РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли кусæгон визиты уыд Донецкы Адæмон Республикæйы. Йæ балцы сæйраг нысан уыд Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы ‘хсæн экономикон æмæ базарадон ахастыты рæзт.

Ногазон лæвары хуызы æмæ Донецкы цæрджыты хуссарирыстойнаг товартимæ базонгæ кæныны тыххæй Бибылты Анатоли йемæ аласта дзидзакуыстгæнæн завод «Растдон»-ы продукцийы егъау парти.

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг ма Донецкы Адæмон Республикæйы хъахъхъæнджытæн балæвар кодта æфсæддон уæлæдарæсы комплекттæ.

 

ХАЙАД РАЙСТА ДОНЕЦКЫ АДÆМОН РЕСПУБЛИКÆЙЫ ÆФСÆДДОН АХУЫРТЫ

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли Донецкы Адæмон Республикæмæ йæ кусæгон визиты фæлгæтты бабæрæг кодта ацы республикæйы сæрмагонд нысаниуæджы полчы раззагон позицитæ æмæ полигоны æфсæддон ахуырты, – уый тыхххæй хъусын кæны телеканал «Юнион».

Ногазон лæвары хуызы Бибылты Анатоли æфсæддон службæгæнджытæн æрласта зымæгон æфсæддон уæлæдарæсы комплекттæ æмæ дзидзакуыстгæнæн завод «Растдон»-ы продукци. Полигоны ахуырты райдианы размæ Донецкы Адæмон Республикæйы гимны æмрæнхъ айзæлыд Хуссар Ирыстоны гимн дæр. РХИ-йы Президент ныхас кодта Авдеевкæйы сæудæджерадон зонæйы районы позициты уæвæг батальон «Пятнашка»-йы хæстонтимæ. Ацы дæлхайы командир у Мамиты Олег, батальоны сконды бирæ ис бархионтæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй.

Телеканал «Юнион»-æн Мамиты Олег куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Донецкы Адæмон Республи-кæ æмæ Хуссар Ирыстоны æфсæддонтæ фæнд кæнынц дарддæр дæр æмгуыстад рæзын кæнын, сæрмагондæй, дзырд цæуы дыууæ республикæйы территоритыл иумиаг ахуыртæ ауадзыны тыххæй.

Бибылты Анатоли йæ визиты рæстæджы йæ донецкаг коллегæ Александр Захарченкоимæ уынаффæ кодта дыууæ республикæйы ‘хсæн æмгуыстады рæзты перспективæтыл. «Донецкы Адæмон Республикæмæ ме ‘рцыдæн ис кусæгон характер. Ацы республикæйы сæргълæууæгимæ æруынаффæ кодтам экономикæ, ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фадгуыты æмгуыстады перспективæтыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæнæн мæ бон не ссис, ацы зымæгон рæстæджы ам цы лæппутæ хæцынц, уыдонæн хъарм æфсæддон уæлæдарæс ма æрластаин æмæ семæ ма аныхас кодтаин. Мæнæн уый у тынг ахсджиаг», – банысан кодта Хуссар Ирыстоны Президент йæ интервьюйы донецкаг дзыллон информацийы фæрæзтæн. Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты алыварс уавæрæн комментаритæ кæнгæйæ, Бибылты Анатоли ноджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, йæ рæстæджы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы цы цаутæ цыдысты, уыдон ныртæккæ цæуынц Донбассы алыварс, уыдон баст сты кæрæдзиимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.