Республикæйы мидхъуыддæгты министрады куыстæн ис стыр нысаниуæг паддзахадон арæзтады, ахъаз у стабилондзинад æмæ сабырдзинад бахъахъхъæнынæн. Уый тыххæй Президент Тыбылты Леонид дзырдта ведомствойы минæвæрттимæ йæ фембæлды рæстæджы.

«Мидхъуыддæгты министрад йæ сырæзты бонæй фæстæмæ æххæст кæны йæ разылæууæг хæстæ. Ведомствойы куыст æртæ азы размæ куыд уыди, уыимæ куы абарæм, уæд махæн нæ бон у фидарæй зæгъын, абон махæн нæ къухы кæй бафтыд сабырдзинад, махæн нæ бон у нæхи æмæ нæ сывæллæтты фидæныл хъуыды кæнын», – загъта уый.

Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, барадхъахъхъæнæг ведомствойы кусджытæ æнæсцухæй кæй хъуамæ æххæст кæной, сæ уыцы сæйраг хæс у стабилондзинад æмæ сабырдзинад хъахъхъæнын.

«Мах хъуамæ архайæм архайæг закъондæттынадмæ гæсгæ æмæ йе ‘ппæт пункттæ дæр хъуамæ æххæст цæуой», – загъта Президент.

Тыбылты Леонид ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ацы системæйы куысты дæр æнæ цухдзинад нæ вæййы.

«Æнæмæнгхъæуæг у фыдракæндтæ райхалыныл куыст адарддæр кæнын, кæцыдæр здæх-тыты куыст фæрæвдздæр кæнын», – банысан кодта уый.

Фембæлды рæстæджы ведомствойы кусджытæй «Милицийы инæлар-майоры» сæрмагонд уæлдæр ном райсынмæ кæй бавдыстæуыд, уыдон – Мидхъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг милицийы булкъон Уалыты Муртаз æмæ Мидхъуыддæгты управленийы хистæр, милицийы булкъон Наниты Игорь Президенты къухæй райстой уый тыххæй барамындтæ.

Уый фæдыл сын Тыбылты Леонид арфæ ракодта.

Фембæлды хайад райстой Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар, Æдасдзинады советы ны-мæрдар Плиты Анатоли, афтæ ма Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Тъехты Алан.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.