Цхинвалы хуыйæн фабрикæ БТК-4 ногæй кусын кæй райдыдта, уымæй бирæ фæрогдæр кодта, нæ республикæйы цæрджытæй ам чи фæллой кæны, уыдоны къух. Йæ байгомæй фæстæмæ ардæм кусынмæ æрбацыд бирæ адæймæгтæ æмæ сын ныр фенцондæр, фæллойадон фæндагыл та кæй слæууыдысты, уымæй. Цалдæр хатты уыдтæн ацы куыстуаты æмæ мæхи цæстæй федтон хуыйджыты хъазуатон архайд, бахæсгонд хъуыддагмæ бæрндзинады ахаст дарын æмæ сæ уый тыххæй кæддæриддæр здæхтæн райгондæй. Ацы хатт та мæ бацыды нысан уыд, цы нæлгоймæгтæ дзы кусы, уыдоны къухты ахастимæ базонгæ уæвын, нæ дызæрдыг кодтон, куыстуаты æнтыстмæ сæ хайбавæрд кæй хæссынц, ууыл æмæ нæ фæдæн фыдæнхъæл. Фыццаг уæладзыджы æрбынат кодтой нæлгоймаг хуыйджытæ, сылгоймаг хуыйджытимæ фæрсæй-фæрстæм æххæст кæнынц сæ разылæууæг хæстæ. Зæгъын хъæуы, фабрикæйы алы кусæгæн дæр ис дарæсы кæцыдæр операци æххæст кæнын æмæ сæ алчи дæр сæумæрайсомæй æрлæууы йæ куысты уæлхъус, зæрдиагæй бацархайы, боны дæргъы йын цы куыстытæ сæххæсткæнинаг ис, уыдон æвæстиат æмæ æнæкъуылымпыйæ ахицæн кæныныл. Уый уымæн, æмæ иумиагæй куысты размæцыд баст у, алы кусæг дæр йæ куыст æнæкъуылымпыйæ куыд æххæст кæна, ууыл.

Зæгъын хъæуы, нырма афтæ бирæ дæр не сты, фабрикæйы цы нæлгоймаг хуыйджытæ фæллой кæнынц, уыдон, фæлæ сæ иуæй дæр нæй рахъастгæнæн, се ’ппæт дæр æнкъарынц бахæсгонд хъуыддаджы тыххæй бæрндзинад æмæ сæ буц у куыстуаты разамынд. Бригадир Хуыбылты Неллийы куы афарстон нæлгоймаг хуыйджытæй, уæд йæ дзуаппæй бæрæг уыд, тынг райгонд сæ кæй у. Сæ æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй ныридæгæн сæхи бауарзын кодтой коллективæн, иумиаг хъуыддагыл размæ кæй хæцынц, уый тыххæй. Ахæмтæ сты Тедеты Таймураз, Дудайты Юри, Мæргъиты Тамерлан, Чугуты Витали, Уалыты Æхсар, Мулдарты Сослан, Къæбулты Æхсар, Багаты Ботаз æмæ Уалыты Рамаз. Куыд бакусай, ома, цас фылдæр операцитæ сæххæст кæнай, уыйбæрц фылдæр уыдзæн сæ мызд дæр. Уый зæрдыл даргæйæ сæ алчи дæр сæумæрайсом балæууы йæ куысты уæлхъус æмæ æнæзæрдæхудтæй бафæллой кæны суанг изæрмæ. Уымæ гæсгæ сæ мызд хатт схизы 30 мин соммæ дæр, ома, йæ къухты айст кæмæн цырддæр у, афтæ рауайы мæйы кæрон сæ мызд дæр.

Куы ныхас кодтон хуыйджытимæ, уæд дзуапп дæттой, сæ куыстæй æнæфæиппæрд уæвгæйæ. Уый та дзурæг уыд, алчи дæр сæ кæй тагъд кодта куыстытæ тагъддæр ахицæн кæныныл. Къæбулты Æхсар куыд загъта, афтæмæй ацы фабрикæйы кусы афæдзæй чысыл фылдæр, нырма йын бинонтæ нæй. Фæлæ нæ уарзы дзæгъæлы бадын, хуыздæр æм кæсы фæллойадон фæндаг æмæ æрбацыд ардæм. Æрдæг мæймæ фæцалх йæ дæсныйадыл æмæ ныр сæрибарæй æххæст кæны, цы куыст ын бахæс кæнынц, уый. Куыд кусы, афтæ вæййы йæ мæйы мызд дæр, астæуккаг нымадæй йын хæццæ кæны 15-18 мин соммæ. Уалыты Рамаз цалынмæ ацы куыстуатмæ кусынмæ не ’рбацыд, уæдмæ уыд Ирыстоны хъахъхъæнджыты рæнхъыты æмæ намысджынæй æххæст кодта райгуырæн Ирыстоны раз йæ хæс. Фæлæ иуахæмы, посты лæугæйæ, бахауд фыдбæллæхы, фæсахъатджын æмæ дарддæр нал сси йæ бон æфсæддон хæс æххæст кæнын. Куыстахуыр адæймагæн æгуыстæй бадын зын у, æдзухдæр фæллойадон архайдимæ фæдзуры йæ зæрдæ. Иугæр чысыл йе ’нæниздзинад фæхуыздæр, уæд æрбацыд фабрикæмæ æмæ йын амыдтой хуыйæджы сусæгдзинæдтæ. Зæрдæргъæвд лæппу дыууæ мæймæ фæцалх йæ дæсныйадыл æмæ ныр сæрибарæй æххæст кæны йæ хæстæ. Афтæ зæгъæн ис иннæ нæлгоймаг кусджытæй дæр, сты куыстуарзаг, цæсгомджын æмæ уымæ гæсгæ сæ куыстмæ нæ вæййы фау æрхæссæн.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.