Нæ республикæйы арæзтадон процесс фæстаг азты тагъддæр темптæй кæй цæуы, уымæ гæсгæ йæ куысты гуырахст фылдæр кæны Экологион, технологион æмæ арæзтадон хъусдарды комитетæн дæр. Ивгъуыд азы сын саразын цы бантыст, уыдæттыл ацы бонты дзырд цыдис ведомствойы хыгъдон æмбырды.

Комитеты сæргълæууæг Къуылыхты Таймураз куыд радзырдта, афтæмæй комитет цæмæй йæ функцитæ æххæст кодтаид, уый тыххæй бакуыста хъæуæг дæлзакъонон нормативон акттæ, кæцыты фæстæдæр сфидар кодта республикæйы Хицауад. Афтæ ма бакуыста «Республикæ Хуссар Ирыстоны капиталон арæзтады объектты арæзтад, реконструкци æмæ капиталон цалцæджы къабазы бархалынæдты фæдыл административон бæрндзинады тыххæй» РХИ-йы закъоны проектыл æмæ йæ сфидар кодта Парламент.

Комитеты экологион хайад ивгъуыд аз, Къуылыхы фырты ныхæстæм гæсгæ, ауагъта хъусдарæн мадзæлттæ ахæм арæзтадты, куыд гуырæн хæдзары, паддзахадон драмон театры, Гуыбаты æфсымæрты æмæ Хъайтарты уынджы арæзтцæуæг хæдзæртты æмæ уазæгдон «Ирыстон»-ы. Басгæрстыты фæдыл арæзт цыдысты акттæ æмæ сын лæвæрд æрцыд 7 бацамынды, цы цухдзинæдтæ рабæрæг, уыдон аиуварс кæныны тыххæй.

Сæрмагонд хъусдард здæхт цыд, цардуагон æмæ арæзтадон брæттæ кæм не ‘мбæлы, ахæм бынæтты сæ калыны цаутæм.

Сæ рабæрæг кæныны фæдыл, арæзт æрцыд 23 акты. Æнæсанкцигонд брондæттæ организаци кæнын абоны бонмæ дæр у æрдз хъахъхъæныны къабазы иууыл арæхдæр бархалынæдты хуызтæй сæ иу. Брæтты калынц, бынтондæр кæм не ‘мбæлы, ахæм рæтты. Ахæм территоритæ æмбæрзт не сты, нæй дзы специалисттæ, кæцытæ сæ хъус хъуамæ дариккой брæтты æмбæлон уагыл калынмæ. Ахæм брондæтты калынц куыд цард-уагон брæттæ, афтæ арæзтадон згъæлæнтæ дæр. Калынц сæ цæрджытæ дæр æмæ куыстуæттæ, организацитæ дæр. Ахæм æнæсанкцигонд брондæтты сырæзты сæйрагдæр аххосæгтæ сты брæттæ æмбырд кæнын æмæ сæ ласыны фæдыл куыст не ‘ххæст кæнын. Бирæ хатт арæзтадон згъæлæнты ласджытæ нæ бахæццæ кæнынц официалонæй арæзт полигонтæм, афтæмæй сæ акалынц цæрæн бынæттæм хæстæг. Ацы проблемæмæ æмбæлон ахаст нæ дарынц цæрджытæ дæр. Хъæуы ахъуыдыгонд комплексон план саразын брæтты æнæмбæлон бынæтты калыны тыххæй. Уыимæ ма хъæуы æмбарынгæнæн куыст кæнын, цæрджыты æмæ куыстуæтты коллективты ‘хсæн. Алфæмблай æрдз хъахъхъæныны æмæ æрдзæй пайда кæныны къабазы рабæрæггонд бархалынæдты фæдыл та арæзт æрцыд 15 суагъæйы. Административон бархалынæдты тыххæй баконд æрцыд 13 хъуыддаджы, райстæуыд 18 уынаффæйы административон æфхæрд радтыны тыххæй. Иварты иумиаг суммæ, комитеты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, уыд 1 милуан 256 мин сомы.

РХИ-йы прокуратурæйы барамындмæ гæсгæ, къахгæ хъæздыгдзинæдтæй, уыцы нымæцы минералон дæттæй дæр пайда кæныны къабазы закъондæттынад куыд æххæст цæуы, уымæ хъусдард здахгæйæ, экологийы хайады сæйраг специалист басгæрст ауагъта 8 дурцъæлгæнæны.

Къуылыхты Таймуразы хъуыдымæ гæсгæ, арæзтадон куыстыты гъæд зынгæ фæхуыздæр ис. Афтæ ма фæбæрзонддæр арæзтады æмгъуыдтæ хъахъхъæныны фæдыл хæс-лæвæрдтæ æххæст кæныны æмвæзад дæр. «Кæй зæгъын æй хъæуы, нырма ис, цæуыл куыстæуа, уый, фæлæ 2018 азы бакæнгæ арæзтадон куыстыты гъæд уыйразмæ азтимæ абаргæйæ, уыдис хуыздæр», – загъта комитеты сæрдар. Уымæн бирæбæрцæй ахъаз кодтой республикæйы Хицауады райсгæ мадзæлттæ. Цæвиттон, сæ куыстытæ гъæдджынæй чи не ‘ххæст кодтой æмæ арæзтады сфидаргонд æмгъуыдтæ чи хæлдтой, уыцы чысыл подрядон организацитæ иуварс æрцыдысты арæзтадон процессæй, кæнæ та баконд æрцыдысты егъаудæр арæзтадон организациты скондмæ.

Арæзтады къабазы уавæр фæхуыздæр кæнынмæ, Къуылыхы фырт куыд загъта, афтæмæй йæ хайбавæрд хаста йæ комитет дæр. Уый ахсджиагыл банымадта, ведомствойы æххæстбартæ кæй рауæрæх сты, уый. Комитеты тыххæй уагæвæрдмæ бахастæуыд ивындзинæдтæ æмæ сын раздæр кæд бар нæ уыд подрядон организацитыл иварон санкцитæ сæвæрын, уæд ныр уыцы фарст æвæрццагæй скъуыддзаг æрцыд æмæ фæахъаз комитеты куыст фæэффективондæр кæнынæн.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.