Куыд зонæм, афтæмæй нæ рес­публикæмæ кусæгон балцы æр­цыд Абхазы республикæйы Сы­вæл­лæт­ты барты фæдыл æххæс­т­барджын Мактина Джин­джолия.
Хуссар Ирыстоны йæ кол­легæ Джи­оты Аэлитæимæ иумæ ба­бæрæг кодтой сывæллæтты уаг­дæт­тæ. Сæхи цæстæй федтой, сы­вæл­лæтты бартæ куыд хъахъ­хъæд цæуынц Хуссар Ирыстоны. Цы фæлтæрддзинад ис сæ дыу­уæмæ дæр, уый нæ бахæлæг кодтой кæ­рæдзийæн. Дарддæр куыд кус­дзысты, цы ногдзинæдтæ хæс­дзыс­ты сæ куыстмæ, сывæл­лæтты рæ­сугъд фидæны сæраппонд, æр­дзырдтой уыцы фарстатыл дæр.


Уымæй дарддæр ма дыууæ рес­публикæйы омбудсментæ сæ къух­­­­­тæ бафыстой кæрæдзи йы æм­ба­рынад æмæ æмгуыст­кæ­ны­нады тыххæй меморандумыл.
Мактина Джинджолия стыр буз­ныг загъта Джиоты Аэлитæ æмæ æп­пæт ирон адæмæн, хъарм ахаст сын кæй ис абхазаг адæм­мæ, уый тых­хæй. «Бирæ азты нæ адæмты ‘хсæн цы æфсымæрон ахас­­тытæ ис, уыдон фæцудын ма­ хъуамæ бауадзæм. Ацы фарс­ты фæдыл æз мæ зæр­дæ дарын аб­хазаг адæ­мыл. Сымах дæр иттæг хорз æмæ фæлмæн ахаст дарут Абхазы рес­публикæмæ. Дарддæр дæр тæлм абадын ма бауадзæм уыцы хæ­лар­дзинадыл æмæ æм­дзу кæнæм размæ, ног­дзи­нæдтыл æнцо­йгæнгæ», – дзырдта Абхазы рес­публикæйы президенты цур Сы­вæл­лæтты бартæ хъахъ­хъæ­ныны фæдыл æх­хæстбарджын Мактина Джинджолия.
Уый ма хайад исдзæн Æх­сæ­надæмон медицинон конференцийы дæр.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.