Ныртæккæ нæ республикæйы цы ахсджиаг, æрбæстон æмæ аскъуыддзаггæнинаг фарстатæ ис, уыдон сты «Солнечный»-йы хиды æмæ дыккæгæм астæуккаг скъолайы арæзтæдтæ. Куыстытæ куыд æх­хæст цæуынц, уый знон бабæрæг кодтой паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан, Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Фыццаг бацыдысты хиды арæзтадмæ. Куыд зонæм, афтæмæй хиды цыппар быцæуæй иуы бындур бахордта дон, фæцудыдта æмæ хиды уæлцъар цалдæр раны аскъуыд. Цауы фæдыл Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы хайадистæй ауагъд æрцыдис цалдæр рабадты. Хайад сæ истой арæзтад æмæ хидарæзтадты дæсны специалисттæ. Хид ногæй аразинаг, кæннод та цалцæггæнинаг кæй у, уый бахынцыдтой æмæ йæ сæхгæдтой. Рабадтыты хайадисджытæ аскъуыддзаг кодтой хид сцалцæг кæнын. Уымæн æмæ йæ ногæй саразынæн бирæ рæстæг бахъæудзæн, аннæмæй та – бирæ фæрæзтæ. Уыцы фæрæзтæ хиды арæзтадыл хардз куы æрцыдаиккой, уæд æндæр арæзтæдты та хъуыд рæстæгмæ æруромын.

Разæнгардгæнæг азылд

Ацы бонты аразджытæ дон аздахдзысты иуырдæм æмæ æрæвналдзысты хидæн быцæутæ æвæрынмæ. Уыцы куыстытæ æххæст куы æрцæуой, уæд та æрæвналдзысты хиды бындурон быцæуы арæзтадмæ. Хуссар Ирыстоны ПУК «КомАвтодор»-ы хистæр Гæбæраты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй куыс­тытæ фæуыдзысты октябрь-ноябры мæ­йы æмæ «Солнечный»-йы цæрджытæ цæуын райдайдзысты хидыл.

Разæнгардгæнæг азылд

Уыимæ ма Гæбæраты Алан банысан кодта, зæгъгæ, цæмæй куыстытæ цæуой рæвдздæр, æнæкъуылымпытæй, уый тыххæй бынаты арæзт æрцæудзæнис, бетон кæм цæттæ кæной, ахæм бынат.

Уый фæстæ Президент Гаглойты Алан æмæ хицауады сæрдар Джусойты Константин бабæрæг кодтой Цхинвалы 2-æм скъолайы арæзтад. Ам кæд арæзтадон куыстытæ цалдæр къуырийы размæ райдыдтой, уæддæр ныридæгæн фесты бæстыхайæн йæ бындуры æмбис.

Разæнгардгæнæг азылд

Арæзтадон техникон нормæтæ æххæст куыд цæуынц уый тыххæй мын æдасдзинады техникæйы фæдыл инженер Томайты Вадим загъта, зæгъгæ, кусджытæ рæстæгæй-рæстæгмæ райсынц инструктаж. Кусынц сæрмагонд дарæсы. Уæзтæисæн техникæимæ чи кусы, уыдонмæ ис сæрмагонд ахуырдзинад.

Разæнгардгæнæг азылд

Уый фæстæ Президент Гаглойты Алан æмæ 2-аг астæуккаг скъолайы директор Михаилиди Ольгæ ныхас кодтой, скъолайы алыварс рæсугъд æмæ сыгъдæгдзинад, дон, хъæрмад æмæ электронон тыхы фарстытыл.

Президент Гаглойты Алан ма дзуаппытæ радта журналистты фарстатæн.

                                                                                               ГÆЗЗАТЫ Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.