мæхицæн дæр мæ профессионалон цард ацы газеты райдыдта. Мæ размæ та дзы сæ фæллойадон фæндагыл рацыдысты мæ ныййарджытæ – ирон поэзийы классик Хъодалаты Герсан æмæ зынгæ прозаик Наниты Асиат.
Cæрмагондæй мæ фæнды, мадæлон æвзагмæ ахасты ирон газет цы ахсджиаг бынат ахсы, уый тыххæй зæгъын. Публицистон дзырд газеткæсæджы зондыхъæдыл иттæг кæй æндавы, уымæ гæсгæ йын уæлдай стыр тых ис: йæ бон у, æгæрыстæмæй, хæст дæр расайа æмæ йæ стæй уромгæ дæр æркæна. Журналисты дæсныйад – коммуникацитимæ куыст – у хихуызон аивад, цыран алы дзырд дæр хъуамæ уа дырыс æмæ тадзгæ-баргæ. Уымæ гæсгæ газеты кусджытæ сæ хæсыл нымайынц мадæлон æвзаг лæмбынæг ахуыр кæнын, цы ногдзинæдтæ дзы фæзыны, уыдон хынцын, йæ мидварн ын хъахъхъæнын. Фидарæй зæгъæн ис: ирон газет у ахæм æхсæнадон мæцъис, кæцыйы фæрцы бирæбæрцæй хъахъхъæд цæуынц литературон æвзаджы нормæтæ, иумиагæй бæрзонддæр кæны дзыллæты культурæйы æмвæзад. Бынæттон ирон газеты нæ дзадджын мадæлон æвзагыл уынаффæ цæуы Ирыстон æмæ дунейы æрвылбонон хабæрттыл, æхсæнадон-политикон æмæ социалон-экономикон царды æппæты актуалон æмæ риссагдæр фарстытыл. Уыимæ иумæ газет бæстонæй æвдисы культурон-рухстауæн тематикæ дæр, кæцы ахъаз кæны ирон адæмы монон æнгомдзинадæн.
Ивгъуыд æнусы 90-æм азты райдианы Гуырдзыстоны раздæры сæргълæууæг Э. Шеварднадзе афтæ куы загъта, Хуссар Ирæн, дам, информацион хæст фембылдыстæм, уæд уыцы бæрнон хъуыддаджы стыр хайбавæрд уыдис нæ ирон газетæн дæр. Уыцы рæстæджы хуындис «Советон Ирыстон».
Информацион технологиты райрæзтимæ газеткæсджыты бæрæг хай атындзыдтой интернет-ресурстæм. Иу хай та дзы фылдæрбæрцæй телеуынынадмæ фæкæсынц. Уымæ гæсгæ нæ газеттæ ныртæккæ бынтон бабæллинаг уавæры не сты. Фæлæ нæ иунæг ирон газеты коллектив зындзинæдтæй никуы фæтарст, абон дæр ныфсджынæй архайы сæ ныхмæ фæлæууыныл газеты сæйраг редактор Дамбегты Иринæйы сæргълæудæй æмæ дарддæр кæны рауагъды 100-азон бæркадджын традицитæ.
«Хурзæрин»-ы юбилейы цытæн мæ фæнды газеты кусджытæн се ‘ппæтæн дæр зæрдæбынæй раарфæ кæнын. Æнæниз, æнæмаст æмæ æнтыстджын ут кæддæриддæр! Фарн – уемæ!

Æнтыстытæ æмæ хорз хабæрттæ хæссут

Джиоты Аленæ, газет «Южная Осетия»-йы редакторы хæдивæг:

– Газет «Хурзæрин» рацыд рæзты дæргъвæтин фæндæгтыл, ныфсджынæй акъахдзæф кодта æнусы сæрты. Сæдæ азы дæргъы Хуссар Ирыстоны æрцæугæ ахсджиаг цаутæ уацхæсджытæ газеты фæрстыл кæсæджы размæ хæссынц. Æвзонг паддзахады рæзтмæ стыр хайбавæрд чи хæссы, уыцы æмбæстæгтимæ йæ зонгæ кæнынц.
Газет сырæзт вазыгджын историон рæстæджы. Куыстой дзы интеллигенцийы бындурон минæвæрттæ. Уыдон æмбæрстой уыцы вазыгджын рæстæджы сæ нацийы идеологийы нысаниуæг.
Газет «Хурзæрин» йæ фæзындæй фæстæмæ у социалон-экономикон, политикон æмæ республикæйы æхсæнадон царды информацийы ахсджиаг ратæдзæн.
Æрмæстдæр националон информацион фæрæзтæ размæ кæнынц мадæлон æвзаг, удæгас æй кæнынц, ахъаз сты националон культурæ, аивад æмæ традицитæ пропагандæ кæнынæн. Уыцы хъуыддаджы «Хурзæрин» – ы кусджытæ æххæст кæнынц ахсджиаг æмæ вазыгджын мисси.
Газет йæ фыццаг фæзындæй бæрæг фæивта, фæивта йæ стиль, æрмæджыты арæзт, фæлæ æнæаивгæ баззад газеты сфæлдыстадон удварн, цауты объективон æвдыст æмæ газет кæсæгмæ егъау хъусдард.
Ныртæккæ «Хурзæрин» дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн æмæ информацион фадыджы гуымир конкуренцийы уавæрты редакцийы кусджыты профессионалон командæйы руаджы фидарæй хъахъхъæны йæ позицитæ.
Стыр бузныджы ныхæстæ сымахæн! Интернеты уавæрты иттæг хорз фадæттæ ис максималон æгъдауæй информаци оперативонæй дæттынæн. Фæлæ уын уæддæр мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй «Хурзæрин» дарддæр дæр уæвынад кæна мыхуыры фæрæзтимæ, уыдон сты нæ азфысджытæ æмæ сыл хъуамæ аудæм.
Æнтыстытæ æмæ позитивон ног хабæрттæ хæссæг ут кæддæриддæр!

Рухстауæн куыст кæнут

Бекъойты Мая, Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы уæнг, Зонад-иртасæн институты литературæйы хайады кусæг:

– «Хурзæрин» у иууыл рагондæр мыхуыры фæрæз. Уый хуымæтæджы нæу. Газетæн ис йæхи табугæнджытæ, уыдон нымæцы мæхæдæг дæр æмæ мæ бинонтæ дæр. Мæ ныййарæг мад газеты алы номыр дæр бафæрсы фыццаг фарсæй суанг фæстаг дамгъæйы онг. Мæ фыццаг æмдзæвгæйы рæнхъытæ дæр дзæнæттаг Гобозты Валерийы редакцигондæй мыхуыры рацыдысты газет «Хурзæрин»-ы.
Газетæн ис йæхи табугæнджытæ, æнæрхъæцæй фенхъæлмæ кæсынц, радон номыр рухс кæд фендзæн æмæ цы ног æмæ цымыдисон хабæрттæ рахæсдзæн рæдауæй кæсæджы размæ, уымæ. Ныры дуджы хынцыд цæуы ахæм тенденци дæр, æмæ цасдæрбæрцæй уæлæхох кæнæм нæ мадæлон æвзагыл, уый раст у, адæймаг цал æвзаджы зоны, уал адæймаг у. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр нырма хъуамæ дæхи æвзаг зонай æмæ стæй дæ бар дæхи – цал æвзаджы ахуыр кæныс, уымæн. Хатт мæм афтæ фæкæсы, цыма, нæ мадæлон æвзаг нæ, фæлæ сæйраг бынаты æндæр æвзаг ис.
Газет «Хурзæрин» Хетæгкаты Къостайы премимæ æвдыст кæй æрцыд, уый тынг раст æмæ рæстæгыл хъуыддаг у. Иунæг ирон газет æнусы дæргъы адæмы ‘хсæн, Къостайау, кæны рухстауæн куыст, æмæ у уыцы бæрзонд премийы аккаг.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.