Ивгъуыд къуыри не ʻвзонг республикæйы райгуырæн боны цытæн уагъд æрцыдис бирæ алыгъуызон хиирхæфсæн мадзæлттæ, концерттæ.

Цæмæй нæ республикæйы æмбæстæгтæ хъæлдзæг æмæ райдзастæй арвыстаиккой сæ бæрæгбон, уый тыххæй мадзæлттæ уагъд цыдысты цалдæр боны дæргъы. Уыдон нымæцы – Æппæтадæмон фестиваль ИРОН РОК, кæцы уагъд æрцыдис ирон легендарон рок-къорд «Бонвæрон»-ыл 45 азы сæххæсты боны цытæн.

Ацы музыкалон бæрæгбонмæ не ʻмбæстæгтæ æнхъæлмæ кастысты æмæ йæм уый тыххæй æрбацыдис бирæ æндæр æмæ æндæр кары адæм. Концерт уагъд æрцыдис нæ горæты Алина Кабаевайы номыл спорты галуан «Олимп»-ы.

«Бонвæрон» тыхджын къухæмдзæгъдимæ сæххæст кодта ивгъуыд азты зарджытæ, афтæ ма сæ ногдæр музыкалон композицитæ дæр. Концертон программæйы ма сæ музыкалон номыртæ сæххæст кодтой Цæгат Ирыстон-Алани, Абхаз æмæ Донецкы Адæмон Республикæты æрыгон музыкалон коллективтæ æмæ рок-музыкæйы æххæстгæнджытæ.

Адæмы тыхджын къухæмдзæгъд æмæ эмоцитæм гæсгæ æнцон рахатæн уыдис, цхинвайлаг сценæмæкæсджыты зæрдæмæ кæй фæцыдысты, уый.

Æппæтадæмон рок-фестивалмæ ма æрбацыдис æмæ сын се сфæлдыстадмæ байхъуыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. Йæ раныхасы уый, фыццаджыдæр, алкæмæн дæр арфæ ракодта музыкæйы бæрæгбоны цытæн æмæ банысан кодта, фестивалмæ хорз сомбон кæй æнхъæлмæ кæсы, уый. «Уæ кармæ нæ кæсгæйæ, мæн фидарæй уырны, бирæ азты дæргъы ма нæ кæй рæвдаудзыстут уæ хорз сфæлдыстадæй, уый. Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ ацы фестиваль, кæцы организаци æрцыдис Президент Бибылты Анатолийы æххуысæй, суыдзæнис традицион æмæ Ирыстоны рок-музыкæйæн фæуыдзæн ахъаз», – загъта Пухаты Эрик.

Хицауады Сæрдар ма банысан кодта, зæгъгæ, фæсивæды хъæуы цайдагъ кæнын хорз, классикон музыкæйыл æмæ йæ цæмæй бауарзой æмæ райтынг уа, уый тыххæй та хъæуы æппæт дæр саразын. «Ацы рок-фестиваль сæвзæрын кодта хорз тæлмæнтæ æмæ уый та у рæзгæ фæсивæдæн тынг хорз дæнцæг», – загъта Хицауады Сæрдар.

Уый ма Президент Бибылты Анатолийы номæй арфæ ракодта «Бонвæрон»-ы коллективæн сæ юбилейы тыххæй æмæ сæ уый фæстæ схорзæхджын кодта «Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист»-ы кадджын номæй.

Концерты фæстæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстон- Аланийы сгуыхт артист Харебаты Тимур дæр йæхи æмæ музыкантты номæй стыр бузныджы æмæ арфæйы ныхæстæ загъта, фестиваль ауадзыны хъуыддаджы хайад чи райста, æппæт уыдонæн. Хицæнæй ма стыр бузныджы ныхæстæ загъта нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн, ахæм мадзал ауадзынæн сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.