Профцæдисæн стыр у йæ ахадындзинад, уый æдзухдæр хъахъхъæны æмбæстаджы рæстагон бартæ, йæ куысты бынатæй йæ ма фæиппæрд кæнын, стæй сæ ифтонг кæны санаторитæ, улæфæн хæдзæрттæм балцæгтæй æмæ афтæ дарддæр. Иудзырдæй, профцæдис кæддæриддæр лæууыд æмæ абон дæр лæууы фæллойгæнæг æмбæстаджы æнцой æмæ уый фæстиуæгæн рогдæр кæнынц сæ цардуагон уавæртæ. Хуссар Ирыстоны дæр Профцæдисон организаци раджы фæзынд, фидæнмæ йæ сырæзтыл æххæст кæны 95 азы æмæ йæ банысан кæндзысты цытджын æгъдауæй. Кадджын фæндагыл рацыд уыцы дæргъвæтин рæстæджы, æмæ йæ хæрзиуæгон архайд абоны бон дæр кæны цæсгомджынæй. Раст у, дуджы зыгъуыммæ фæзылд мæгуырауæрдæм бандæвта йæ куыстыл, фæлæ уæддæр коллектив лæууы хъæддых æмæ тырны бонхуыздæр архайдмæ. Ацы аз марты мæйы кæрон сын уыд радон хыгъдон-æвзарæн конференци, цыран æрдзырдтой, фæстаг фондз азы дæргъы цы куыст бакодтой, цахæм фæстиуджытæ бафтыд сæ къухы, стæй ма сын цы нæ бантыст, æппæт уыдæттыл. Раздæрау сæ нысæнттæ баззадысты ахæм хуызы, нæ фæныллæгдæр сты æмæ уымæ гæсгæ архайдзысты æмбæстæгты интерестæ хъахъхъæныныл. Хуссар Ирыстоны Профцæдисы архайдыл æппæрццагæй бандæвта Цæдисы фехæлд, стæй нæ республикæйы дæргъвæтин рæстæджы цы хæст цыд æмæ цы фыдæвзарæнты бахауд, уыдæттæ. Бирæ куыстуæттæ æмæ уагдæттæн сæ куыст æрлæууыд æмæ уый та æнæ бандавгæ нæ фæци Профцæдисы нысанмæздæхт куыстыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Профцæдисы советы сæрдар Джергаты Жаннæ куыд радзырдта, афтæмæй кæд Советон Цæдисы рæстæджы Профцæдисы сконды уыд 40 мин уæнджы, уæд ныртæккæ та уыцы нымæц у æрмæстдæр 3 мины. Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй уымæн ис куыд объективон, афтæ субъективон аххосæгтæ дæр. Фыццаг аххосагыл банымайын хъæуы, нæ сæудæджерадон куыстуæттæ кæй нал кусынц, йæ кусджыты нымæц кæй скадавар. Иннæмæй та цæрджыты нымæц дæр зынгæ фæкъаддæр. Уымæ гæсгæ æмбæстæгтæ профцæдисты скондæй рацыдысты.

– Фæлæ уæддæр, уыдæттæм нæ кæсгæйæ, махæн бантыст профцæдисон организацитæ æмæ сæ уæнгты иу къорд бахъахъхъæнын,- банысан кодта Джергаты чызг. – Раст у, нæ уæнгты нымæц чысыл у æмæ уымæй нæ раппæлдзыстæм, фæлæ абон профцæдисон организацитæ сæндидзын кæнын у тынг зын. Ныртæккæ нæм цы уæнгтæ ис, уыдон сты горæты æппæт скъолатæй, стæй сты стабилон æмæ профцæдисы скондæй нæ рацæудзысты. Уыдонæн алы хатт дæр хъахъхъæнинаг сты сæ бартæ æмæ сын сæ æххæст дæр кæнынц, бакæнынц ма сын материалон æххуыс дæр. Джергаты чызг раппæлыд, сæ дæлбар кæй ис Культурæйы профцæдисон организаци, бирæ азты дæргъы йæ сæргъ лæууы йæ куыстыл æнувыд адæймаг Гасситы Азæ Дауыты чызг. Уый æдзухдæр бæрæг кæны йæ организациты куыст æмæ архайд, балæууы се ‘нцой æмæ уæд æнæмæнг æнхъæлмæ кæсæн ис хорз фæстиуджытæм дæр. Уымæй дарддæр ма профцæдисы сконды сты бюджетон организацитæй дæр, фæлæ, хъыгагæн, сæ нымæц у бынтон кадавар, æрмæстдæр сты 15. Афтæмæй та нæм бюджетон организацитæ ис дзæвгар æмæ хорз нæу, профцæдисон организацитæ сæм кæй нæ уæвынад кæны, уый. Хъæды хæдзарады комитет, Хъæууон хæдзарады министрад, Æрдзон ресурсты комитет уыдысты не сконды, фæлæ цасдæр рæстæджы фæстæ рацыдысты не скондæй, йæ аххосаг уыд æрмæстдæр иу-финансон фарст,- бафиппайдта Джергаты Жаннæ. Афтæмæй та æмбæстаг йæ мыздæй уæнгон фиддон фыстаид æрмæстдæр иу процент.

Кæй зæгъын æй хъæуы, профцæдисы сконды чи нæ ис, уыдонæн сæ бартæ дæр ма хъуамæ хъахъхъæниккам. Фæлæ нын нæ цæсгом уый бар нæ дæтты æмæ уæддæр лæууæм сæ фарсмæ, баххуыс сын кæнæм бахъуыды рæстæджы. Уыдон та вæййынц, кусæджы йæ куыстæй ссæрибар кæнын, улæфты фарст, куыстæй йæ сифтонг кæнын æмæ æндæр ахæмтæ. Куыстуæттæ æмæ уагдæтты разамонджытæ лæмбынæг байхъусынц нæ фиппаинæгтæм æмæ сын иумиаг тыхтæй сæ фарст æвæрццагæй аскъуыддзаг кæнæм. Сæ хъæстытæ вæййынц куыд фысгæйæ, афтæ дзыхы ныхасæй дæр. Зæ-гъын хъæуы, Уæрæсейы Федераци æмæ РЦИ-Аланийы сæйраг горæт Дзæуджыхъæуы ис, фæллойгæнæг æмбæстæгты бартыл кæм дзурынц, ахæм – куыстæй сифтонг кæнын æмæ уый хъахъхъæныны министрад. Фæлæ раздæр махмæ ахæмæй ницы уыд, æрмæст нæм уæвынад кодта профцæдисы хайад, цы фæрæзтæ нæм цыд, уыдон фæрцы нæм уыд штат дæр æмæ йæ архайд æххæст кодта. Фæлæ нæм цалдæр азы размæ байгом Куыстæй ифтонг кæныны комитет æмæ иумæ архайæм æмбæстæгты бартыл.

Арæх нæм æрбацæуы, баулæфын кæй фæнды, ахæм адæймæгтæ дæр. Раздæр сæ æрвыстам куыд нæхи улæфæн бынат «Нагутни», афтæ «Тæмискъ», «Урсдон», Кавказы Минералон дæттæм 20 проценты хатыртимæ. Фæлæ ныр афтæ нал у, балцæджы аргъ хъуамæ бафида улæфæг адæймаг йæхæдæг.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.