Бибылты Анатоли Ильяйы фырты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бынатмæ кандидатæй срегистраци кæныны тыххæй

«Республикæ Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъонмæ гæсгæ Республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон» Бибылты Анатоли Ильяйы фырт Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бынатмæ кандидатæй раразмæгонд кæй æрцыд, уыцы фæтк æмæ регистрацийы тыххæй хъæуæг документтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 27, 28, 29 уацтæм гæсгæ сбæрæг кæнгæйæ, республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис уынаффæ кæны:

  1. Бибылты Анатоли Ильяйы фырт, 1970 азы гуырд, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар, Республикон поли-тикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы уæнг, республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы сæрдар, кæцыйы раразмæ кодта республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон» регистраци æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бынатмæ кандидатæй 2017 азы 2 марты 14 сахат æмæ 30 минутыл.
  2. Бибылты Анатоли Ильяйы фыртæн лæвæрд æрцæуæд регистрацийы тыххæй сфидаргонд хуызы бæлвырдгæнæн.
  3. Ацы уынаффæ мыхуыр æрцæуæд дзыллон информацион фæрæзты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон

æвзарæн къамисы  Сæрдар Плиты Белæ

Республикæ Хуссар Ирыстионы Централон

æвзарæн къамисы  нымæрдар Аулохты Кристинæ

г. Цхинвал,

2017 азы 2 март

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.